3 «О Дунедарӕг! Рох Дӕ ма уӕд, иузӕрдион Дыл кӕй уыдтӕн, уый. Зӕрдиагӕй Дӕм хъуыстон, ӕдзух Дын Дӕ фӕндон ӕххӕст кодтон». Ӕмӕ ныккуыдта.
Аврамыл нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз азы куы цыдис, уӕд ӕм Дунедарӕг ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ӕз Ӕппӕтхъомыс Хуыцау дӕн. Кӕс Мӕ коммӕ ӕмӕ у ӕнаипп!
Мӕнӕ Нойы царды хабӕрттӕ. Уыди йын ӕртӕ фырты: Сим, Хам ӕмӕ Йафет. Рӕстӕвзар лӕг уыди Ной, йӕ заманы адӕмы ’хсӕн — ӕнӕкъӕм. Царди Хуыцауӕн коммӕгӕсӕй.
Ӕрмӕст кувӕн къуыбыртӕ нӕ аивта. Фӕлӕ уӕддӕр Аса цӕрӕнбонты иузӕрдион уыди Дунедарӕгыл.
Уӕд Дунедарӕг сӕххӕст кӕндзӕн, зӕрдӕ мын цӕмӕй бавӕрдта, уый: „Дӕ фырттӕ раст фӕндагыл куы цӕуой, Мӕ сӕраппонд сӕ уд, сӕ зӕрдӕ рӕстаг хъуыддӕгтӕ кӕныныл куы хъарой, уӕд дӕ байзӕддӕгтӕ мыггагмӕ дӕр баддзысты Израилы паддзахы бадӕны“.
Езекиа, йӕ фыдӕл Давиды хуызӕн, Дунедарӕгӕн ӕхцон цы у, уыдӕттӕ кодта.
Ды дӕр, мӕ хъӕбул Соломон, зон дӕ фыды Хуыцауы ӕмӕ Йын кус зӕрдиагӕй, удуӕлдайӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыны алкӕй мидзӕрдӕ, зоны алы фӕнд. Куы Йӕ агурай, уӕд дын раргом кӕндзӕн Йӕхи, намӕ Йыл куы сыстырзӕрдӕ уай, уӕд та дыл бахъоды кӕндзӕни мыггагмӕ.
Мӕ фырт Соломоны иузӕрдион скӕн Дӕхицӕн, Де ’ппӕт фӕдзӕхстытӕ, уынаффӕтӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ Дын куыд ӕххӕст кӕна ӕмӕ, ӕрмӕг цы галуанӕн бацӕттӕ кодтон, уый куыд сараза».
Адӕм цин кодтой, Дунедарӕгӕн афтӕ зӕрдиагӕй кӕй хастой сӕ мысайнӕгтӕ, ууыл. Цинӕй ради паддзах Давиды зӕрдӕ дӕр.
Дунедарӕджы цӕстытӕ ӕгас зӕххыл дӕр ӕххӕссынц, иузӕрдион Ыл чи у, уыдонӕн ӕххуыс кӕны. Фӕлӕ ды ацы хатт тынг ӕнӕрхъуыды ми бакодтай, ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕ зӕххыл ӕдзухдӕр уыдзӕни хӕст».
Амациа Дунедарӕгӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ кодта, фӕлӕ Йыл бынтон иузӕрдион нӕ уыди.
Цалынмӕ Езра, зӕххыл ныддӕлгом ис, афтӕмӕй Хуыцауы раз куыдта ӕмӕ тӕригъӕдтӕ ӕргом кодта, уӕдмӕ йӕ алыварс ӕрӕмбырд ис бирӕ адӕм — израилӕгтӕ нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, сывӕллонӕй — ӕмӕ уыдон дӕр куыдтой ӕмӕ дзынӕзтой.
Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, ӕз сбадтӕн ӕмӕ ныккуыдтон, цалдӕр боны хъынцъым кодтон, ком дардтон ӕмӕ куывтон уӕларвон Хуыцаумӕ:
Ӕппӕт уыдӕттӕ мын бахъуыды кӕн, мӕ Хуыцау, ӕмӕ, мӕ Хуыцауы хӕдзар ӕмӕ уымӕн лӕггад кӕныны тыххӕй цы биноныг хъуыддӕгтӕ сарӕзтон, уыдон мын нымад ӕрцӕуӕнт!
