Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 30:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 «Хивӕнд цот, додой сӕ къона! — зӕгъы Дунедарӕг. — Фӕндтӕ, уынаффӕтӕ кӕнынц Ме ’вастӕй, цӕдисонтӕ скӕнынц сӕхицӕн, фӕлӕ Мӕ Уды амындӕй нӕ. Афтӕмӕй тӕригъӕд тӕригъӕдыл ӕфтауынц.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 30:1
48 Iomraidhean Croise  

Дӕ зӕрдӕ Мысырыл дарыс, хъӕзы цъӕл зӕнгыл, йӕ къухӕй йыл чи ӕрӕнцой кӕна, уымӕн йӕ къухы чи сныхсдзӕн, ууыл. Ахӕм у фараон, Мысыры паддзах, ныфсджын дзы чидӕриддӕр у, уыдонӕн.


Уый зон, ӕмӕ ме ’лдары ӕфсады хицӕуттӕн сӕ лӕмӕгъдӕрыл дӕр нӕ фӕуӕлахиз уыдзынӕ, Мысыры бӕхӕфсад куы ӕрбакӕнай, уӕд дӕр.


Кӕд ныууадздзыстут уӕ фыдракӕндтӕ? Уӕ зӕрды ис адӕймаджы амарын! Сымах стут кӕлӕддзаг къулы, саст гӕрӕны ’нгӕс.


Ӕрыхъус, арв, ӕрбайхъус, зӕхх! Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Схъомыл кодтон, схастон Ӕз фырттӕ, уыдон та сыстадысты Мӕ ныхмӕ!


Де ’лдӕрттӕ систы ӕгъдаухалджытӕ, къӕрныхтимӕ — ӕмдзӕхдон. Уарзынц лӕвӕрттӕ, исынц гӕртӕмттӕ, сидзӕры сӕрыл нӕ хӕцынц, идӕдз усы марой сӕм нӕ хъары.


Додойаг фестут, тӕригъӕдджын адӕм, ӕгӕр стыр у уӕ азым! Фыдгӕнджыты мыггаг, фыдбоны гуырдтӕ! Ныууагътат Дунедарӕджы, Израилы Стыр Хуыцауы нал хъуыды кӕнут, уӕ чъылдым Ӕм раздӕхтат.


Надцух ма стут, ӕнӕсӕттонтӕ? Сӕр хъӕдгӕмттӕй куынӕуал зыны, зӕрдӕ куы баруади.


Сымах уӕхицӕй дзурут, мӕлӕтимӕ ӕмдзӕхдон систӕм, мӕрдтыбӕстимӕ бафидыдтам, зӕгъгӕ. Афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ бӕллӕх уӕ иувӕрсты ацӕудзӕн, мӕнгдзинад ӕмӕ фӕлывды дӕлбазыр кӕй балӕууыдыстут, уый фӕрцы.


Уӕ хуыссӕн ӕгӕр цыбыр уыдзӕн, цӕмӕй уӕ къӕхтӕ адаргъ кӕнат, уӕ хъӕццул та — ӕгӕр нарӕг, цӕмӕй уӕхи ӕрбануӕрдат.


Додой сӕ къона, Дунедарӕгӕй арф чи ӕмбӕхсы, йӕ сусӕгвӕндтӕ аууон кӕныныл чи архайы, сӕ хъуыддӕгтӕ талынджы чи кӕны ӕмӕ афтӕ чи дзуры: «Чи нӕ фендзӕн? Чи нӕ базондзӕн?»


Ацы адӕм хиваст сты, фӕлывд цот Мын сты, Дунедарӕджы Ӕгъдаумӕ хъусын сӕ нӕ фӕнды.


Додой сӕ къона, Мысырмӕ ӕххуысагур чи цӕуы, се ’нӕнымӕц тохуӕрдӕттыл, сӕ тыхджын бӕхӕфсадыл йӕ зӕрдӕ чи дары, Израилы Уаз Хуыцаумӕ та йе ’ргом чи не здахы, Дунедарӕджы уынаффӕ чи нӕ агуры, уыдонӕн!


Алчидӕр сӕ йӕ адӕмӕн уыдзӕни, сис дымгӕйӕ куыд бахизы, уӕлхӕдзар — тыгъдызӕйӕ, суадӕттӕ хус быдыры куыд бахъӕуынц, бӕрзонд къӕдзӕхы аууон ӕдзӕрӕг ран фӕллад лӕгӕн куыд баххуыс кӕны, уыйау.


Дунедарӕг Сионы хох ӕмӕ, йӕ алфамбылӕйтты адӕм бӕрӕгбоны охыл кӕмӕ ӕрӕмбырд вӕййынц, уыцы бынӕтты сӕрмӕ равдисдзӕн, Йӕхӕдӕг уым кӕй ис, уый нысан: боныгон — ӕврагъ, ӕхсӕвы та — фӕздӕг ӕмӕ пиллон арты цӕджындз. Уыцы кады ӕмбӕрзӕн тыгъд уыдзӕн ӕппӕт сахары сӕрмӕ.


Додой сӕ къона, фӕлывды бӕндӕнтӕй йӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕ уӕрдонау йӕ фӕдыл чи ласы, уыдонӕн.


Фӕлӕ мах Йӕ ныхмӕ рацыдыстӕм, Йӕ Сыгъдӕг Уды хъыджы бацыдыстӕм, ӕмӕ нӕм уӕд Уый дӕр сызнаг ис ӕмӕ райдыдта нӕ ныхмӕ хӕцын.


Алы бон дӕр мӕ цӕнгтӕ ивӕзтон, ӕнаккаг митӕ чи кодта ӕмӕ йӕхи фӕнд чи тардта, Мӕ уыцы ӕгоммӕгӕс адӕммӕ.


Дунедарӕг мыл Йӕ хъомысджын къух ӕруагъта ӕмӕ мын бафӕдзӕхста, ацы адӕмы ма бафӕзм, зӕгъгӕ. Загъта мын:


«Ацы адӕм сусӕгвӕнд цы хонынц, уый сымах сусӕгвӕнд ма хонут. Уыдон цӕмӕй тӕрсынц, уымӕй ма тӕрсут ӕмӕ уыл тас ма бахӕцӕд.


Афтӕ уын куы зӕгъой, уе ’ргом раздахут мӕрдтӕмсидджытӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм — мынӕг хъӕлӕсӕй чи дзуры ӕмӕ дыгъал-дыгъул чи кӕны, уыдонмӕ, уӕд-иу сын дзуапп раттут, хъуамӕ адӕм сӕ Хуыцаумӕ кувой, стӕй удӕгӕсты тыххӕй дӕр мӕрдты нӕ фӕфӕрсынц, зӕгъгӕ.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Адӕймагыл йӕ зӕрдӕ чи дары, ныфсджын дзы чи у ӕмӕ йӕ зӕрдӕ Дунедарӕгӕй дард кӕмӕн у, уый ӕлгъыст у.


Цӕмӕн цӕуыс ныр Мысырмӕ, Нилы донӕй нуазынмӕ? Цӕмӕн лидзыс Ассиримӕ, Евфраты донӕй нуазынмӕ?


Быдыртӕ хъахъхъӕнджытау ӕрлӕууыдысты йӕ алыварс, уымӕн ӕмӕ Мӕ ныхмӕ сыстади», — зӕгъы Дунедарӕг. —


Иудӕйы байзӕддӕгтӕ, Дунедарӕг уын афтӕ зӕгъы: «Ма ацӕут Мысырмӕ». Зонут: уый уын ӕз абон рагацау фӕдзӕхсын.


Ацы адӕм та хивӕнд ӕмӕ ӕнӕсӕттон сты, фӕзылдысты ӕмӕ ацыдысты.


Дунедарӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Ацы адӕм аразынц фыдвӕндтӕ, фыдбылызы уынаффӕтӕ кӕнынц ацы сахары.


Загъта мын: «Адӕймаджы фырт! Ӕз дӕ ӕрвитын израилӕгтӕм, хивастӕй Мӕ ныхмӕ чи сыстад, уыцы змӕнтджытӕм. Сӕ фыдӕлтау суанг абоны онг фыдракӕндтӕ кӕнынц Мӕ разы.


