Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 26:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Мӕ зӕрдӕ Дӕм ӕхсӕв дӕр тырны, Дӕу агуры сӕумӕрайсом мӕ уд. Ды зӕххӕн раст тӕрхон куы фӕкӕныс, уӕд дунейы цӕрджытӕ базонынц рӕстдзинад цы у, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 26:9
28 Iomraidhean Croise  

Уый махӕн у нӕ Дунедарӕг Хуыцау, ӕгас зӕххы тӕрхонгӕнӕг.


Хуыцау Мысыры нӕ фыдӕлтӕн цы диссӕгтӕ равдыста, уыдон сӕ ницӕуыл сахуыр кодтой, цы бирӕ хӕрзты сын бацыди, уыдон сӕ ферох сты, ӕмӕ Сырх денджызы былгӕрон сыстадысты Йӕ ныхмӕ.


Хуыцау мыл ауды, Уый цӕудзӕни мӕ разӕй; Хуыцауы фӕрцы ме знӕгтӕм уӕлахизӕй кӕсдзынӕн.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.


цӕмӕй сусӕгӕй ӕнаххосы фехсой. Ӕваст ӕй фехсдзысты — нӕ тӕрсынц.


Зӕххы кӕрӕтты Де ’вдисӕйнӕгтӕй адӕм фыр тӕссӕй ризынц, скӕсӕн ӕмӕ Дӕ ныгуылӕны стауынц.


Чи мӕ уарзы, уыдоны уарзын, чи мӕ агуры, уыдон мӕ ссардзысты.


Мӕнӕ цӕй фӕрцы ӕрцӕудзӕни барст Йаковы байзӕддаджы азым, йӕ тӕригъӕд хатыргонд куы ’рцӕуа, уӕд уымӕн ахӕм дыргъ уыдзӕни ӕвдисӕн: сӕ нывондхӕссӕнты дуртӕ чъырдуртау ныммур кӕндзысты, нал сӕм баззайдзӕн нӕдӕр Ашерӕйы цӕджындзтӕ, нӕдӕр будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ.


Сымахӕй чи тӕрсы Дунедарӕгӕй, чи уӕ кӕсы Йӕ цагъары коммӕ? Йӕ фӕндаг мӕйдары кӕмӕн у ӕмӕ рухсы цъыртт чи нӕ уыны, уый йӕ зӕрдӕ дарӕд Дунедарӕгыл, ныфсхаст уӕд йӕ Хуыцауӕй!


Агурут Дунедарӕджы ӕмӕ Йӕ ссардзыстут, кувут Ӕм, уымӕн ӕмӕ уӕм ӕрӕввахс ис!


Ӕрвылӕхсӕв-иу сыст ӕмӕ дзыназ, — уадз, Дунедарӕг фена, дӕ сау цӕссыг куыд згъалыс, куыд кӕуыс! Дӕ къухтӕ Йӕм лӕгъстӕгӕнгӕйӕ иваз дӕ сабиты сӕраппонд! Уӕ, алы тигътыл ӕххормагӕй куы мӕлынц!


Дунедарӕг кӕмӕн у йӕ ныфс, кӕй йӕ фервӕзын кӕндзӕн, ууыл ӕмырӕй чи дары йӕ зӕрдӕ, Йӕ хорзӕхӕй схайджын кӕндзӕн уый!


Худдзысты дыл ӕмӕ дын фидис кӕндзысты, сӕ кӕрӕдзийы рагацау фӕдзӕхсдзысты ӕмӕ ӕвирхъау тас бахӕцдзӕни дӕ алыварс адӕмтыл, Мӕ карз тӕрхоны азар дыл куы ныххуырсон, уӕд. Уый загътон Ӕз, Дунедарӕг.


Фӕстӕмӕ раздӕхдзынӕн Мӕ бынатмӕ, цалынмӕ сӕ азым ӕрӕмбарой ӕмӕ Мӕ ӕрцагурой, уӕдмӕ.


Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр лӕвӕрд уыдзысты.


Сӕударӕй Йесо сыстад ӕмӕ хӕдзарӕй рацыд, хибар ранмӕ Йӕхи айста ӕмӕ уым куывта.


Иуахӕмы Йесо хохмӕ ссыди кувынмӕ, ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв уым, Хуыцаумӕ кувгӕйӕ, арвыста.


Ӕмӕ уайтӕккӕ зӕхх тынг нынкъуысти, сахары дӕсӕймаг хай ныппырх. Зӕххӕнкъуысты фӕмард авд мин адӕймаджы. Иннӕты бацыд тас, ӕмӕ кад кодтой Уӕларвон Хуыцауӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan