Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 30:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Мӕ пехуымпары ӕвастӕй ацӕуынц Мысырмӕ, фараон нӕ сӕрыл рахӕцдзӕн, йӕ базыры бын нӕ бакӕндзӕн, зӕгъгӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 30:2
26 Iomraidhean Croise  

Иосафат фӕдызӕрдыг ӕмӕ бафарста: «Дунедарӕджы пехуымпартӕй ма ам исчи ис, Дунедарӕджы кӕй уылты бафӕрсӕм, ахӕм?»


Иуахӕмы Салманесер бафиппайдта, Израилы паддзах йӕ ныхмӕ архайы, уый. Зӕгъӕм, Осиа йӕ минӕвӕртты ӕрвитын райдыдта Мысыры паддзах Со, зӕгъгӕ, уымӕ, Ассирийы паддзахӕн та ӕрвылазы хъалон нал фыста. Уӕд ӕй Салманесер ӕрцахсын кодта ӕмӕ йӕ ахӕстоны бакодта.


Дӕ зӕрдӕ Мысырыл дарыс, хъӕзы цъӕл зӕнгыл, йӕ къухӕй йыл чи ӕрӕнцой кӕна, уымӕн йӕ къухы чи сныхсдзӕн, ууыл. Ахӕм у фараон, Мысыры паддзах, ныфсджын дзы чидӕриддӕр у, уыдонӕн.


Бауынаффӕ, зӕгъ, нын кӕн, исты нын, зӕгъ, ӕрхъуыды кӕн. Ӕмбисбоны ӕнтӕфы нӕ дӕ базыры бын бакӕн, ӕхсӕвы тар алцы куыд бааууон кӕны, афтӕ.


Додой йӕ къона, йӕ базырты дыв-дыв кӕмӕн цӕуы, Эфиопийы цӕугӕдӕтты фале цы бӕстӕ ӕрбынат кодта, уымӕн!


Дӕ зӕрдӕ Мысырыл, йӕ къухӕй йыл чи ӕрӕнцой кӕна, уымӕн йӕ къухы чи сныхсдзӕн, уыцы хъӕзы цъӕл зӕнгыл дарыс. Уыйау у фараон, Мысыры паддзах, ныфсджын дзы чидӕриддӕр у, уыдонӕн.


Уый зон, ӕмӕ ме ’лдары ӕфсады хицӕуттӕн сӕ лӕмӕгъдӕрыл дӕр нӕ фӕуӕлахиз уыдзынӕ, Мысыры бӕхӕфсад куы ’рбакӕнай, уӕд дӕр.


Афтӕ уын куы зӕгъой, уе ’ргом раздахут мӕрдтӕмсидджытӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм — мынӕг хъӕлӕсӕй чи дзуры ӕмӕ дыгъал-дыгъул чи кӕны, уыдонмӕ, уӕд-иу сын дзуапп раттут, хъуамӕ адӕм сӕ Хуыцаумӕ кувой, стӕй удӕгӕсты тыххӕй дӕр мӕрдты нӕ фӕфӕрсынц, зӕгъгӕ.


Цӕмӕн цӕуыс ныр Мысырмӕ, Нилы донӕй нуазынмӕ? Цӕмӕн лидзыс Ассиримӕ, Евфраты донӕй нуазынмӕ?


«Дунедарӕгӕн мах тыххӕй балӕгъстӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ Вавилоны паддзах Навуходоносор нӕ ныхмӕ схӕцыди. Чи зоны, ӕмӕ нын Дунедарӕг, раздӕры заман куыд уыдис, афтӕ ӕмбисонды хъуыддаг сараза, ӕмӕ Навуходоносор ардыгӕй йӕхи айса».


Фараоны ӕфсад рацыди Мысырӕй, ӕмӕ, Йерусалимыл цы халдейӕгтӕ ӕрхъула кодтой, уыдон уый куы фехъуыстой, уӕд сахарӕй аздӕхтысты.


