Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 3:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Йерусалим йӕ бындзарӕй нынкъуысыд, саст ӕрцыдис Иудей, уымӕн ӕмӕ адӕм дзыхы ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр Дунедарӕджы ӕфхӕрдтой, йӕ ныхмӕ рацыдысты ӕргом.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 3:8
35 Iomraidhean Croise  

Филистимӕгтӕ бабырстой Иудейы дӕлвӕзты бӕстӕ Шефеламӕ ӕмӕ йӕ хуссайраг хай Негевмӕ, бацахстой сахартӕ Бет-Шемеш, Айалон ӕмӕ Гедерот, Сохо, Тимна ӕмӕ Гимзо сӕ алыварс хъӕутимӕ, ӕмӕ дзы сӕхӕдӕг ӕрцардысты.


Ӕмӕ сыл уӕд Ассирийы паддзахы ’фсады хицӕутты бафтыдта, ӕмӕ уыдон Менассиайыл хъадамантӕ скодтой, рӕхыстӕй йӕ сбастой ӕмӕ йӕ афтӕмӕй Вавилонмӕ акодтой.


Уӕрм чи къахы, уый дзы йӕхӕдӕг ныххаудзӕн; дур чи тулы, уый йӕхӕдӕг йӕ быны фӕуыдзӕн.


Уӕ зӕхх ныггӕныстон, уӕ сахартӕ арты хай баисты, уӕ хуымты бӕркад уын уӕ цӕстыты раз ӕцӕгӕлӕттӕ ссивынц. Зӕрӕстон фӕци уӕ бӕстӕ, цыма йӕ ӕцӕгӕлӕттӕ дымгӕмӕ ныддардтой, уыйау.


Дӕ хӕлддзӕгтӕ, дӕ заууаты зӕхх ныр фӕкъуындӕг уыдзысты уыдонӕн, дӕ гӕныстонгӕнджытӕн та дӕ арӕнтыл сӕ кой, сӕ хъӕр дӕр нал уыдзӕн.


Сымах кӕмӕй хынджылӕг кӕнут? Ӕвзӕр дзыхӕй кӕмӕ дзурут, уе ’взаг кӕмӕ суагътат? Сымах стут фыдгӕнджыты цот, фӕлитойты байзӕддаг.


Уымӕн ӕмӕ уӕ къухтӕ — тугӕйдзаг, уӕ былалгъыл ӕдзух — фӕлывд, фӕлитой ныхӕстӕ.


Ӕз бафарстон: «Кӕдмӕ уыдзӕнис афтӕ?» Дунедарӕг мын дзуапп радта: «Цалынмӕ сахартӕ федзӕрӕг уой, хӕдзӕрттӕ дзӕгъӕлӕй баззайой ӕмӕ зӕхх ныггӕныстон уа, уӕдмӕ.


Уымӕ гӕсгӕ сын Дунедарӕг нӕ бацин кӕндзӕни сӕ лӕппутыл, нӕ сын батӕригъӕд кӕндзӕни сӕ сидзӕртӕ ӕмӕ сӕ идӕдзтӕн, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр цӕстфӕлдахджытӕ ӕмӕ фыдгӕнджытӕ сты, сӕ дзыхы ныхас — ӕлгъаг. Фӕлӕ Дунедарӕджы маст ууыл дӕр нӕ басабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни сӕм ноджыдӕр.


Дунедарӕджы рагуац, зӕгъгӕ, мачиуал сдзурӕд, уымӕн ӕмӕ сымахӕй алкӕмӕн дӕр йӕхи ныхӕстӕ рагуацтӕ систы, цардӕгас Хуыцауы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, уӕ Хуыцауы, ныхӕстӕ та сзыгъуыммӕ кодтат.


«Иудейы паддзах Езекиайы заман пехуымпариуӕг кодта Морешетаг Миха. Уый ӕппӕт иудейӕгтӕн дзырдта: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Сион быдырау бахуым кӕндзысты, Йерусалим хӕлддзӕгты кӕри фестдзӕн, ацы Кувӕндон цы хохыл арӕзт ӕрцыд, уый та фестдзӕнис хъӕд“.


