Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 27:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Ӕз, Дунедарӕг, дӕн йӕ хъахъхъӕнӕг; алы уысм ӕй ӕфсадын донӕй, хъахъхъӕнын ӕй ӕхсӕвӕй-бонӕй — фыдбылыз ыл ма ӕрцӕуа.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 27:3
26 Iomraidhean Croise  

Ӕз зӕххыл рауадздзынӕн доныхъаймӕт, ӕмӕ арвы бын царды комулӕфт кӕмӕдӕриддӕр ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр фесафдзынӕн, зӕххон цӕрджытӕ бабын уыдзысты иууылдӕр.


«Абон Ӕз фидыд аразын уемӕ ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтимӕ,


Абон цы скуывтон ӕмӕ Дунедарӕгӕй цы ракуырдтон, уый та Дунедарӕг Хуыцауӕй ӕхсӕвӕй-бонӕй рох ма уӕд. Ӕрвылбон алы хъуыддаджы дӕр ахъаз кӕнӕд Йӕ цагъарӕн дӕр ӕмӕ Йӕ адӕм Израилӕн дӕр.


Йӕхӕдӕг нын равзӕрста фыдӕй-фыртмӕйы исбон — Йӕ уарзон Йаков хъал кӕмӕй у, уыцы бынтӕ.


Маргъ йӕ ахстоны сӕрмӕ ратӕх-батӕх куыд байдайы, йӕ лӕппынты бӕллӕхӕй бахизыны охыл, афтӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг дӕр бахиздзӕни Йерусалим, бахъахъхъӕндзӕн ӕй, ныббардзӕн ын ӕмӕ йӕ фервӕзын кӕндзӕн».


«Ӕз, Дунедарӕг, фӕсидтӕн Дӕумӕ, Дӕ къухыл Дын хӕцдзынӕн ӕмӕ Дӕ хиздзынӕн фыдбылызӕй. Ды — Мӕ Фидыд адӕмимӕ — ӕппӕт адӕмтӕн рухс дӕ.


Донмӕ бӕллӕджы Ӕз донхорыг скӕндзынӕн, ӕнӕ донӕй баруайӕджы бафсаддзынӕн донӕй. Уӕ мыггаджы уын Мӕ Уды фарнӕй схайджын кӕндзынӕн, Мӕ арфӕ уын ӕруадздзынӕн уӕ фӕстагӕттыл.


Уӕ зӕронды бонтӕм дӕр Ӕз уыцы Хуыцау уыдзынӕн, уӕ сӕрыхил куы сурс уа, уӕд дӕр уыл Ӕз ауддзынӕн. Ӕз уӕ сфӕлдыстон, ӕмӕ уыл Ӕз Мӕ арм дардзынӕн, ауддзынӕн уыл ӕмӕ уӕ хиздзынӕн фыдбылызӕй.


Уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнут, тӕккӕ райдианы, незаманты, цытӕ сарӕзтон, уый. Ӕз Хуыцау дӕн, Мӕн йеддӕмӕ нӕй Хуыцау, Мӕн хуызӕн никуы ис ӕндӕр.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Йӕ цагъарӕн: «Ӕрцӕудзӕн ахӕм фарны заман, фервӕзыны бон, ӕмӕ Дӕ Ӕз фехъусдзынӕн ӕмӕ Дын баххуыс кӕндзынӕн. Ӕз Дӕ бахиздзынӕн фыдбылызӕй, Мӕ адӕмӕн скӕндзынӕн Мӕ фидыд. Ды сӕ ногӕй ӕрцӕрын кӕндзынӕ сӕ гӕныстоны зӕххыл, байуардзынӕ сын цӕрӕнуӕттӕ, сӕ бынтӕ.


Ныззаууат уыдзӕни, налдӕр ӕй ӕхсӕдгӕ кӕндзысты, налдӕр ын йӕ зӕхмӕ зилдзысты. Каконтӕ ӕмӕ сындзыты бынӕй зынгӕ дӕр нал кӕндзӕни. Ӕз бардзырд ратдзынӕн мигътӕн, къӕвда йыл мауал ӕруадзут, зӕгъгӕ».


Уӕдӕй фӕстӕмӕ Ӕз, Дунедарӕг, ӕдзухдӕр цӕудзынӕн уӕ разӕй. Сыгъд быдыры-иу уӕ бафсаддзынӕн, дӕтдзынӕн уын хъару. Ӕмӕ уӕд суыдзыстут донӕфсӕст дыргъдон ӕмӕ ӕнӕбайсысгӕ суадонау.


Адӕмтӕ ӕмӕ дыл паддзӕхтӕ ауддзысты, мад йӕ дзидзидай сабийы йӕ риуы ’хсырӕй куыд фӕхӕссы, уыйау. Ӕмӕ уӕд базондзынӕ, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, дӕ Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ дӕ Сӕрибаргӕнӕг, Йаковы хъомысджын Хуыцау.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Ӕз Мӕхӕдӕг бацагурдзынӕн Мӕ фос ӕмӕ сӕм ӕркӕсдзынӕн.


Ӕз, Дунедарӕг, уыдзынӕн сӕ Хуыцау, Мӕ цагъар Давид та уыдзӕни сӕ фӕтӕг. Уый зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг.


Мӕ комулӕфт уын бауадздзынӕн уӕ мидӕг, ӕмӕ райгас уыдзыстут. Ӕз уӕ ӕрцӕрын кӕндзынӕн уӕ зӕххыл, ӕмӕ уӕд базондзыстут, афтӕ Ӕз, Дунедарӕг, кӕй загътон ӕмӕ Мӕ ныхас кӕй сӕххӕст кодтон, уый», — зӕгъы Дунедарӕг.


Ӕцӕгӕлон адӕмтӕ куы феной, Мӕ Кувӕндон Израилы астӕу сӕвӕрдтон, уый, уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, Израилы адӕмы Йӕхицӕн уаз Чи кӕны, Уый“».


Иузӕрдионты фӕндаг Йӕ фӕдзӕхст у, фыдгӕнджытӕ та фесӕфдзысты тары, уымӕн ӕмӕ лӕгӕн йӕхи хъомыс ницы у.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan