Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 27:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Израилӕгтӕ, ахӕм бон ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ Дунедарӕг ӕфсиртӕ иууылдӕр банай кӕндзӕн, Евфраты донӕй Мысыры арӕныл цы цӕугӕдон ис, уый онг ӕмӕ уӕ иугай ӕрӕмбырд кӕндзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 27:12
24 Iomraidhean Croise  

Уыцы бон Дунедарӕг Аврамимӕ сарӕзта фидыд. Загъта: «Ӕз ацы зӕхх дӕттын дӕ байзӕддӕгтӕн, Мысыры цӕугӕдонӕй Евфраты стыр доны онг.


Соломон Дунедарӕджы раз куывд скодта. Ӕгас Израил, Лево-Хаматӕй суанг Мысыры арӕны раз цы цӕугӕдон калд, уый онг чи царди, уыдон иууылдӕр — тынг бирӕ дзыллӕ — ӕрӕмбырд сты уыцы куывдмӕ ӕмӕ фӕминас кодтой иннабонӕй иннабонмӕ.


Хойраджы бӕсты мын марг радтой, мӕ дойны та мын дзымарийӕ састой.


Хынджылӕггӕнгӕ, саузӕрдӕйӕ ныхас кӕнынц, ӕртхъирӕн кӕнынц ӕнӕввӕрсонӕй.


Израилы адӕм скуынӕг уыдзысты, оливӕ бӕлас куы ’рцӕгъдынц, уӕд ма йӕ цъуппыл дыууӕ-ӕртӕ, йӕ бинаг къалиутыл иугай гагатӕ куыд аззайы, уыйау, — зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау.


Ныр мын, мӕ мады гуыбыны мӕ Чи равзӕрын кодта ӕмӕ мӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Йӕхицӕн лӕггадгӕнӕг Чи скодта, уыцы Дунедарӕг фӕдзӕхсы, цӕмӕй Йӕм раздахон Йаковы байзӕддаджы, ӕрбакӕнон Ӕм Израилы адӕмы. Ӕз кадджын дӕн Дунедарӕджы цӕсты. Мӕ Хуыцау мӕ скодта хъомысджын.


Алы бӕстӕтыл чи ныххӕлиу ис, уыцы израилӕгты фӕстӕмӕ сӕхи зӕхмӕ Чи ӕрбакодта, Уый, Дунедарӕг Хуыцау, зӕгъы: «Ӕцӕгӕлӕттӕй уемӕ чи баиу, уыдоныл ма Ӕз ноджыдӕр бафтаудзынӕн».


Раздӕхут, сабитӕ, гадзрахатӕй рацӕуджытӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн уӕ Сӕрыхицау. Алы сахарӕй дӕр Ӕз райсдзынӕн иуы, алы хӕдзарвӕндагӕй дӕр — дыууӕйы, ӕмӕ уӕ ӕркӕндзынӕн Сионмӕ.


Ӕрмӕстдӕр дзы иуӕй-иутӕ аирвӕздзысты кардӕй ӕмӕ Мысыры зӕххӕй Иудеймӕ раздӕхдзысты. Ӕмӕ уӕд, Мысырмӕ цӕрынмӕ чи ’рбацыди, уыцы иудейӕгтӕй ма чи аирвӕза, уыдон базондзысты, Мӕн ӕви уыдоны ныхас сӕххӕст ис, уый.


Ракӕндзынӕн уӕ, цы адӕмтӕ ӕмӕ цы бӕстӕтыл ныххӕлиу стут, уырдыгӕй ӕмӕ уӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, Мӕ хъомыс ӕвзаргӕйӕ, Мӕ къухӕй ӕвзидгӕйӕ ӕмӕ Мӕ азар ӕххуырсгӕйӕ.


Хӕрздӕф будау Мын суыдзыстут ӕхцон, цы адӕмтӕ ӕмӕ цы бӕстӕтыл ныххӕлиу стут, уырдыгӕй уӕ куы ӕрӕмбырд кӕнон, уӕд; афтӕ Ӕз ӕппӕт адӕмтӕн равдисдзынӕн, уаз кӕй дӕн, уый.


Фӕлӕ Дунедарӕг зӕгъы: «Ныр уацарӕй суӕгъд кӕндзынӕн Йаковы байзӕддаджы, фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн ӕппӕт Израилы адӕмӕн ӕмӕ Мӕ уаз ном фегад кӕнын нал бауадздзынӕн.


Хуссайраг арӕн, Негевы, йӕхи айтыгъта сахар Тамарӕй Мериват-Кадешы доны онг, стӕй дон-дон суанг Стыр денджызы онг. Уый у хуссайраг арӕн Негевы.


Ӕз бардзырд ратдзынӕн, ӕмӕ Израилы адӕмы, мӕнӕу сыхырнайы куыд балуарынц, афтӕ адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кӕндзысты, ӕмӕ дзы иу дур дӕр нӕ ахиздзӕн.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Ӕз фервӕзын кӕндзынӕн Мӕ адӕмы скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕны бӕстӕтӕй,


«Зӕгъӕм, сымахӕй искӕмӕ сӕдӕ фысы ис ӕмӕ йын дзы иу фесӕфти. Ау, уӕд нӕуӕдз фараст фысы ӕдзӕрӕг быдыры нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ уыцы сӕфты фӕдыл нӕ ацӕудзӕн ӕмӕ йӕ нӕ агурдзӕн, цалынмӕ йӕ ссара, уӕдмӕ?


Ацы уӕтӕрӕй чи нӕу, ахӕм фыстӕ дӕр Мын ис, ӕмӕ Мӕ уыдоны дӕр ӕрбакӕнын хъӕуы. Уыдон дӕр фехъусдзысты Мӕ хъӕлӕс ӕмӕ иууылдӕр суыдзысты иу дзуг, ӕмӕ сын иу Фыййау уыдзӕни.


Мӕ Фыд Мын кӕй дӕтты, уыдон Мӕм ӕрбацӕудзысты, ӕмӕ, Мӕнмӕ чи ӕрбацӕуа, ууыл Ӕз Мӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕн.


бахӕццӕ Ацмонмӕ, рахызти Мысыры арӕныл тӕрфмӕ ӕмӕ йӕ кӕрон Зӕххастӕуы денджызы былгӕрӕттӕм бахаста. Ахӕм уыдис Иудӕйы хуссайраг арӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan