6 Сомбон Йаковы байзӕддӕгтӕ ног уидӕгтӕ ауадздзысты. Израил ног талатӕ суадздзӕн ӕмӕ дидинӕг ракалдзӕн, ӕгас дуне байдзаг уыдзӕн йӕ дыргътӕй.
Мигътӕ Йӕ фӕндонӕй зилдух кӕнынц, сӕ хуыз аивынц; Уый сын куыд фӕзӕгъы, афтӕ кӕнынц ӕгас зӕххы къорийыл.
Райӕд фыр цинӕй ӕдзӕрӕг быдыр ӕмӕ хус зӕхх, ӕрнӕг тыгъдад цинхъӕр кӕнӕд ӕмӕ дидинфӕз фестӕд!
Дидинӕг ракалӕд, цины хъӕр самайӕд, ма уӕд йӕ абухгӕ цинӕн кӕрон! Лӕвӕрд ын ӕрцӕуӕд Ливаны нӕргӕ кад, фестӕд Кармелау, Шаронау рӕсугъд! Уадз ӕмӕ адӕм сӕхи цӕстӕй феной не Скӕнӕг Хуыцауы кад ӕмӕ цыт!
Уӕд та, Иудӕйы байзӕддагӕй чи фервӕза, уыдон ауадздзысты арф уидӕгтӕ ӕмӕ ратдзысты хъӕздыг тыллӕг.
Ахӕм заман ралӕудзӕн, ӕмӕ, Израилы ма удӕгасӕй чи баззайа, уыдонмӕ Дунедарӕджы фӕндонӕй фӕзындзӕнис ӕвзонг тала — зӕххы гуырдз, ӕмӕ уый Дунедарӕгӕн кӕндзӕни кад ӕмӕ цыт.
Адӕмӕн ма йыл сӕ дӕсӕймаг хай куы баззайа, уӕд дӕр та ногӕй гӕныстонмӕ ӕрцӕудзӕни. Фӕлӕ теревинф ӕмӕ тулдз бӕласӕй, куы сӕ акалынц, уӕд бындзӕфхад куыд баззайы, афтӕ уыдонӕй дӕр баззайдзӕни уаз мыггаг».
Чысыл къордӕй рантысын кӕндзынӕн минтӕ, цауд адӕмы скӕндзынӕн хъомысджын. Афон куы ’рцӕуа, уӕд Ӕз, Дунедарӕг, уыцы хъуыддаг сараздзынӕн уадидӕгӕн».
Арфӕйы зарджытӕ, цины хъӕртӕ дзы райхъуысдзысты. Сбирӕ сӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ нал фӕкъаддӕр уыдзысты; скадджын сӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ ӕгады бынатмӕ нал ӕрхаудзысты.
Сымахыл ӕрцӕрын кӕндзынӕн бирӕ адӕм — ӕппӕт израилӕгты. Уыдон сахарты ӕрцӕрдзысты ӕмӕ хӕлддзӕгтӕ рацараздзысты.
Сымах та, Израилы хӕхтӕ, рауадздзыстут уӕ къабузтӕ ӕмӕ Мӕ адӕм Израилӕн дӕтдзыстут уӕ дыргъ, уымӕн ӕмӕ уыдон рӕхджы ӕрбацӕудзысты.
Мӕхицӕн ӕй байтаудзынӕн зӕххы, ӕмӕ уӕд Ӕнӕхатыргондӕн ныббардзынӕн. Мӕн чи нӕу, уыцы адӕмӕй Ӕз зӕгъдзынӕн «Мӕ адӕм», уыдон та Мын зӕгъдзысты: «Ды — нӕ Хуыцау».
Уыцы бон бирӕ адӕмтӕ Дунедарӕгмӕ се ’ргом раздахдзысты ӕмӕ суыдзысты Мӕ адӕм, Ӕз та де ’хсӕн ӕрцӕрдзынӕн. Уӕд базондзынӕ, дӕумӕ Мӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг кӕй рарвыста, уый.
Кӕд сымах Чырыстийы стут, уӕд Авраамы байзӕддӕгтӕ стут, стӕй, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уымӕн — Йӕ бындартӕ.
Мах стӕм ӕцӕг сунӕтгонд — кусӕм Хуыцауӕн, Сыгъдӕг Уд нӕ куыд аразы, афтӕ. Нӕ зӕрдӕ зӕххоныл нӕ дарӕм, фӕлӕ сӕрыстыр стӕм, Йесо Чырыстиимӕ кӕй стӕм, уымӕй.
Ӕвдӕм зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ уӕларвы азӕлыдысты ахӕм ныхӕстӕ: «Дуне ныр сси нӕ Дунедарӕджы ӕмӕ Йӕ Чырыстийы Паддзахад, ӕмӕ Уый паддзахиуӕг кӕндзӕни ӕнусӕй-ӕнустӕм».