Ацы хиваст адӕммӕ ӕмбисонды хуызы бартхъирӕн кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: аг ӕрӕвӕр ӕмӕ дзы дон ныккӕн,


Уӕдӕй фӕстӕмӕ сӕ бон нал бауыдзӕн Израилы адӕмӕн мӕнг ныфсытӕ ӕвӕрын. Мӕ адӕм нал фӕрӕдидзысты ӕмӕ сыл нал баууӕнддзысты, цӕмӕй мауал фӕазымджын уой, ӕмӕ уӕд мысырӕгтӕ базондзысты, Ӕз Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн, уый“».


Алмаси ӕмӕ ӕхсондур куыд фидар сты, афтӕ дӕ сфидар кӕндзынӕн Ӕз. Ма тӕрс, тас дӕ ма бацӕуӕд сӕ разы, уымӕн ӕмӕ уыдон сты змӕнтӕг адӕм».


Сӕ сахартӕ карды амӕттаг бауыдзысты, сӕ кулдуӕртты ӕвдузӕнтӕ сын ныппырх кӕндзысты, сӕ фыдвӕндтӕн кӕрон ӕрцӕудзӕни.


Сӕ тӕригъӕдтӕ фӕфылдӕр сты ныр: се ’взистӕй сӕхи хъуыдымӕ гӕсгӕ саразынц гуымирытӕ, иууылдӕр — ӕрмдӕсныйы къухвӕллой. Ӕмӕ, нывӕндтӕ чи хӕссы, уыдонӕн фӕзӕгъынц, гуымирыйӕн аба кӕн, зӕгъгӕ.


Додой сӕ къона, кӕй Мӕ ныууагътой, уый тыххӕй! Мӕ ныхмӕ кӕй сыстадысты, уый аххосӕй бабын уыдзысты! Ӕз-иу сӕ фервӕзын кодтон, уыдон та Мӕн тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ дзырдтой!


Уӕд мын афтӕ зӕгъы: «Уый Дунедарӕг ахӕм хуызы Зоровавелӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас: хъару ӕмӕ хъомысы фӕрцы нӕ, фӕлӕ Мӕ Уды руаджы, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Ӕмӕ мӕнӕ ныр уӕ фыдӕлты бынаты ралӕууыдыстут сымах, тӕригъӕдджынты бардз, цӕмӕй та Дунедарӕджы маст израилӕгтӕм рафыца.


Фӕлӕ ӕнӕсӕттон кӕй дӕ ӕмӕ дӕ ӕрфӕсмон кӕнын кӕй нӕ фӕнды, уымӕй дӕхӕдӕг ноджы карздӕр кӕныс де ’фхӕрд Хуыцауы азары бон, Хуыцау Йӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон куы раргом кӕна, уӕд.


Ацы карз ӕлгъысты ныхӕстӕм хъусгӕйӕ, афтӕ чи зӕгъа, мӕ хивӕнд зӕрдӕйы фӕдыл цӕудзынӕн, зӕгъгӕ, уый арфӕгонд нӕ уыдзӕн. Афтӕмӕй донӕфсӕст зӕхх дӕр ӕмӕ, ӕнӕ донӕй чи ныххус, уыцы зӕхх дӕр бабын уыдзысты.


Куы уӕ зонын, уӕдӕй нырмӕ нӕ кӕсут Дунедарӕджы коммӕ!


Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ӕдзӕрӕг быдыры куыд мӕсты кодтат, уый уӕ рох ма уӕд. Мысырӕй куы рацыдыстут, уӕдӕй абонмӕ, цалынмӕ ардӕм не ’рбацыдыстут, уӕдмӕ, Дунедарӕджы ныхмӕ лӕууыдыстут.


Фыдзӕрдӕтӕ ӕмӕ фӕлитойтӕ та кӕндзысты ӕвзӕрӕй-ӕвзӕрдӕр, сӕхӕдӕг фӕсайды уыдзысты ӕмӕ иннӕты дӕр сайдзысты.


Израилӕгтӕ сын сӕ фӕндаггӕгтӕм ӕркастысты, фӕлӕ Дунедарӕджы нӕ бафарстой, афтӕмӕй сын сӕ хойрагӕй сахуыстой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan