Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 39:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Уӕд пехуымпар Исайа бацыди паддзах Езекиамӕ ӕмӕ йӕ фӕрсы: «Цы дын дзырдтой уыцы адӕм? Кӕцӕй дӕм ӕрбацыдысты?» Езекиа загъта: «Дард бӕстӕй мӕм ӕрбацыдысты, Вавилонӕй».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 39:3
15 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг Давидмӕ барвыста пехуымпар Натаны. Уый йӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Иу сахары уыди дыууӕ лӕджы, сӕ иу бонджын, иннӕ та мӕгуыр.


Уыцы заман зонынджын Ханани иудейаг паддзах Асамӕ ӕрбацыд ӕмӕ йын бауайдзӕф кодта: «Ды ныфсджын уыдтӕ Сирийы паддзахӕй. Дунедарӕгыл, дӕ Хуыцауыл, дӕ зӕрдӕ нӕ дардтай, ӕмӕ уый тыххӕй Сирийы паддзахы ӕфсад аирвӕзти дӕ къухӕй.


Зонынджын Йегу, Хананийы фырт, фӕндагыл йӕ размӕ рацыд ӕмӕ йын бауайдзӕф кодта: «Ау, дӕуӕн ӕмбӕлдис ӕнӕхуыцауӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ, Дунедарӕг ӕнӕуынон кӕмӕн у, уыдонимӕ лымӕн кӕнын? Уый тыххӕй дӕ Дунедарӕджы азар баййафдзӕн.


Дунедарӕг ӕм смӕсты ис, Йӕ пехуымпары йӕм арвыста, ӕмӕ йын уый загъта: «Цӕмӕн кувыс уыцы адӕмы хуыцӕуттӕм, уыдонӕн сӕ бон куы не сси сӕ адӕмы дӕ къухӕй фервӕзын кӕнын?»


Уыцы бонты Езекиа фӕци мӕлӕтдзаг рынчын. Амоцы фырт, пехуымпар Исайа йӕм ӕрбацыд ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг дын фӕдзӕхсы, дӕ хӕдзаронтӕн, дам, ныууадз ныстуан, уымӕн ӕмӕ мӕлӕтдзаг низӕй нал сдзӕбӕх уыдзынӕ».


Исайа та йӕ ноджыдӕр фӕрсы: «Дӕ галуаны цы федтой?» Езекиа йын дзуапп радта: «Ницы сӕ басусӕг кодтон. Мӕ галуаны ӕмӕ ме ’вӕрӕнты цыдӕриддӕр ис, уый сын равдыстон».


Фехъусын кӕнут адӕмтӕн, расидут Йерусалимы: «Дард бӕстӕй ӕрбацӕуынц ӕнӕнымӕц ӕфсӕдтӕ, Иудейы сахарты сӕ тохы хъӕртӕ хъуысынц.


Израилы хӕдзарвӕндаг, — зӕгъы Дунедарӕг, — дӕ ныхмӕ тох кӕнынӕн Ӕз дардӕй ӕрбакӕндзынӕн рагон ӕмӕ тыхджын адӕмы. Се ’взаг сын нӕ зоныс, ӕмӕ сын сӕ ныхӕстӕ не ’мбардзынӕ.


Дард бӕстӕй Мӕ адӕмы ӕрдиаг хъуысы: „Ау, Сионы Дунедарӕг нӕй? Ау, Паддзах дзы нал ис?“» «Цӕмӕн Мӕ мӕсты кодтой сӕ гуымирытӕй, ӕндӕрбӕстаг мӕнг хуыцӕуттӕй?»


Дунедарӕджы фӕндӕй уыл арвы кӕронӕй цӕргӕсау сӕхи ныццӕвдзысты, се ’взаг дӕр кӕмӕн не ’мбардзыстут, ахӕм адӕм,


Йешуамӕ ӕрбацыдысты Гилгалы рӕсӕнуатмӕ ӕмӕ йын Израилы адӕмы раз загътой: «Дард бӕстӕй уӕм курӕг ӕрбацыдыстӕм, цӕмӕй немӕ саразат сабырдзинады бадзырд».


Хиввӕгтӕ йын загътой: «Тынг дард бӕстӕй ӕрбацыдысты дӕ цагъартӕ, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, кой, Мысыры цыдӕриддӕр бакодта,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan