Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 27:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Дунедарӕг кӕд дӕрӕн кодта Израилы адӕмы, сӕ дӕрӕнгӕнджытӕ сӕ куыд дӕрӕн кодтой, афтӕ? Кӕд сӕ мардта, сӕ марджытӕ сӕ куыд мардтой, афтӕ?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 27:7
17 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг Сионы хох ӕмӕ Йерусалимы ныхмӕ цы сфӕнд кодта, уый куы сӕххӕст кӕна, уӕд Ассирийы паддзахы бафхӕрдзӕн, сӕрбӕрзонд кӕй сси ӕмӕ иннӕтӕм ӕнӕввӕрсон цӕстӕй кӕсы, уый тыххӕй.


Стыр Хуыцау — Израилы Рухс — арт фестдзӕн ӕмӕ йын ӕмбойны бавзалы кӕндзӕн йӕ каконтӕ ӕмӕ йӕ сындзытӕ.


Изӕрӕй сыл фыд азар бафтдзӕн, ӕмӕ сӕ райсоммӕ иу дӕр нал баззайдзӕн. Ахӕм хъысмӕт кӕсы не стигъджытӕм, ахӕм амонд — царӕфтыд нӕ чи кодта, уыдонмӕ.


Ефремы зӕххыл фидаргонд сахар нал баззайдзӕн, Дамаскы та — паддзӕхтӕ. Арамы цӕрджытӕй ма чи аирвӕза, уыдонӕн израилӕгтау фесӕфдзӕни сӕ кад, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Ассири ӕмризӕджы нырриздзӕн Дунедарӕджы хъӕрӕй, Йӕ лӕдзӕджы цӕфӕй.


«Ассириӕгтӕн се сӕфт ӕрцӕудзӕни кардӕй, фӕлӕ адӕймаджы кардӕй нӕ; карды амӕттаг фӕуыдзысты, фӕлӕ уый адӕмы кард нӕ уыдзӕн. Лидзӕг фӕуыдзысты кардӕй, сӕ сахъ хӕстонтӕ суыдзысты цагъартӕ.


Фыр тӕссӕй сӕ паддзах дӕр лидзӕг фӕуыдзӕн, йӕ дӕлдӕртӕ — ӕфсады хицӕуттӕ — ӕмризӕджы нырриздзысты иудейаг тырысайы уындӕй!» — зӕгъы Дунедарӕг, Сионы хохыл Йӕ арт Кӕмӕн судзы, Йӕ къона Йерусалимы Кӕмӕн ис, Уый.


Содом ӕмӕ Гоморрӕйау, стӕй, сӕ алыварс цы сахартӕ уыд ӕмӕ Хуыцау кӕй ныппырх кодта, уыдонау, — зӕгъы Дунедарӕг, — уым дӕр ничи ӕрцӕрдзӕн, лӕджы къах дзы нал ӕрлӕудзӕн.


Вавилоны, халдейӕгты зӕххыл чиддӕриддӕр цӕры, уыдоны Ӕз, Сионы цы фыдракӕндтӕ фӕкодтой, уыдоны тыххӕй бафхӕрдзынӕн уӕ разы, — зӕгъы Дунедарӕг.


Ниневи, дӕуӕн та Дунедарӕг афтӕ бакӕндзӕн: дӕ мыггаг дын сыскъуындзынӕн. Дӕ хуыцауы хӕдзары цы джиппыуагъд хуыцаугӕндтӕ ӕмӕ гуымирытӕ ис, уыдон дын ныззыгуым кӕндзынӕн, дӕу та, ницӕйаджы, ингӕны хай бакӕндзынӕн.


Дӕ цӕф дын ничи сдзӕбӕх кӕндзӕн, нӕ байгас уыдзӕн дӕ хъӕдгом. Дӕ фыдбылызы хабар дын чидӕриддӕр фехъуса, уый нымдзӕгъд кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ дын де ’нӕкӕрон ӕгъатырдзинад йӕхиуыл чи нӕ бавзӕрста, ахӕм нал баззад.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan