Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 39:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уыцы заман Баладаны фырт Меродах-Баладан, Вавилоны паддзах, фехъуыста, Езекиа кӕй фӕрынчын ӕмӕ йӕ низӕй кӕй сдзӕбӕх ис, уыцы хабар ӕмӕ йын лӕвӕрттӕ ӕрбарвыста фыстӕгимӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 39:1
11 Iomraidhean Croise  

Давид загъта: «Нахаш мын хорзы кӕй бацыд, уый тыххӕй йын йӕ фырт Хануны зӕрдӕ хъуамӕ истӕмӕй барухс кӕнон». Ӕмӕ арвыста йӕ дӕлдӕрты Ханунӕн йӕ фыды тыххӕй тӕфӕрфӕс ракӕнынмӕ. Давиды дӕлдӕртӕ фӕцыдысты аммонӕгты зӕхмӕ.


ӕмӕ йӕ фырт Йорамы паддзах Давидмӕ арвыста, цӕмӕй йын салам ратта ӕмӕ йын, Адад-Езерыл кӕй фӕуӕлахиз, уый тыххӕй арфӕ ракӕна. Уымӕн ӕмӕ Тои ӕмӕ Адад-Езеры ’хсӕн ӕдзухдӕр хӕстытӕ цыди. Йорам Давидӕн йемӕ сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ ӕрхуы дзауматӕ ахаста.


Ӕмӕ бирӕтӕ Йерусалиммӕ Дунедарӕгӕн хастой хуынтӕ, иудейаг паддзах Езекиайӕн та — зынаргъ лӕвӕрттӕ. Уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕмты ’хсӕн тынг скадджын ис.


Фӕлӕ Езекиа уыцы хорзӕхӕн аккаг аргъ не скодта, уымӕн ӕмӕ йӕхиуыл ӕгӕр фервӕссыд. Ӕмӕ йын уый тыххӕй йӕхи дӕр, стӕй Иудей ӕмӕ Йерусалимы дӕр Дунедарӕджы азар баййӕфта.


Езекиайы зӕххыл цы диссаджы хабар ӕрцыд, уый бӕлвырддӕр базоныны тыххӕй йӕм Вавилоны ӕлдӕрттӕ минӕвӕрттӕ барвыстой. Ӕмӕ йӕ уӕд Дунедарӕг ныууагъта, цӕмӕй йӕ бафӕлвара ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕйы ахаст раргом кӕна.


Рагуац Вавилоны тыххӕй, Амоцы фырт Исайайӕн Дунедарӕг рагагъоммӕ кӕй раргом кодта, уый.


Хуыцау Содом ӕмӕ Гоморрӕйау ныппырх кӕндзӕни Вавилон — паддзахӕдты фидыц, халдейӕгтӕ сӕрыстыр кӕмӕй сты, уый.


уӕд сымах уӕлахизы зарӕг ныззардзыстут, Вавилоны паддзахӕн фидис кӕнгӕйӕ: Не ’фхӕрӕг нал ис, не стигъӕг бабын ис!


Гъе уый дын халдейӕгты бӕстӕ! Йӕ кой дӕр нал ис. Ассириӕгтӕ йӕ, ӕдзӕрӕг быдыры цы хъӕддаг сырдтӕ цӕрынц, уыдоны бар бакодтой. Сӕхицӕн мӕсгуытӕ самадтой ӕмӕ йын ныппырх кодтой йӕ фидӕрттӕ, хӕлддзӕгтӕ йӕ фестын кодтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan