5 Фӕлӕ фӕхудинаг уыдзысты се ’ппӕт дӕр, уымӕн ӕмӕ уыцы бӕстӕйы адӕмӕй нӕдӕр ӕххуыс фендзысты, нӕдӕр — пайда; ӕрмӕст фӕхудинаг ӕмӕ фӕфидиссаг уыдзысты».
Тӕрхоны бон куы ралӕууа, дардӕй уӕм фыдбылыз куы фӕзына, уӕд чердӕм цы кӕндзыстут, ӕххуысагур кӕмӕ лидздзыстут? Кӕм бафснайдзыстут уӕ бирӕ исбон?
ӕмӕ дзурут, зӕгъгӕ, бӕхтыл алидздзыстӕм. Уӕдӕ алидздзыстут ӕцӕгдӕр! Дзурут, зӕгъгӕ, фӕтары уыдзыстӕм дугъон бӕхтыл. Гъемӕ уӕ фӕсте чи асура, уыдон уӕ баййафдзысты.
Мысырмӕ бынтон дзӕгъӕлы у сӕ каст, ницы дзы рауайдзӕн ӕппындӕр. Уымӕ гӕсгӕ Ӕз Мысыры схуыдтон ӕнӕзмӕлгӕ Рахав.
Дӕ зӕрдӕ Мысырыл, йӕ къухӕй йыл чи ӕрӕнцой кӕна, уымӕн йӕ къухы чи сныхсдзӕн, уыцы хъӕзы цъӕл зӕнгыл дарыс. Уыйау у фараон, Мысыры паддзах, ныфсджын дзы чидӕриддӕр у, уыдонӕн.
Ӕппынӕдзух цӕмӕн тындзыс кӕдӕмдӕр, дӕ фӕндӕгтӕ цӕмӕн ивыс? Ассири дӕ сӕгад кодта, Мысыр дӕр дӕ фӕхудинаг кӕндзӕн,