Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 34:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Стъалытӕ бастъӕлдзысты, уӕлӕрвтӕ батымбыл уыдзысты тухгӕ чиныгау, сӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр ӕрызгъӕлдзысты, сӕнӕфсир ӕмӕ легъуийы хус сыфтӕрау.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 34:4
20 Iomraidhean Croise  

Стъалытӕ ӕмӕ стъалыгуыппартӕ нал ратдзысты сӕ рухс. Хур, куыддӕр скӕсӕнӕй йӕ цӕст сдара, афтӕ ахуысдзӕн, мӕйы цӕст бакуырм уыдзӕн.


Ӕрцӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Йӕ маст ӕххуырсгӕйӕ, пиллӕттӕ калгӕйӕ, ныууигъдзӕни арв, зӕхх фенкъуысын кӕндзӕн йӕ бынатӕй.


Уӕ сӕууон стъалы, мӕнӕ куыд расхъиудтай арвӕй! Дӕ къӕхты бын адӕмы ссӕстай, ныр дӕхӕдӕг ныцъцъӕл ӕмӕ ныммур дӕ зӕххыл!


Афӕлгӕсут-ма уӕлӕрвтыл! Ӕркӕсут-ма зӕхмӕ дӕр! Уӕлӕрвтӕ ӕрбайсӕфдзысты фӕздӕгау, зӕхх дӕр алӕбырдзӕн дарӕсау, йӕ цӕрджытӕн сыскъуыйдзӕни сӕ мыггаг. Ӕцӕг, Ӕз цы ирвӕзындзинад дӕттын, уымӕн йӕ фарн нӕ фесӕфдзӕни мыггагмӕ дӕр, Мӕ рӕстдзинадӕн сӕфӕн нӕй.


Арв ӕмӕ зӕхх сӕнкъуысдзысты, хур, мӕй ӕмӕ стъалытӕ ныттар уыдзысты.


Хур ӕмӕ мӕй рухс нал ратдзысты, стъалытӕ нал сӕрттивдзысты.


Уыцы бӕллӕхты хӕдуӕлвӕд хур баталынг уыдзӕни, мӕй нал ратдзӕн йӕ рухс, стъалытӕ ӕрхаудзысты арвӕй, ӕмӕ уӕларвон тыхтӕ нынкъуысдзысты.


Арв ӕмӕ зӕхх нал уыдзысты, Мӕ ныхӕстӕ та мыггагмӕ дӕр уыдзысты сӕ тыхы.


Ныхӕстӕ «ноджы ма иу хатт» ӕвдисынц, цы сфӕлдыстӕуыд, уый кӕй нынкъуыстӕуыдзӕн ӕмӕ йӕ кӕй аивдӕуыдзӕн, цӕмӕй мыггагмӕ баззайа, ӕнӕфӕцудгӕ цы у, уый.


Ӕз федтон стыр, урс паддзахы бадӕн ӕмӕ уым — Бадӕджы. Йӕ разӕй фӕлыгъдысты арв ӕмӕ зӕхх, ӕмӕ сын дун-дунейы бынат нал уыди.


Уӕрыкк ӕхсӕзӕм мыхуыр куы асаста, уӕд ӕз федтон: зӕхх тынг нынкъуысти, хур сӕхъисау ныссау ис, мӕй та туджы хуызӕн сси.


Цыппӕрӕм зӕд сыкъауадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ хуры ӕртыццаг хай, мӕйы ӕртыццаг хай, стӕй стъалыты ӕртыццаг хай ныттар ис. Сӕ рухс афтӕ бамынӕг, ӕмӕ боны, стӕй ӕхсӕвы ӕртыццаг хай дӕр уыди талынг.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan