13 Дунедарӕг райдыдта тӕрхон кӕнын, адӕмтӕн тӕрхон кӕнынмӕ сыстади.
цӕмӕй ме знаг ма зӕгъа: «Фӕуӕлахиз ыл дӕн». Цӕмӕй фыдгултӕ ма ныццин кӕной, мӕнӕйуый нал ис, зӕгъгӕ.
Зарӕг. Асафы псалом.
Уый фӕстӕ-иу ӕрбацӕут, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ хъуыддагмӕ ӕркӕсдзыстӕм. Уӕ тӕригъӕдтӕ сырх-сырхид куы уой — митау уын сурс уыдзысты, сӕнт сырх куы уой — сурс уыдзысты урс къуымбилау.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕ адӕмы Мастисӕг: «Уӕ къухӕй уын фӕстӕмӕ исын Мӕ азар ӕмӕ Мӕ фыдӕхы нуазӕн. Нырӕй фӕстӕмӕ уын ӕй нал дӕтдзынӕн.
Дунедарӕг арт ӕмӕ кардӕй тӕрхон кӕндзӕн адӕмӕн, ӕмӕ Дунедарӕджы цӕфӕй бирӕтӕ сӕ мӕлӕт ссардзысты.
Уадз, адӕмтӕ сыстой ӕмӕ Иосафаты дӕлвӕзмӕ ӕрбацӕуой. Ӕз уыцы ран ӕрбаддзынӕн ӕмӕ тӕрхон кӕндзынӕн сӕ алыварс цӕрӕг адӕмтӕн.
Байхъусут, Дунедарӕг цы зӕгъы, уымӕ: «Сыст, дӕ хъаст хӕхты размӕ рахӕсс, уадз ӕмӕ дын къуыбыртӕ дӕ хъӕлӕс фехъусой!
Байхъусут, хӕхтӕ, Дунедарӕджы тӕрхонмӕ, хъусгӕ кӕнут сымах дӕр, зӕххы фидар бындуртӕ! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн тӕрхон кӕны, азымджын кӕны Израилы.