Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 32:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Фыр адӕргӕй хойут уӕ риутӕ! Кӕут рӕсугъд хуымтӕ ӕмӕ сӕнӕфсиры зад талайыл!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 32:12
11 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг гӕныстон фӕкӕндзӕни зӕхх, ныззаууат ӕй кӕндзӕн — зӕхх аивдзӕни йӕ хуыз, йӕ цӕрджытӕ ныххӕлиу уыдзысты.


Сӕн байсысти, сӕнӕфсиры зӕнг баруади; цинӕй чи ради, уыдон ныр хъӕрзынц.


Кӕут Мӕ адӕмы хуымтыл: каконтӕ ӕмӕ сындзыты бын фӕуыдзысты. Кӕут, уымӕн ӕмӕ хӕдзӕртты бамыр уыдзӕни цин, сахары мидӕг хъӕлдзӕгӕн йӕ кой, йӕ хъӕр дӕр нал уыдзӕн.


Тыхсы мӕ уд, о, бакуырм дӕн фыр куыдӕй! Мӕ зӕрдӕ скъуыны, уӕ, мӕ адӕм сӕфынц! Чысыл сабитӕ сахары уынгты сыдӕй мӕлынц!


Уымӕ гӕсгӕ ӕдзӕрӕг быдыры Мӕ къух уӕлӕмӕ систон ӕмӕ сын расомы кодтон, кӕй сӕ нӕ акӕндзынӕн, цы зӕхх сын равзӕрстон — ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уырдӕм, ӕппӕт зӕххыты диссагдӕрмӕ.


Уыцы бон сын Ӕз, Мӕ къух уӕлӕмӕ сисгӕйӕ, расомы кодтон, Мысыры зӕххӕй сӕ кӕй ракӕндзынӕн, цы зӕхх сын равзӕрстон — ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уырдӕм, ӕппӕт зӕххыты диссагдӕрмӕ.


Мӕ сӕндон мын сафтид кодтой, Мӕ легъуи бӕлас Мын ӕрсастой. Йӕ цъар ын растыгътой ӕмӕ йӕ фехстой, сурс сты йӕ къалиутӕ.


Уымӕн ӕмӕ ахӕм уынаффӕ рахастӕуыд: Ниневийы сахар гомгӕрццӕй аззайдзӕн, йӕ цӕрджыты йын уацары акӕндзысты. Йӕ унӕуттӕ марой кӕнынц, сӕ риутӕ хойынц бӕлӕттау!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan