Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 3:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Уӕд хӕрздӕфы бӕсты сӕ хай суыдзӕни смаг, роны бӕсты — астӕубос, къӕбӕлдзыджы бӕсты — цӕгӕр сӕр, бӕрӕгбоны дарӕсы бӕсты — сӕхъис; рӕсугъддзинады бӕсты — худинаг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 3:23
14 Iomraidhean Croise  

Авраамы цагъары афарста: «Быдыры махӕрдӕм чи ӕрбацӕуы, уыцы лӕг чи у?» Цагъар загъта: «Уый ме ’лдар у». Уӕд чызг райста ӕмбӕрзӕн ӕмӕ дзы йӕхи ӕрбатыхта.


Йӕ къухӕй рафтыдта йӕ мыхуырӕвӕрӕн къухдарӕн ӕмӕ йӕ Йосефы къухыл бакодта. Йӕ уӕлӕ йын скодта гӕнӕлвыст дарӕс, йӕ хъуырыл ын ӕрцауыгъта сыгъзӕрин рӕхыс.


Давидӕн йӕ уӕлӕ уыди пӕлӕз, лыстӕг гӕнӕй уафт хъуымацӕй; ахӕм пӕлӕзтӕ уыди Фидыды Чырын хӕссӕг левиттӕн се ’ппӕтыл дӕр, стӕй ма зарӕггӕнджытӕ ӕмӕ сӕ разамонӕг Кенаниайыл. Давидыл ма ноджы уыди гӕн хъуымацӕй ефод дӕр.


Уый фӕстӕ Бецалел ӕрхуыйӕ сарӕзта хихсӕн аг ӕмӕ йын скодта ӕрхуы суанцъы. Скодта сӕ, Фембӕлды Цатыры къӕсӕры раз чи лӕггад кодта, уыцы сылгоймӕгты ӕрхуы айдӕнтӕй.


Хъахъхъӕнджытыл сӕмбӕлдтӕн — зылдысты сахарыл. Фӕнадтой мӕ, фӕцӕфтӕ мӕ кодтой, мӕ уӕлӕфтау мын раластой мӕ уӕлӕйӕ сахары систӕ хъахъхъӕнджытӕ!


айдӕнтӕ, хӕдӕттӕ, сарыхътӕ ӕмӕ кӕлмӕрзӕнтӕ.


Кардылӕфтыд фӕуыдзысты хӕсты быдыры дӕ лӕппутӕ, де ’хсарджынтӕ.


Ӕрмгуыроймӕ ӕрӕвнал ӕмӕ ссын райдай! Дӕ кӕрдӕн сис, дӕ фӕччитыл схӕц, дӕ уӕрджытӕ байгом кӕн ӕмӕ дӕтты сӕрты хиз!


Уый фӕстӕ дын дӕ уӕлӕ скодтон нывӕфтыд дарӕс, дӕ къӕхтыл — гогырӕ сӕракӕй дзабыртӕ, дӕ астӕу дын ӕрбатыхтон гӕн хъуымацӕй, зӕлдагӕй дӕ ӕрӕмбӕрзтон.


Ӕз бардзырд дӕттын: йӕ сӕрыл ын сыгъдӕг худ ӕркӕнут». Ӕмӕ йын йӕ сӕрыл сыгъдӕг худ ӕркодтой, дарӕсы йӕ сфӕлыстой. Уыцы рӕстӕг Дунедарӕджы зӕд лӕууыди уым.


Уыдис иу хъӕздыг лӕг, уый дардта зынаргъ ӕмӕ рӕсугъд дарӕс, хъал цард кодта.


Уӕларвон ӕфсад урс бӕхтыл цыдысты Йӕ фӕдыл, гӕн хъуымацӕй дарӕсы — урс-урсид ӕмӕ сыгъдӕг.


Ӕркодтой йыл гӕн хъуымацӕй дарӕс — сыгъдӕг ӕмӕ тӕмӕнкалгӕ». Гӕн хъуымацӕй дарӕс — сыгъдӕджыты раст хъуыддӕгтӕ.


Стӕй йын ноджыдӕр загъта: «Рафтау-ма дӕ уӕлгуыр ӕмӕ йӕ ӕрбадар». Руф ӕм ӕй бадардта, ӕмӕ дзы Боаз ӕхсӕз мӕрты хъӕбӕрхор сӕвгӕдта, сӕккой йын ӕй кодта, йӕхӕдӕг сахармӕ ацыд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan