1 Рӕхджы уын уыдзӕни рӕстаг Паддзах, ӕмӕ уӕд паддзӕхтӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ хицауиуӕг кӕндзысты.
Израилы Хуыцау загъта, Израилы Къӕдзӕх мын фехъусын кодта: „Рӕстӕй адӕмыл ӕлдариуӕг чи кӕна, Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ сын разамынд чи дӕтта,
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Корахы фыртты зарӕг. Мелоди «Ӕвзонг чызджытӕ»-йы зӕлтӕм гӕсгӕ.
Стаугӕйӕ, бахизут Йӕ кулдуарӕй, арфӕгӕнгӕ бацӕут йӕ кӕртмӕ, скад Ын кӕнут, арфӕ ракӕнут Йӕ номӕн.
Мӕгуыр адӕмӕн раст тӕрхон кӕндзӕн, зӕххыл цӕрӕг ӕфхӕрд адӕмӕн сӕ хъуыддӕгтӕ ӕвзардзӕни рӕстӕй. Йӕ дзырды цӕфӕй стӕрхон кӕндзӕн зӕххӕн, фыдгӕнӕджы Йӕ раулӕфтӕй фесафдзӕн!
Рӕстдзинад суыдзӕни Йӕ рон, иузӕрдиондзинад ӕрбабӕтдзӕни Йӕ синтыл.
уӕд ӕрфидар уыдзӕн паддзахдзинад, ӕмӕ паддзахы бадӕныл, Давиды цатыры, ӕрбаддзӕни рӕстаг тӕрхонгӕнӕг, рӕстдзинадыл хӕцӕг.
Тӕрхоны лӕгтӕн Уый суыдзӕни раст тӕрхоны Уд, адӕмы раздзӕуджытӕн — ныфс, цӕмӕй сӕ фыдгулты сӕ сахарты кулдуӕрттӕй сӕ уӕлныхты айсой.
Цытджын у Хуыцау, уӕлӕрвты цӕрӕг! Сионы хохыл ӕрфидар кӕндзӕн Йӕ раст тӕрхон.
Адӕмӕн уыдзӕни цатырау, цӕмӕй сын аууон дара боны ӕнтӕфы, бааууон-иу сӕ кӕна къӕвда ӕмӕ тыгъдызӕйы заман.
Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз сӕххӕст кӕндзынӕн, Иудей ӕмӕ Израилы байзӕддӕгтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдтон, уый.
Уыцы заман Мӕ фӕндонӕй сырӕздзӕни рӕстаг Ӕвзар, Давиды байзӕддаг, ӕмӕ зӕххыл раст тӕрхон кӕндзӕн.
Мӕ цагъар Давид суыдзӕни сӕ паддзах, се ’ппӕты фыййау, ӕмӕ Мын ӕххӕст кӕндзысты Мӕ уагӕвӕрдтӕ, нымайдзысты ӕмӕ ӕххӕст кӕндзысты Мӕ амындтытӕ.
Уый фӕстӕ ӕрфӕсмон кӕндзысты ӕмӕ ӕрцагурдзысты Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, стӕй сӕ паддзах Давиды. Фӕстаг заманы Дунедарӕджы раз аргъуыц кӕнын райдайдзысты ӕмӕ Йын Йӕ хорзӕх агурдзысты.
Цин кӕн, Сионы чызг! Дӕ зӕрдӕ райӕд фыр цинӕй, Йерусалимы чызг! Мӕнӕ дӕм фӕцӕуы дӕ Паддзах! Уый у рӕстаг, сӕрныллӕг, ирвӕзындзинад дын ӕрхӕсдзӕн, фӕцӕуы къӕлӕуыл, хӕрӕджы лӕппыныл бадгӕйӕ.
цӕмӕй, тӕригъӕд куыд паддзахиуӕг кодта ӕмӕ адӕмӕн мӕлӕт куыд хаста, афтӕ паддзахиуӕг кӕна Хуыцауы хорзӕх дӕр, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы фӕрцы раст кӕна адӕймаджы ӕмӕ дӕтта мыггагмӕйы цард.
Уыдон тох кӕндзысты Уӕрыккимӕ, ӕмӕ сӕ Уӕрыкк басӕтдзӕн, уымӕн ӕмӕ Уый у хицӕутты Хицау ӕмӕ паддзӕхты Паддзах, ӕмӕ хуындтытӕ, ӕвзӕрстытӕ ӕмӕ Йӕ иузӕрдионтӕ уыдзысты Йемӕ».
Ӕз федтон арвы дуар гомӕй ӕмӕ Барӕджы урс бӕхыл. Барӕджы хонынц Иузӕрдион ӕмӕ Ӕцӕг, уымӕн ӕмӕ ӕнӕхӕрам сты Йӕ тӕрхон ӕмӕ Йӕ тох.