Левиттӕн загътон, цӕмӕй сӕхи ссыгъдӕг кӕной ӕмӕ кулдуары раз хъалагъур ӕрлӕууой, сабаты бон уаз куыд уа, афтӕ. Уыдӕттӕ дӕр мын ма ферох кӕн, мӕ Хуыцау, ӕмӕ мын ныххатыр кӕн Де стыр хорзӕхы фӕрцы!
Батыхстӕн, цӕмӕй суг дӕр афоныл уа ӕмӕ хоры сӕртӕ дӕр. Ма мӕ рох кӕн, о мӕ Хуыцау, хорз мын ракӕн!
Ацы адӕмӕн цыдӕриддӕр фӕдӕн, уыдон мын хорзӕн фӕкӕн, мӕ Хуыцау!
О Дунедарӕг! Фехъус мын мӕ куывд, мӕ дзыназын Дӕм сыхъуысӕд.
Йӕ маст нӕ судздзӕни мыггагмӕ, ӕнустӕм маст Йӕ зӕрдӕйы нӕ хӕссы.
Цӕсты гагуыйау мӕ хъахъхъӕн, Дӕ базыры бын мӕ бааууон кӕн
Ӕнӕхъӕн ӕфсад куы ’рлӕууа мӕ ныхмӕ, уӕд дӕр нӕ фӕтӕрсдзынӕн. Хӕст куы райдайа, уӕд дӕр мӕ ныфс нӕ асӕтдзӕн.
Стаут Дунедарӕджы дыууадӕстӕноны зӕлтӕй, ӕрцӕгъдут Ын дӕстӕнонтыл.
Чи амӕла, уый Дӕ нал ӕрымысдзӕн. Мӕрдтыбӕсты Дӕ чи сыстаудзӕн?
Мӕ цӕстыты рухс ахуыссыди мастӕй, ме знӕгты фыдӕй рӕстмӕ уынгӕ дӕр нал кӕнын.
Езекиа къулы ’рдӕм азылди ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скуывта:
Уӕд Дунедарӕг Исайайӕн бафӕдзӕхста, Езекиамӕ бацу ӕмӕ йын Мӕ номӕй, Давиды Хуыцауы номӕй, зӕгъ: «Дӕ куывд дын фехъуыстон, федтон дын дӕ цӕстысыг дӕр ӕмӕ ма дын дӕттын фынддӕс азы цӕрӕнбон.
Уый зӕдимӕ хӕцыд ӕмӕ фӕуӕлахиз, лӕгъстӕ йын кодта, йӕ цӕссыг калгӕйӕ. Дунедарӕг ӕй ссардта Вефилы ӕмӕ уым ныхас кодта немӕ.
Йесо Нафанаилы ӕрбацӕйцӕугӕ куы федта, уӕд загъта: «Мӕнӕ ӕцӕг израилаг, хиндзинад кӕмӕ нӕй, уый».
Нӕхицӕй мӕнӕ цӕмӕйты хъал стӕм: зӕххыл мах, уӕлдайдӕр та сымахимӕ абаргӕйӕ, цӕрӕм, Хуыцауӕн фӕндон куыд уа, афтӕ — хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕнӕхинӕй; адӕймаджы зондмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхмӕ гӕсгӕ. Уымӕн нӕ зӕрдӕ — не ’вдисӕн.
Дунедарӕджы цӕсты раст ӕмӕ хорзыл нымад цы у, уыдӕттӕ кӕнут, цӕмӕй ӕнӕмастӕй цӕрат, бацӕуат ӕмӕ уӕхи бакӕнат, Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цы бӕркадджын бӕстӕй бавӕрдта, уый,
Йӕ зӕххон буары ма куы уыди, уӕд дзыназгӕйӕ ӕмӕ цӕссыг калгӕйӕ куывта ӕмӕ куырдта, мӕлӕтӕй Йӕ фервӕзын кӕнын Кӕй бон уыди, уыцы Хуыцауӕй, ӕмӕ Йӕ Уый фехъуыста, аргъуыц Ын кӕй кодта, уый тыххӕй.
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау раст у, ӕмӕ Дзы нӕ ферох уыдзысты уӕ хъуыддӕгтӕ дӕр ӕмӕ, сыгъдӕджытӕн цы лӕггад бакодтат ӕмӕ кӕнут, уыцы лӕггадӕй Йӕм цы уарзондзинад равдыстат, уый дӕр.