уӕд Ӕз ацы хӕдзарӕн, Силомӕн цы бакодтон, уый бакӕндзынӕн, ацы сахар ӕппӕт зӕххы адӕмтӕ куыд ӕлгъитой, афтӕ“».


Мӕнӕ мигъау ссӕуы, йӕ бӕхуӕрдӕттӕ — зилгӕ дымгӕйы ’нгӕс; цӕргӕстӕй тагъддӕр тӕхынц йӕ бӕхтӕ. О, додойаг фестӕм, не сӕфт ӕрцыди!


Сӕ фыдракӕндтӕй Мӕ смӕсты кодтой, нӕдӕр уӕхӕдӕг, нӕдӕр уӕ фыдӕлтӕ кӕй нӕ зыдтой, уыцы хуыцӕуттӕн буд сыгътой ӕмӕ сын лӕггад кодтой.


фӕчъизи ис йӕ фӕччи! Нӕ хъуыды кодта фидӕныл, ӕмӕ ӕвиппайды фӕкалди, — йӕ разы сабыргӕнӕг нӕй! О Дунедарӕг! ӕркӕс-ма мын мӕ хъизӕмармӕ! Мӕ фыдгултӕн сӕ цины хъӕртӕ хъуысынц!


Дунедарӕг мын загъта: «Уыныс, адӕймаг, Израилы хистӕртӕй алчидӕр талынджы, йӕ гуымирыты нывтӕй фӕлыст уаты, цытӕ кӕны, уый? Уыдон дзурынц, Дунедарӕг мах нӕ уыны, зӕгъгӕ, Йӕхи, дам, атигъ кодта ацы зӕххыл».


Уый мын дзуапп радта: «Израил ӕмӕ Иудейы азым тынг стыр у. Ацы зӕхх тугӕй йедзаг у. Сахары мидӕг рӕстдзинадӕн йӕ кой дӕр нӕй. Афтӕ зӕгъынц, Дунедарӕг, дам, Йӕхи атигъ кодта а зӕххыл ӕмӕ ницы уыны.


Израилы ныхмӕ ӕвдисӕн лӕууы йӕ хирвӕссондзинад. Израил ӕмӕ Ефремы сӕ тӕригъӕдтӕ бабын кӕндзысты, Иудӕ дӕр бабын уыдзӕни семӕ.


Се ’ргом здахынц, фӕлӕ Иууылбӕрзондмӕ нӕ! Чи ныззылын ӕмӕ йӕ мысаныл чи нӕ сӕмбӕлы, ахӕм фаты хуызӕн систы. Сӕ къӕйных ныхӕсты тыххӕй се ’лдӕрттӕ карды амӕттаг бауыдзысты, ӕмӕ сыл мысырӕгтӕ сӕхи худӕгӕй хӕсдзысты.


Сымах тыххӕй Сион быдырау бахуым кӕндзысты, Йерусалим дуррӕдзӕгъдтӕ фестдзӕни, Кувӕндон цы хохыл лӕууы, уый та бӕлӕсты бын фӕуыдзӕни.


Ацы сахары хъӕздгуытӕ сӕ фыдмитӕй кӕй нал ӕфсӕдынц, йӕ цӕрджытӕ мӕнгард кӕй сты ӕмӕ сӕ раст ныхас кӕй нал хъуысы,


Фӕлӕ ӕгӕр сыгъдӕг сты Дӕ цӕстытӕ фыдракӕндтӕ уынынӕн. Бӕллӕхмӕ кӕсын нӕу Дӕ бон. Уӕдӕ фӕлитойтӕм куыд кӕсыс? Фыдгӕнӕг ӕнаххосы куы фӕныхъуыры, уӕд куыд фӕлӕууыс ӕдзӕмӕй?


Ӕви нӕм Бардарӕг смӕсты уа, уый нӕ фӕнды? Ӕмӕ, ау, мах Уымӕй тыхджындӕр стӕм?


цӕмӕй ӕнӕхуыцӕуттӕй алкӕмӕн дӕр стӕрхон кӕна, хурмӕ сын рахӕсса се ’нӕхуыцау митӕ ӕмӕ, Йӕ ныхмӕ кӕй дзырдтой, ӕппӕт уыцы къӕйных ныхӕстӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan