Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 3:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Дунедарӕг загъта: «Сионы чызджытӕ ӕгӕр хъал сты, фервӕссыдысты сӕхиуыл. Сӕ сӕртӕ бӕрзӕндты хӕсгӕйӕ, рацӕйцӕуынц ӕмӕ сӕ цӕстӕнгасӕй цырен кӕнынц монцтӕ. Куы рацӕйсирынц, уӕд сӕ къӕхты фӕлындӕнтӕ дзыгъал-мыгъул кӕнын байдайынц.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 3:16
16 Iomraidhean Croise  

Сӕфты размӕ фӕзыны сӕрыстырдзинад, ӕрхауыны размӕ — ӕнӕввӕрсондзинад.


Ӕнӕрвӕссон бакаст ӕмӕ сӕрыстыр зӕрдӕ ӕнӕхуыцауӕн цырагъы хуызӕн сты, фӕлӕ уый тӕригъӕд у.


Ис, ӕнӕввӕрсон чи у, ахӕмтӕ, иннӕтӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ кӕсынц.


Сионы чызджытӕ! Рацӕут ӕмӕ паддзах Соломоны кады худ фенут! Йӕ ныййарӕг мад ыл ӕй йӕ чындзӕхсӕвы, йӕ цины бон ӕркодта!


Сионы чызг аззад сӕндоны халагъудау, цӕхӕрадоны мусонгау, знӕгтӕ кӕуыл ӕртыхстысты, уыцы сахарау.


Хъынцъым кӕны, баруади зӕхх, ӕгас дуне ныттар ис ӕмӕ сӕфы; зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн сӕ барджын хицӕуттӕ сӕфынц.


Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Йерусалим ӕмӕ Иудейӕн байсдзӕни сӕ алы ӕххуыс ӕмӕ ӕнцойгӕнӕн быцӕу, сӕ дон ӕмӕ сӕ къӕбӕры хай,


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Сионы чызджытӕн сӕ сӕртӕ ныггӕмӕх кӕндзӕн, сӕ бецыктӕ сын адасдзӕн».


Уыцы бон сын Дунедарӕг байсдзӕни сӕ фӕлындӕнтӕ: къахылдарӕн цӕгтӕ, хурӕнгӕс фӕрдгуытӕ, мӕйӕнгӕс фӕрдгуытӕ,


Хъуымызбылты сын скӕндзӕни фӕтӕгтӕ, сабитӕ сын суыдзысты хицӕуттӕ.


Афтӕмӕй Дунедарӕг се ’лгъаг чъизитӕ ӕрӕхсдзӕни Сионы чызджытӕн, Йӕ арттӕрхоны фӕрцы Йерусалимы сахар йӕ тугтӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн.


Уыцы бон дын Ӕз, Мӕ ныхмӕ цы тӕригъӕдтӕ фӕкодтай, уыдон дӕ цӕстмӕ нал бадардзынӕн, уымӕн ӕмӕ дын де ’хсӕнӕй сӕрыстыр ӕмӕ ӕнӕввӕрсон адӕмы фӕсурдзынӕн, ӕмӕ уӕд Мӕ уаз хохыл схъӕл ныхӕстӕ нал кӕндзынӕ.


«Зӕгъут Сионы чызгӕн: мӕнӕ дӕм дӕ сӕрныллӕг Паддзах фӕцӕуы къӕлӕуыл, хӕрӕджы лӕппыныл бадгӕйӕ».


Йесо сӕм разылд ӕмӕ сын загъта: «Йерусалимы чызджытӕ! Ма кӕут Мӕныл, уӕхиуыл ӕмӕ уӕ сывӕллӕттыл кӕут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan