8 Ныртӕккӕ паддзах Ахазы конд асиныл дӕс къӕпхӕны бӕрц фӕстӕмӕ ссӕуын кӕндзынӕн хуры аууон». Ӕмӕ хур фӕстӕмӕ ссыди, цы дӕс къӕпхӕныл ӕрхызти, уыдоныл.
Уыцы бонты Езекиа мӕлӕтдзаг рынчын фӕци ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скуывта. Уый йын йӕ куывдӕн дзуапп радта ӕмӕ йын ӕвдисӕйнаг равдыста.
Езекиайы зӕххыл цы диссаджы хабар ӕрцыд, уый бӕлвырддӕр базоныны тыххӕй йӕм Вавилоны ӕлдӕрттӕ минӕвӕрттӕ барвыстой. Ӕмӕ йӕ уӕд Дунедарӕг ныууагъта, цӕмӕй йӕ бафӕлвара ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕйы ахаст раргом кӕна.
Езекиа йӕ низӕй куы сдзӕбӕх, уӕд ныффыста ацы куывд:
«Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй, ӕвдисӕйнаг ракур, фӕнды дӕлдзӕхӕй, фӕнды уӕларвӕй — уӕлдай нӕу».
Йесомӕ бацыдысты фарисейтӕ ӕмӕ саддукейтӕ ӕмӕ Дзы — Йӕ бафӕлварыны тыххӕй — домдтой, уӕларвӕй нын ӕвдисӕйнаг равдис, зӕгъгӕ.
Гедеон Ын загъта: «Кӕд мӕ Дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд мын исты нысан фенын кӕн, мемӕ Дӕхӕдӕг кӕй дзурыс, уый ӕвдисӕнӕн.