11 Фыдгӕнӕгӕн та додой йӕ къона! Йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын бафыстӕуыдзӕн.
Уый ма ’рцӕуӕд, ӕмӕ Ды афтӕ бакӕнай, ӕнаххос фыдгӕнӕджы хал ахӕра! Уый ма ’рцӕуӕд! Ӕппӕт зӕххӕн Тӕрхонгӕнӕг куыннӕ хъуамӕ рахӕсса раст тӕрхон?»
Кӕд мӕ паддзахӕй байсӕрстой, уӕддӕр мӕнмӕ нырма уый бӕрц тых нӕй, ацы Церуайы фырттӕ та ӕгӕр ӕгъатыр сты. Фӕлӕ сын Дунедарӕг схос кӕнӕд сӕ фыдракӕнды тыххӕй!»
Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг зӕгъы: „Ӕз Ахавы хӕдзаронты фыдбылызы амӕттаг бакӕндзынӕн, цагъайраг уа ӕви сӕрибар — иу лӕппу-байзӕддаг дӕр ӕм нал ныууадздзынӕн Израилы адӕмы ’хсӕн.
уӕд-иу ын уӕларвӕй йӕ ардбахӕрд фехъус ӕмӕ-иу аххосджынӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕн, ӕназымы та-иу сраст кӕн, йӕ рӕстдзинад-иу ын сбӕлвырд кӕн.
Кӕд аххосджын дӕн, уӕд — додой мӕ къона! Кӕд мӕм азымӕй ницы ис, уӕддӕр мӕ сӕр хӕрдмӕ сисын нӕ бауӕнддзынӕн. Къӕхты бынмӕ ’рхаудтӕн, худинаджы бын фӕдӕн, мастӕй мӕ хъуырмӕ сдӕн.
Дунедарӕджы хъӕлӕс — хъомысджын, Дунедарӕджы хъӕлӕс — стыр диссаг.
Паддзах та цин кӕндзӕни Хуыцауыл. Хуыцауӕй сомыгӕнджытӕ райдзысты, фӕливджытӕ та багомыг уыдзысты.
уый аххосӕй сӕ хъуыддӕгты дыргътӕй бафсӕддзысты, ӕмӕ сӕ фӕндтӕ бафтдзысты сӕ къухы.
Кӕд раст адӕймагӕн йӕ хъуыддӕгтӕ йӕ цӕргӕбонты бафыстӕуы, уӕд ӕнӕхуыцӕуттӕн ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕн та — уӕлдайдӕр.
Адӕймаг йӕ ныхӕсты фарнӕй ӕфсӕды, йӕ хъиамӕт ӕм хӕрзиуӕджы хуызы раздӕхы.
Уӕрм чи къахы, уый дзы йӕхӕдӕг ныххаудзӕн; дур чи тулы, уый йӕхӕдӕг йӕ быны фӕуыдзӕн.
Тӕригъӕдджын та хорзӕй ницы фендзӕнис, аууонау фӕцыдӕр уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ никуы тарст Хуыцауӕй.
«Ӕз бафхӕрдзынӕн дуне йӕ тӕригъӕдты аххосӕй, ӕнаккӕгты — сӕ фыдракӕндты тыххӕй. Кӕрон скӕндзынӕн хъалты сӕрхызтӕн, ӕрныллӕг кӕндзынӕн сӕрбӕрзонд ӕфхӕрджыты.
«Ӕнаккӕгтӕ ӕнцой нӕ фендзысты!» — зӕгъы Дунедарӕг.
Уым никуыуал ахуысдзӕни сабийы зынг, иу ацӕргӕ дӕр дзы нал амӕлдзӕни, цалынмӕ хӕрз зӕронд бауа, уӕдмӕ. Сӕдӕаздзыдӕй чи амӕла, уымӕй дзурдзысты, цардхъуаг уыди, зӕгъгӕ. Ӕнус чи нӕ фӕцӕра, уымӕй, ӕлгъыст фӕци, зӕгъгӕ, дзурдзысты.
Се ’наккаг митӕ Мӕм фыст сты, ӕмӕ Ӕз нӕ банцайдзынӕн, цалынмӕ сӕ Мӕ маст райсон, уӕдмӕ.
Бафхӕрдзынӕн сӕ сӕхи ӕмӕ сӕ фыдӕлты азымы тыххӕй. Уыдон хӕхтӕ ӕмӕ уӕлвӕзтыл сыгътой буд ӕмӕ Мын уымӕй ӕгад кодтой Мӕ ном. Гъемӕ ныр ӕфхӕрд баййафдзысты се ’ппӕт хъуыддӕгты тыххӕй дӕр». Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг.
Ӕз уын уӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Уӕ хъӕдыл уын арт бандзардзынӕн, ӕмӕ уыцы арт, йӕ алыварс цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр аныхъуырдзӕн».
Уымӕн ӕмӕ-иу алкӕмӕн дӕр мӕлӕты тӕрхон рахӕсдзысты йӕхи фыдракӕндтӕм гӕсгӕ: цъӕх сӕнӕфсир чи бахӕра, уымӕн-иу фехӕлдзысты йӕ дӕндӕгтӕ».
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Ӕз дын дӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн: Мӕ сомыйыл Мын дӕхи атигъ кодтай ӕмӕ фехӕлдтай нӕ фидыд.
Тӕригъӕдтӕ чи кӕны, уый та амӕлдзӕни. Фыды азым фыртӕй не ’рдомдӕуыдзӕн, фырты азым та — фыдӕй. Рӕстгӕнӕгӕн йӕ рӕстад баззайдзӕни йемӕ, ӕнаккагӕн та тӕрхонгӕнӕг уыдзысты йе ’наккаг митӕ.
Уый мын ӕй райхӕлдта мӕ разы, ӕмӕ ӕз федтон — чиныгыл дыууӕрдыгӕй дӕр фыст: «хъарӕг, хъӕрзын ӕмӕ додой».
Афтӕ зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг. Афон ӕрцӕудзӕн ӕмӕ Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн. Мӕ фӕнд нӕ аивдзынӕн, нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн ӕмӕ нӕ ныббардзынӕн. Стӕрхон дын кӕндзынӕн, цы фӕндагыл лӕууыс ӕмӕ цы хъуыддӕгтӕ аразыс, уыдонмӕ гӕсгӕ», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Ӕнаккагӕн Ӕз афтӕ куы зӕгъон, ӕнӕмӕнг амӕлдзынӕ, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ ды рагацау куынӕ бахизай, цӕмӕй йӕ фыдвӕндӕгтӕ ныууадза, уый тыххӕй, уӕд ӕнаккаг амӕлдзӕн йӕ тӕригъӕды аххосӕй, фӕлӕ Ӕз дзуапп ӕрдомдзынӕн дӕуӕй.
Дунедарӕгмӕ дзыназдзысты, фӕлӕ сӕ Уый нӕ фехъусдзӕн, уыцы заман сӕ Йӕ цӕсгом бамбӕхсдзӕн сӕ фыдракӕндты аххосӕй.
Уыцы зӕхх та йӕ цӕрджыты азымы тыххӕй, сӕ хъуыддӕгты аххосӕй, ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕни.
Афтӕ куынӕ бакӕнат, уӕд та тӕригъӕдджын уыдзыстут Дунедарӕджы раз, ӕмӕ уӕ уыцы тӕригъӕды азар кӕй баййафдзӕн, уый зонут.
Уымӕн ӕмӕ не ’ппӕты дӕр Чырыстийы тӕрхоны раз ӕрлӕууын бахъӕудзӕни, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр лӕвӕрд ӕрцӕуа, йӕ буары ма куы уыди, уӕд хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр цы сарӕзта, уымӕ гӕсгӕ.
Хатыргӕнаг чи нӕу, уымӕн тӕрхондоны хатыр нӕ уыдзӕн; хорзӕхджынӕн тӕрхонӕй тас нӕу.
Шехемӕгтӕн дӕр Хуыцау сӕ фыдракӕндтӕ бафидын кодта. Афтӕ сӕххӕст Иеруббаалы фырт Йотамы ӕлгъыст.