5 Иу адӕймаг ӕфхӕрдзӕн иннӕйы, хион — хионы; ӕрыгӕттӕ хъаздзысты зӕрӕдтӕй, ӕнӕрӕгъыдзыдтӕ — уӕздӕттӕй.
Йерихонӕй Елисей араст ис Вефилмӕ. Сахармӕ нӕма бахӕццӕ, афтӕмӕй уырдыгӕй рацыди сабиты къорд ӕмӕ йыл худтысты, фидистӕ йын кодтой: «Рацу нӕм, цӕгӕрсӕр! Рацу нӕм, цӕгӕрсӕр!»
Додойаг фестут, тӕригъӕдджын адӕм, ӕгӕр стыр у уӕ азым! Фыдгӕнджыты мыггаг, фыдбоны гуырдтӕ! Ныууагътат Дунедарӕджы, Израилы Стыр Хуыцауы нал хъуыды кӕнут, уӕ чъылдым Ӕм раздӕхтат.
Уӕд ефремонты фыдӕхӕн кӕрон ӕрцӕудзӕни, уӕд иудейӕгты фыдӕхӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Ефремонтӕ иудейӕгтӕм нал хӕлӕг кӕндзысты, иудейӕгтӕ знаджы цӕстӕй нал кӕсдзысты ефремонтӕм.
Дунедарӕг зӕгъы: «Ӕз мысырӕгты кӕрӕдзиуыл сардаудзынӕн, ӕмӕ схӕцдзысты ӕфсымӕр ӕфсымӕримӕ, сыхаг сыхагимӕ, сахар сахаримӕ, паддзахад паддзахадимӕ.
Уымӕн ӕмӕ се ’нӕуагдзинад арт уадзы, каконтӕ ӕмӕ сындзытӕ ныхъуыры, тар хъӕды бӕлӕстӕ судзы, ӕмӕ арвмӕ арты фӕздӕг къуыбылӕйттӕй ссӕуы.
Дӕуӕн та дӕ цӕстытӕ ӕмӕ дӕ зӕрдӕ бӕллынц ӕрмӕст ӕфтиагмӕ, ӕнаххосты туг калынмӕ, ӕфхӕрд ӕмӕ тыхмимӕ!»
Дӕ гӕртамхорты аххосӕй адӕмы туг ныккӕлы. Ӕфстау дӕттыс пайда райсыны охыл, тыхӕй байсыс дӕ хионы исбон, Мӕн та ферох кодтай, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Урссӕрӕн-иу сыст ӕмӕ хистӕрӕн кад кӕн. Тӕрс дӕ Хуыцауӕй. Ӕз — Дунедарӕг.
Байхъусут ацы ныхасмӕ, башайнаг хъуццытӕ, Самарийы хохыл чи цӕры, уыдон! Сымах мӕгуырты ссӕндут, сабыр адӕмы ӕфхӕрут ӕмӕ дзурут уӕ хицӕуттӕн: «Нозт нын ӕрбахӕсс, ӕмӕ нуазӕм!»
Йе ’лдӕрттӕ тӕрхон кӕнынц гӕртӕмттыл, сауджынтӕ зонд амонынц фиддоныл, пехуымпартӕ сӕ рагуацтӕ уӕй кӕнынц ӕхцайыл, афтӕмӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Дунедарӕджы ӕххуысмӕ ӕмӕ дзурынц: «Ау, Дунедарӕг не ’хсӕн нӕй? Фыдбылыз ныл не ’рцӕудзӕн».
Зӕххыл хӕларзӕрдӕ адӕм нал ис, раст лӕджы никуыуал ссардзынӕ. Иууылдӕр систы лӕгмартӕ, алчи йе ’фсымӕры къӕппӕджы ’ппары.
Уымӕ гӕсгӕ Ӕз ацы зӕххы адӕмӕн нал ныббардзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Сфыдӕх сӕ кӕндзынӕн кӕрӕдзимӕ, сӕ паддзах дӕр сӕ ныхмӕ суыдзӕни, бӕстӕ ныззыгуым кӕндзысты, фӕлӕ Ӕз никӕй фервӕзын кӕндзынӕн.
Рӕхджы уӕм Ӕз тӕрхон кӕнынмӕ ’рцӕудзынӕн! Ӕз хурмӕ рахӕсдзынӕн кӕлӕнгӕнджыты, хӕтаг адӕмы, йӕ ард чи сайы, йе ’ххуырстӕн мызд чи нӕ фиды, идӕдз ӕмӕ сидзӕры чи ’фхӕры, ӕцӕгӕлоны ӕввахс чи нӕ уадзы ӕмӕ Мӕнӕй чи нӕ тӕрсы, уыдоны хъуыддӕгтӕ, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Ӕмӕ Йын иутӕ Йӕ цӕсгомыл тутӕ кӕнын райдыдтой, иннӕтӕ Йын цавтой Йӕ рустӕ
Ӕмӕ Йыл чидӕртӕ тутӕ кӕнын райдыдтой, Йӕ цӕсгом-иу Ын бамбӕрзтой, цавтой Йӕ ӕмӕ Йын дзырдтой: «Кӕд пехуымпар дӕ, уӕд Дӕ чи ныццавта, уый-ма базон». Хъахъхъӕнджытӕ дӕр Ын Йӕ рустӕ цавтой.
Йӕ цӕстытыл-иу Ын ныххӕцыдысты ӕмӕ Йын дзырдтой: «Кӕд пехуымпар дӕ, уӕд Дӕ чи ныццавта, уый базон».
Сымах та мӕгуыры ницӕмӕ ӕрдардтат. Бонджынтӕ уӕ не ссӕндынц ӕмӕ уӕ тӕрхондӕттӕм уыдон нӕ рарвит-барвит кӕнынц, мыййаг?
Уӕ хуымтӕ уын чи ныккарста, уыцы кусджыты мызд уӕхи бакодтат, ӕмӕ уыдон ӕрдиаг кӕнынц хъӕлӕсыдзагӕй. Уыцы хуымгӕрдджыты хъаст сыхъуысти Уӕларвӕфсады Бардарӕгмӕ.