Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 28:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Додой йӕ къона расыггӕнаг ефремонты рӕсугъд бӕстӕн, йӕ аив фӕлысты чи баруади, уыцы дидинӕгӕн, дзаджджын уӕлвӕзӕн — фыднозты рын сыстади йӕ цӕрджытыл!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 28:1
28 Iomraidhean Croise  

Израилы паддзах Фекахы заман Израилмӕ ӕрбабырста Тиглат-Пилесер, Ассирийы паддзах. Бацахста сахартӕ Ийон, Авел-Бет-Мааха, Йаноах, Кедеш ӕмӕ Хацор; Галаад ӕмӕ Галилейы зӕххытӕ, стӕй Неффалимы хӕдзарвӕндаджы зӕхх иууылдӕр. Сӕ цӕрджытӕ хаст ӕрцыдысты Ассиримӕ.


Ремалийы фырт Феках иу бонмӕ иудейӕгтӕй ныццагъта сӕдӕ дыууын мин ӕхсарджын хӕстоны, уымӕн ӕмӕ Иудейы адӕм сӕхи атигъ кодтой Дунедарӕгыл, сӕ фыдӕлты Хуыцауыл.


Кӕмӕн хъуысынц сӕ кӕуын ӕмӕ сӕ хъӕрзын? Загъд ӕмӕ судзаг хъаст чи кӕны? Кӕмӕн сцъӕхтӕ ис йӕ буар? Йӕ цӕстытӕ кӕмӕн ныссырх сты?


Сауджынтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ ныррасыг сты сӕнӕй ӕмӕ цудтытӕ кӕнынц; карз нозт бануазынц ӕмӕ сӕ развӕндаг дӕр нал фӕуынынц; сӕ зонд фӕцыди карз нозтӕй, сӕ цӕстылуайӕнтӕ раст не сты, уынаффӕ хӕсгӕйӕ, рӕдийынц.


Додой сӕ къона, сӕумӕйӕ нозты фӕдыл чи зилы, фӕсахсӕвӕрты дӕр ӕнӕ сӕн чи нӕ лӕууы!


Додой сӕ къона, йе ’хсар сӕн нуазыныл кӕмӕн у, йӕ хъомыс та — хъӕбӕр нозт уадзыныл.


Уый „баба“ ӕмӕ „гыцци“ дзурын нӕма базондзӕн, афтӕ Дамаскы бынтӕ ӕмӕ Самарийы хӕзнатӕ Ассирийы паддзахы хай бауыдзысты».


Уымӕ гӕсгӕ сын Дунедарӕг Рецины ӕфсад сӕ ныхмӕ сыстын кӕндзӕн, хӕцӕнгарзӕй сифтонг кӕндзӕн фыдгулты:


Дунедарӕг Израилы паддзахадӕн, Йаковы байзӕддагӕн, хӕссы Йӕ тӕрхон.


Хъуамӕ адӕм иууылдӕр — Ефремы байзӕддӕгтӕ ӕмӕ Самарийы цӕрджытӕ — уыцы хъуыддаг базоной, уымӕн ӕмӕ схъӕл ныхас кӕнынц стырзӕрдӕйӕ:


Хӕлд митӕ, зӕронд ӕмӕ ног сӕн сӕ царды сӕйраг систы.


Израилы ныхмӕ ӕвдисӕн лӕууы йӕ хирвӕссондзинад. Израил ӕмӕ Ефремы сӕ тӕригъӕдтӕ бабын кӕндзысты, Иудӕ дӕр бабын уыдзӕни семӕ.


Мӕ азары бон Ефрем ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕн. Уый Израилы хӕдзарвӕндӕгты ’хсӕн хъусын кӕнын Ӕз.


Израилы хӕдзары стыр диссӕгтӕ уынын: фехӕлди Ефрем, фӕчъизи ис Израил.


Нӕ паддзахы бӕрӕгбоны ӕлдӕрттӕ уый бӕрц сӕн бануӕзтой, ӕмӕ рынчынты хуызӕн систы, паддзах та уыцы цъаммартӕм йӕ къух бадардта.


Ӕз уын басӕтдзынӕн уӕ сӕрыстырдзинад, уӕ сӕрмӕ уын арв ӕфсӕны хуызӕн скӕндзынӕн, уӕ къӕхты бын зӕхх та — ӕрхуыйы ’нгӕс.


Сымах та-иу, Мӕхицӕн кӕй снывонд скодтон, уыдоны сӕнӕй ныррасыг кодтат, Мӕ пехуымпартӕн сдзурыны бар нӕ лӕвӕрдтат.


Хӕсы ныхмӕ цы ’мбӕрзӕнтӕ райсынц, уыдоныл алы нывондхӕссӕны раз хуыссынц, сӕ Хуыцауы Кувӕндоны нуазынц сӕн — кӕйдӕр ивар!


Байхъусут ацы ныхасмӕ, башайнаг хъуццытӕ, Самарийы хохыл чи цӕры, уыдон! Сымах мӕгуырты ссӕндут, сабыр адӕмы ӕфхӕрут ӕмӕ дзурут уӕ хицӕуттӕн: «Нозт нын ӕрбахӕсс, ӕмӕ нуазӕм!»


Додойаг сты, Сионы хохыл, Самарийы къуыбырыл ӕнӕмӕтӕй чи цӕры, адӕмты ’хсӕн фыццаг бынат чи ахсы, уыцы адӕмы барджынтӕ, ӕгас Израил ныфсджын кӕмӕй сты, уыдон!


Пылыстӕг сынтӕджытыл хуыссут ӕмӕ буц дарут уӕхи; уӕрыччыты, хӕрзхаст родты фыд хӕрут, дыууадӕстӕнонтыл цӕгъдут ӕмӕ зарут — Давид ма уӕ кӕцӕй аййафдзӕн! Стыр кӕхцытӕй сӕн нуазут, хӕрздӕфгӕнӕнтӕй уӕхимӕ зилут, ӕмӕ уӕм Йосефы байзӕддӕгты сӕфт нымады дӕр нӕу!


Дунедарӕг Хуыцау сомы кӕны Йӕхицӕй, Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, зӕгъы: Йаковы сӕрыстырдзинад Мын ӕлгъаг у, Йӕ галуантӕ Мын сты ӕнӕуынон, Ӕз ын йӕ сахар йе ’ппӕт цӕрджытимӕ знаджы къухмӕ ратдзынӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan