15 Чи уын радта уыцы бар, ӕмӕ Мын Мӕ адӕмы ӕфхӕрат, мӕгуырты удхарӕй марат?» — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Уый у денджыз дӕр, Уый йӕ сфӕлдыста, ӕмӕ сур дӕр сарӕзтой Йӕ къухтӕ.
Фараоны цӕстдарджытӕ та, Израилы адӕмы сӕргъы кӕй сӕвӕрдтой, уыцы хъахъхъӕнджыты надтой, цы ’мбӕлы, уый цӕуылнӕ кӕнут, зӕгъгӕ, ӕмӕ дзырдтой: «Самандуртӕ ныронджы бӕрц куыд уа!»
Иуӕй-иутӕн сӕ дӕндӕгтӕ сты хъаматӕ, се ’фсӕртӕ — кӕрдтӕ, цӕмӕй мӕгуырты ӕмӕ, алцӕмӕй дӕр ӕнӕхай чи у, уыдоны ныхъуырой.
цӕмӕй Мӕ адӕмы мӕгуыртӕн ӕмӕ ӕнӕбонтӕн раст тӕрхон ма кӕной, сӕ бартӕ сын ссӕндой, идӕдз устыты, сидзӕр сабиты стигъой.
Уӕд Мӕ адӕмы мӕгуырдӕртӕ хӕринагӕй бафсӕддзысты, гӕвзыччытӕ ӕдас ӕмӕ ӕнӕмӕтӕй цӕрдзысты. Сымах та Хуыцау сыдӕй амардзӕн, чи ма уӕ баззайа, уыдоны та ныццӕгъддзӕн.
Ныр къӕхты бын ныцци — цӕуынц ыл къахӕй мӕгуыртӕ, гӕвзыччытӕ».
Сӕрныллӕджытӕн Дунедарӕг ног циндзинад ӕрхӕсдзӕн, мӕгуыртӕн сӕ зӕрдӕ барайдзӕн Израилы Стыр Хуыцауы фӕрцы.
Уымӕ гӕсгӕ Израилы Уаз Хуыцау афтӕ зӕгъы: „Сымах уӕхи кӕй атигъ кодтат ацы ныхасыл, тыхми ӕмӕ мӕнгдзинадыл уӕ зӕрдӕ кӕй дарут,
Уымӕн ӕмӕ ӕнӕхуыцау ӕнӕхуыцау ныхӕстӕ кӕны, фыдвӕндтӕ кӕны йӕхимидӕг, ӕнӕхуыцау сты йӕ митӕ, Дунедарӕджы тыххӕй тӕригъӕд дзуры, ӕххормагӕн комдзаг хӕлӕг кӕны, дойныйӕ мӕлӕгӕн — дон.
Израилы адӕм — Уӕларвӕфсады Бардарӕджы сӕндон; Йӕ уарзон талатӕ — иудейӕгтӕ. Уый Раст тӕрхон агуырдта Йӕ адӕмӕй, фӕлӕ туг ныууарыди, рӕстдзинад сӕ домдта, фӕлӕ Йӕм мӕнӕ фӕдисхъӕр хъуысы.
О, ком даргӕйӕ, хыл ӕмӕ хъаугъа самайут ӕмӕ тымбыл къухӕй нӕмут уе ’ххуырстыты. Ӕмӕ уын афтӕмӕй куыд хъуамӕ фехъусон уӕ ком дарыны куывдтытӕ?
Афтӕ зӕгъы: «Адон Мӕхи адӕм сты, сайын чи нӕ зоны, ахӕм сывӕллӕттӕ». Ӕмӕ Дунедарӕг у нӕ Ирвӕзынгӕнӕг.
«Израилы зӕххыл ахӕм ӕмбисонд цӕмӕн дзурут: „Туаг сӕнӕфсир фыдӕлтӕ хордтой, цъӕхдӕндаг та сӕ цот фесты“?
Науы хистӕр ӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Цы фынӕй кӕныс?! Сыст, дӕ Хуыцаумӕ фӕсид ӕххуысмӕ, кӕд нӕм Йе ’ргом раздахид ӕмӕ нӕ фесӕфиккам».