5 Фӕлтау фыдгултӕ Ме ’вджид бакӕнӕнт сӕхи, Мемӕ бафидауыны зонд сӕм ӕрцӕуӕд, ӕмӕ бафидауӕнт».
Ма тох кӕн Хуыцауимӕ, бафидау йемӕ ӕмӕ фарнӕй схайджын уыдзынӕ.
Хуыцау мӕнӕн — мӕ ирвӕзынгӕнӕг, мӕ уды ныфс — нӕ зонын Йемӕ тас. Мӕ хъомыс — Уый, мӕ зарӕджы сӕр — Дунедарӕг! Уый сси мӕ ирвӕзынгӕнӕг!»
Мӕгуыргуртӕн, ӕдзухъомтӕн сӕ тыхсты заман Ды — се ’мбӕхсӕн: тыгъдызӕйӕ сӕ хъахъхъӕдтай, ӕнтӕфы-иу сын аууон фестадтӕ. Тыхгӕнджыты улӕфт — ӕнгом быруйыл хи ныххуырсӕг уадау;
О Дунедарӕг! Ды нын фарн балӕвар кӕндзынӕ. Нӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр — Дӕуӕй аразгӕ.
Афтӕ ’нхъӕл стут, ӕмӕ Дунедарӕг куырм ӕмӕ къуырма у? Уый, Йӕхицӕн лӕггадгӕнӕгӕн кӕй равзӕрста ӕмӕ Йӕ минӕвар кӕй скодта, уыдон сты куырм ӕмӕ къуырма.
Мӕн тыххӕй дзурдзысты, ӕрмӕстдӕр Дунедарӕгмӕ ис рӕстдзинад ӕмӕ хъомыс, зӕгъгӕ». Дунедарӕгмӕ фыдгулы цӕстӕй чи каст, уыдон иууылдӕр ӕрхуддзысты сӕхиуыл ӕмӕ Йӕм ӕрбацӕудзысты.
Тӕхудиаг сты, Мӕ уынаффӕтӕ Мын чи ӕххӕст кӕны, фидар сыл чи хӕцы, сабаты уагӕвӕрдтӕ халын чи нӕ уадзы ӕмӕ ӕнӕгъдау мийӕ йӕхи чи хизы, уыдон».
Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Мӕ дзыхы ныхасӕй дӕр стаудзысты. Ратдзынӕн сын амонд ӕмӕ фарн — дард чи у, уыдонӕн дӕр, ӕмӕ, хӕстӕг чи у, уыдонӕн дӕр. Се ’ппӕты дӕр сӕ къахыл слӕууын кӕндзынӕн», — афтӕ зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг.
Ӕххуысагур дӕр Дӕм ничиуал кувы. Ӕмӕ нӕм Ды дӕр нал ӕвдисыс Дӕ цӕсгом. Ныууагътай нӕ, ӕмӕ сӕфты къахыл ныллӕууыдыстым нӕ фыдмиты тыххӕй.
Йерусалим, Йерусалим! Пехуымпарты марӕг ӕмӕ Хуыцауӕй ӕрвыстыты дуртӕй цӕгъдӕг! Цал хатты хъавыдтӕн, маргъ йӕ лӕппынты йӕ базырты бын куыд бакӕны, афтӕ дын дӕ хъӕбулты ӕрбамбырд кӕнынмӕ, фӕлӕ сымах нӕ бафӕндыди!
Ӕмӕ йӕм йӕ ныфс куынӕ хӕсса, уӕд, цалынмӕ ма дард у, уӕдмӕ йӕм бафидауыны охыл минӕвӕрттӕ арвитдзӕни.
ӕмӕ загъта: «Тӕхуды, ӕмӕ ды дӕр уӕд та ацы бон куы базонис, фарны хос дын цы у, уый! Фӕлӕ уый ныр дӕуӕй ӕмбӕхст у.
Хуыцауы зӕрдӕбавӕрд ӕмӕ сомы ӕнӕивгӕ кӕй сты, уыдонӕн мӕнг уӕвӕн кӕй нӕй, уый махӕн дӕтты стыр ныфс, ӕмӕ мах, Хуыцауы дӕлбазыр ӕмбӕхсӕн ссарджытӕ, фидар хӕцӕм, цы зӕрдӕдарӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл.
Гивонӕгтӕ Гилгалы рӕсӕнуатмӕ Йешуамӕ удаистӕй фӕхабар кодтой: «Дӕ цагъарты дзӕгъӕл ма ныууадз, рӕвдздӕр нӕм фӕзын ӕххуысмӕ ӕмӕ нӕ фервӕзын кӕн! Хӕхбӕсты цӕрӕг амораг паддзӕхтӕ иууылдӕр нӕ ныхмӕ баиу сты».