пехуымпар Йеремиамӕ ӕмӕ йын загътой: «Курӕм дӕ, сӕххӕст нын кӕн нӕ курдиат! Адӕмӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны тыххӕй Дунедарӕгмӕ, дӕ Хуыцаумӕ, скув. Дӕхӕдӕг ӕй уыныс: чысыл йеддӕмӕ нал стӕм, раздӕр та бирӕ уыдыстӕм.


Уӕхӕдӕг уӕхи ныхмӕ тӕригъӕд ракодтат: арвыстат мӕ Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ, ӕмӕ мын загътат, цӕмӕй Йӕм сымах тыххӕй скувон, Дунедарӕг цыдӕриддӕр зӕгъа, уыдӕттӕ уын фехъусын кӕнон, мах алцыдӕр бакӕндзыстӕм, зӕгъгӕ. Ӕз уын сӕ абон фехъусын кодтон, фӕлӕ сымах нӕ хъусут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ныхӕстӕм, цы зӕгъын уын бафӕдзӕхста, уыдӕттӕм. Уӕдӕ зонут: цӕмӕй дзы ӕрцӕрат, уый тыххӕй уӕ зӕрды цы бӕстӕм ацӕуын ис, уым кард, стонг ӕмӕ рынӕй амӕлдзыстут.


Ӕмӕ ацыдысты Мысырмӕ, Дунедарӕджы ныхасмӕ нӕ байхъусгӕйӕ. Тахпанхесмӕ ӕрбахӕццӕ сты.


Дунедарӕджы байсӕрст паддзах — нӕ царды комулӕфт — къӕппӕджы куы бахауди! Дзырдтам-иу: «Адӕмты ’хсӕн йемӕ нӕу махӕн фесӕфынӕй тас».


Додой сӕ къона, кӕй Мӕ ныууагътой, уый тыххӕй! Мӕ ныхмӕ кӕй сыстадысты, уый аххосӕй бабын уыдзысты! Ӕз-иу сӕ фервӕзын кодтон, уыдон та Мӕн тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ дзырдтой!


Фӕлӕ адӕмтӕн цыфӕнды лӕвӕрттӕ куы уарой, уӕддӕр сӕ Ӕз ӕрӕмбырд кӕндзынӕн тӕрхонмӕ, ӕмӕ хъомысджын паддзахы ӕфсондзы бын хъизӕмарӕй мӕлдзысты.


Иунӕгӕй чи хъеллау кӕны, уыцы хъӕддаг хӕрӕгау ацыдысты Ассиримӕ, ӕмӕ Ефрем зӕрдӕлхӕнӕн лӕвӕрттӕ кодта.


Ӕмӕ-иу бацӕуӕд уый сауджын Елеазары размӕ, цӕмӕй йын уый уримы фӕрцы Дунедарӕджы бафӕрса. Дунедарӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ цӕудзысты фӕндагыл, Дунедарӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ здӕхдзысты фӕстӕмӕ — Йешуа ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ, ӕгас дзыллӕ».


Ӕз уын афтӕ кӕмӕй загътон, нал ӕй фендзыстут, зӕгъгӕ, раст уӕ уыцы фӕндагыл уӕ наутыл аздахдзӕни Дунедарӕг фӕстӕмӕ Мысырмӕ. Нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй уыцы ран уымӕ бӕлдзыстут, цӕмӕй уӕ исчи йӕхицӕн цагъайраг скӕна, фӕлӕ уӕ хъуыдыгӕнӕг нӕ уыдзӕн».


Израилӕгтӕ сын сӕ фӕндаггӕгтӕм ӕркастысты, фӕлӕ Дунедарӕджы нӕ бафарстой, афтӕмӕй сын сӕ хойрагӕй сахуыстой.


Уый сын дзуапп радта: «Кӕд мӕ ӕцӕгдӕр уӕхицӕн паддзахӕй ӕвзарут, уӕд ӕрбацӕут ӕмӕ мӕ аууоны бамбӕхсут. Паддзахӕй мӕ куынӕ равзарат, уӕд мӕ сындзытӕй арты ’взӕгтӕ рацӕудзысты ӕмӕ ливайнаг нӕзыты басудздзысты».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan