Исайа 30:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст6 Рагуац Негевы цӕрӕгойты тыххӕй: «Уӕззау ӕргъӕмтты бын тӕссаг фӕндагыл хуссармӕ фӕцӕуынц хайуантӕ. Сӕ размӕ ӕвиппайды фӕвӕййынц домбӕйттӕ, маргджын кӕлмытӕ ӕмӕ фат-кӕлмытӕ. Адӕм хӕрджытӕ ӕмӕ теуатыл ласынц хъӕздыг лӕвӕрттӕ, хӕзнатӕ — пайда кӕмӕй нӕ фендзысты, уыцы адӕмӕн лӕварӕн. Faic an caibideil |
Соломон ахӕм номдзыд сси, ӕмӕ йӕ кой суанг Савайы ус-паддзахмӕ дӕр байхъуыст. Уый йӕм, уыци-уыцитӕй йӕ бафӕлварынмӕ, йӕ бирӕ фӕсдзӕуинтимӕ ӕрбацыди Йерусалиммӕ. Теуатыл ын ӕрбаласта бирӕ лӕвӕрттӕ: хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, ӕнӕнымӕц сыгъзӕрин ӕмӕ зынаргъ дуртӕ. Соломонмӕ куы бацыд, уӕд йемӕ, цӕуыл ӕй фӕндыд, уыдӕттыл фӕныхас кодта.