6 Йӕ хӕдзарвӕндагӕй искӕуыл, йе ’фсымӕрыл ныххӕцдзӕни адӕймаг ӕмӕ зӕгъдзӕн: «Уӕлӕфтау ис дӕуӕн, ӕмӕ нӕ фӕтӕг у, ацы кӕлддзӕгтӕн сӕрфат скӕн!»
Уый йын сомытӕ кӕндзӕни: «Ӕз хъӕдгӕмттӕ дзӕбӕхгӕнӕг нӕ дӕн! Мӕнӕн дӕр мӕ хӕдзары нӕ къӕбӕр ис, нӕ — дарӕс, ахӕм фӕтӕгӕй цы кӕнут?»
Уӕд авд сылгоймаджы иу нӕлгоймагыл ныххӕцдзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: «Нӕхицӕн къӕбӕр ӕмӕ дарӕс нӕхӕдӕг амал кӕндзыстӕм, ӕрмӕст нӕ дӕхицӕн устытӕ скӕн, худинагӕй нӕ фервӕзын кӕн».
Йесо базыдта, адӕм Ӕм ӕрбацӕуинаг кӕй сты, уый — паддзахӕй Йӕ сӕвӕрынмӕ, ӕмӕ иунӕгӕй фӕстӕмӕ хохмӕ ссыди.