10 Иу афӕдз ӕмӕ къорд боны фӕстӕ фыр тӕссӕй нырриздзыстут, ӕнӕмӕттӕ! Уымӕн ӕмӕ нӕдӕр сӕнӕфсиртонӕнтӕ ралӕудзысты, нӕдӕр — тыллӕгӕфснайӕнтӕ.
Сойджын зӕххыл цин ӕмӕ хъӕлдзӕгдзинадӕн фесӕфти сӕ кой дӕр, сӕндӕттӕй цины зарӕг нал хъуысы. Сӕндондартӕ сӕн нал дуцынц сӕ сӕндуцӕнты, кӕрон ӕрцыди цины хъӕртӕн.
Фӕлӕ мингай сӕнӕфсиры талатӕ цы бынӕтты рӕзыд — алы тала дӕр — ӕвзисты къӕртты аргъ — уым уыцы заман ӕрзайдзӕни какон сындзытӕ ӕмӕ бӕхгӕрдӕг.
Ӕз сын сӕ тыллӕг бабын кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — сӕнӕфсиры талайыл иунӕг цупал дӕр нал баззайдзӕн, легъуи бӕласыл дыргъ нӕ фӕзындзӕн, бахус уыдзӕн йӕ сыфтӕр. Цыдӕриддӕр сын радтон, уыдон сӕ фӕстӕмӕ байстӕуыдзӕн».
Ӕз ын сафтид кӕндзынӕн йӕ сӕнӕфсиры талатӕ ӕмӕ йӕ легъуи бӕлӕстӕ, йӕ хӕзгулты лӕвӕрттӕ кӕй хуыдта, уыдон. Хъӕды пыхсбынтӕ сӕ фестын кӕндзынӕн, ӕмӕ сӕ хъӕддаг сырдтӕ аныхъуырдзысты.
Уымӕн ӕмӕ израилӕгтӕ бирӕ рӕстӕг баззайдзысты ӕнӕ паддзахӕй, ӕнӕ ӕлдарӕй ӕмӕ ӕнӕ нывондӕй; ӕнӕ нывондхӕссӕнӕй, ӕнӕ ефодӕй, ӕнӕ хӕдзарон хуыцаугондӕй.
Сӕнӕфсиртӕ ӕмӕ легъуи бӕлӕстӕ, гранатӕй, пальмӕйӕ, фӕткъуыйӕ — иууылдӕр бахус сты быдыры, ӕмӕ адӕм цин нал кӕнынц.
Райхъал ут, расыггӕнджытӕ! Сӕн уарзджытӕ, кӕут ӕмӕ дзыназут, уымӕн ӕмӕ сӕны хъӕстӕ нал фӕуыдзыстут.
Мӕ сӕндон мын сафтид кодтой, Мӕ легъуи бӕлас Мын ӕрсастой. Йӕ цъар ын растыгътой ӕмӕ йӕ фехстой, сурс сты йӕ къалиутӕ.
Легъуи бӕлас дидинӕг куынӕ ракала, сӕнӕфсиры талайыл дыргъ куынӕуал фӕзына, куы ницы ’рзайа оливӕ бӕлӕстыл, хуымтӕ дӕр тыллӕг куынӕ раттой, фосдоны куынӕуал баззайа фыс, скъӕты — стурвос,
Сӕ исбон хӕлӕттаг фӕуыдзӕн, сӕ хӕдзӕрттӕ заууатмӕ ӕрцӕудзысты. Сӕхицӕн хӕдзӕрттӕ сараздзысты, фӕлӕ сӕ нӕ цӕрдзысты, сӕндӕттӕ скӕндзысты, фӕлӕ сӕны хъӕстӕ нӕ фӕуыдзысты.