Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 3:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 се ’хсарджын балхонты ӕмӕ сӕ хӕстонты, тӕрхонгӕнджыты ӕмӕ пехуымпарты, зонынджынты ӕмӕ мыггӕгты хистӕрты,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 3:2
12 Iomraidhean Croise  

Афтӕ хыгъд ӕрцыдысты Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгтӕ ӕмӕ мыггӕгтӕ, фыст сты Израилы паддзӕхты чиныджы. Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ кӕй сивтой, уый тыххӕй иудейӕгты уацары атардтой Вавилонмӕ.


Дунедарӕджы къухы ис ӕхсидгӕ сӕны кӕхц, маст хъацӕнтӕй — йедзаг, ӕмӕ Уый ӕгас зӕххы ӕнӕхуыцӕуттӕн уыцы сӕнӕй бануазын кӕндзӕн йӕ бынтӕм.


ӕфсады хицӕутты, уӕздӕтты, уынаффӕгӕнджыты, дӕсныфӕрсджыты ӕмӕ кӕлӕнгӕнджыты.


«Ӕгоммӕгӕс адӕмы бафӕрс, уый цы нысан кӕны, уый, зӕгъ, нӕ зонут? Афтӕ сын зӕгъ: „Мӕнӕ Вавилоны паддзах ӕрбацыд Йерусалиммӕ, ӕрцахста паддзахы ӕмӕ йӕ дӕлдӕрты ӕмӕ сӕ акодта йӕхимӕ, Вавилонмӕ.


Ныр паддзахы мыггагӕй та равзӕрста ӕндӕры, йемӕ сарӕзта фидыд ӕмӕ йын ард бахӕрын кодта. Стӕй йемӕ акодта уыцы бӕстӕйы тыхджынты,


Дунедарӕг мын загъта: «Уыныс, адӕймаг, Израилы хистӕртӕй алчидӕр талынджы, йӕ гуымирыты нывтӕй фӕлыст уаты, цытӕ кӕны, уый? Уыдон дзурынц, Дунедарӕг мах нӕ уыны, зӕгъгӕ, Йӕхи, дам, атигъ кодта ацы зӕххыл».


Ӕз фехъуыстон, иннӕтӕн цы загъта, уый дӕр: «Сымах та цӕут йӕ фӕдыл ӕмӕ адӕмы цӕгъдут. Уӕ цӕст сын ма фӕтӕригъӕд кӕнӕд ӕмӕ сын ма ныббарут.


Ӕз уыцы бӕстӕйы хицауы йе ’ппӕт ӕлдӕрттимӕ фесафдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan