4 Хъуымызбылты сын скӕндзӕни фӕтӕгтӕ, сабитӕ сын суыдзысты хицӕуттӕ.
Менассиа паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууадӕс азы ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта фынддӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы.
Иосиа паддзах куы сси, уӕд ыл цыди аст азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста иуӕндӕс ӕмӕ ссӕдз азы.
Цедекиа паддзах куы сси, уӕд ыл цыди иу ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста иуӕндӕс азы.
Иоахаз паддзах куы сси, уӕд ыл цыди ӕртӕ ӕмӕ ссӕдз азы ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста ӕртӕ мӕйы.
Иоаким паддзах куы сси, уӕд ыл цыди фондз ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста иуӕндӕс азы. Дунедарӕгӕн, йӕ Хуыцауӕн, ӕнӕуынон цы уыди, уыдӕттӕ кодта.
Йехониа паддзах куы сси, уӕд ыл цыди аст азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста ӕртӕ мӕйы. Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы уыди, уыдӕттӕ кодта.
Додойаг у, йӕ паддзах ӕвӕлтӕрд лӕппу кӕмӕн у, йӕ уӕздӕттӕ ӕхсӕвӕй бонмӕ куывдты кӕм бадынц, уыцы бӕстӕ.
Хъуымызбыл залымтӕ ӕфхӕрынц мӕ адӕмы, сылгоймӕгтӕ кӕнынц ӕлдариуӕг. Уӕ мӕ адӕм! Дӕ раздзӕуджытӕ дӕ рӕдийын кӕнынц, галиу фӕндагыл дӕ ардауынц.
Дунедарӕг загъта: «Сионы чызджытӕ ӕгӕр хъал сты, фервӕссыдысты сӕхиуыл. Сӕ сӕртӕ бӕрзӕндты хӕсгӕйӕ, рацӕйцӕуынц ӕмӕ сӕ цӕстӕнгасӕй цырен кӕнынц монцтӕ. Куы рацӕйсирынц, уӕд сӕ къӕхты фӕлындӕнтӕ дзыгъал-мыгъул кӕнын байдайынц.
ӕфсады хицӕутты, уӕздӕтты, уынаффӕгӕнджыты, дӕсныфӕрсджыты ӕмӕ кӕлӕнгӕнджыты.
Дунедарӕг афтӕ смӕсты ис Иудей ӕмӕ Йерусалиммӕ, ӕмӕ сыл Йӕхи атигъ кодта. Цедекиа Вавилоны паддзахы ныхмӕ сыстад.