Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 26:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Удвидар, ӕнӕфӕцудгӕ чи у, уыдоны Ды схайджын кӕныс фарнӕй, уымӕн ӕмӕ Дӕуӕй сты ныфсджын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 26:3
34 Iomraidhean Croise  

Тӕккӕ тохы сахат Хуыцаумӕ кӕй скуывтой, сӕ зӕрдӕ Йыл кӕй дардтой, уымӕ гӕсгӕ сын Уый сӕ куывд фехъуыста ӕмӕ сын баххуыс кодта, ӕмӕ агарӕгтӕ, семӕ чидӕриддӕр уыд, уыдонимӕ сӕ амӕттаг баисты.


Афтӕмӕй израилӕгтӕ саст ӕрцыдысты, иудейӕгтӕ сыл фӕуӕлахиз сты, уымӕн ӕмӕ сӕ зӕрдӕ дардтой Дунедарӕгыл, сӕ фыдӕлты Хуыцауыл.


Эфиопӕгтӕ ӕмӕ ливиӕгтӕ сӕ тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ сӕ бӕхӕфсадимӕ адонӕй бирӕ фылдӕр нӕ уыдысты, ӕви? Фӕлӕ дын сӕ Дунедарӕг дӕ къухмӕ радта, уымӕн ӕмӕ дӕ зӕрдӕ дардтай Ууыл.


Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Дунедарӕг Сионӕн йӕ уацайрӕгты ӕрбаздӕхта, уӕд нӕм уый фын фенӕгау касти.


Ӕфхӕрд лӕгӕн Дунедарӕг уыдзӕни ӕмбӕхсӕн, фыдбылызы заман ӕй бахиздзӕн.


Хуыцау мӕнӕн — мӕ ирвӕзынгӕнӕг, мӕ уды ныфс — нӕ зонын Йемӕ тас. Мӕ хъомыс — Уый, мӕ зарӕджы сӕр — Дунедарӕг! Уый сси мӕ ирвӕзынгӕнӕг!»


О Дунедарӕг! Ды нын фарн балӕвар кӕндзынӕ. Нӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр — Дӕуӕй аразгӕ.


Фӕлтау фыдгултӕ Ме ’вджид бакӕнӕнт сӕхи, Мемӕ бафидауыны зонд сӕм ӕрцӕуӕд, ӕмӕ бафидауӕнт».


Додой сӕ къона, Мысырмӕ ӕххуысагур чи цӕуы, се ’нӕнымӕц тохуӕрдӕттыл, сӕ тыхджын бӕхӕфсадыл йӕ зӕрдӕ чи дары, Израилы Уаз Хуыцаумӕ та йе ’ргом чи не здахы, Дунедарӕджы уынаффӕ чи нӕ агуры, уыдонӕн!


Уӕд раст тӕрхоны фӕрцы мыггагмӕ ӕрбынӕттон уыдзысты фарн, ӕнцой ӕмӕ ӕдасдзинад.


Мӕ адӕм цӕрдзысты фӕрнджын ран, ӕдас, ӕнӕмастӕй.


Афтӕ ’нхъӕл стут, ӕмӕ Дунедарӕг куырм ӕмӕ къуырма у? Уый, Йӕхицӕн лӕггадгӕнӕгӕн кӕй равзӕрста ӕмӕ Йӕ минӕвар кӕй скодта, уыдон сты куырм ӕмӕ къуырма.


«Ӕз, Дунедарӕг, фӕсидтӕн Дӕумӕ, Дӕ къухыл Дын хӕцдзынӕн ӕмӕ Дӕ хиздзынӕн фыдбылызӕй. Ды — Мӕ Фидыд адӕмимӕ — ӕппӕт адӕмтӕн рухс дӕ.


Дзурут, зӕгъгӕ, уаз сахарӕй рацыдыстӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕ дарӕм Израилы Хуыцауыл. Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Йӕ цагъарӕн: «Ӕрцӕудзӕн ахӕм фарны заман, фервӕзыны бон, ӕмӕ Дӕ Ӕз фехъусдзынӕн ӕмӕ Дын баххуыс кӕндзынӕн. Ӕз Дӕ бахиздзынӕн фыдбылызӕй, Мӕ адӕмӕн скӕндзынӕн Мӕ фидыд. Ды сӕ ногӕй ӕрцӕрын кӕндзынӕ сӕ гӕныстоны зӕххыл, байуардзынӕ сын цӕрӕнуӕттӕ, сӕ бынтӕ.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Кӕд уын Ӕз уӕ мады арвыстон, уӕд кӕм ис йӕ ахицӕны фыстӕг? Кӕд уӕ Ӕз ауӕй кодтон, уӕд-ма Мын бацамонут, кӕмӕй цы хӕсджын дӕн, цӕмӕй йын сымах ауӕй кӕнон! Уӕдӕмӕ сымах уӕ тӕригъӕдтӕ, уӕ фыдракӕндты тыххӕй уӕйгонд ӕрцыдыстут.


Сымахӕй чи тӕрсы Дунедарӕгӕй, чи уӕ кӕсы Йӕ цагъары коммӕ? Йӕ фӕндаг мӕйдары кӕмӕн у ӕмӕ рухсы цъыртт чи нӕ уыны, уый йӕ зӕрдӕ дарӕд Дунедарӕгыл, ныфсхаст уӕд йӕ Хуыцауӕй!


Ӕз — Дунедарӕг — сӕххӕст кӕндзынӕн Мӕ дзырд. Йерусалимы сахарӕн сбирӕ кӕндзынӕн йӕ фарн, йемыдзаг ӕй бакӕндзынӕн адӕмты фӕллойӕ, раст ыл цыма дон раивылдзӕни, уыйау. Ӕмӕ уӕхи ӕнкъардзыстут, хъӕбысы кӕнӕ уӕрджытыл кӕй фӕрӕвдауынц, уыцы сабитау.


Ӕз дӕ фервӕзын кӕндзынӕн, карды цӕфӕй нӕ амӕлдзынӕ ӕмӕ хорзӕхӕн цард айсдзынӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ зӕрдӕ дардтай Мӕныл“», — зӕгъы Дунедарӕг.


Мах лӕггад кӕнӕм нӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ Йӕ куы бафӕнда, уӕд нӕ дӕуӕй дӕр ӕмӕ пецы цырен артӕй дӕр фервӕзын кӕндзӕн.


Уӕд Навуходоносор загъта: «Арфӕгонд уӕд Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Негойы Хуыцау! Уый рарвыста йӕ зӕды ӕмӕ фервӕзын кодта йӕ цагъарты. Уыдон сӕ зӕрдӕ дардтой сӕ Хуыцауыл, паддзахы ныхасмӕ нӕ байхъуыстой ӕмӕ сӕхи судзынмӕ радтой, цӕмӕй сӕхи Хуыцауы йеддӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕм ма кувой ӕмӕ сын ма лӕггад кӕной.


Уӕд паддзахы цинӕн кӕрон нал уыд, ӕмӕ Даниилы хъоргъӕй сисын кодта. Куы йӕ систой, уӕд ыл иу цъӕррӕмыхст дӕр нӕ разынд, уымӕн ӕмӕ уыдис иузӕрдион йӕ Хуыцауыл.


Уый ӕрхӕсдзӕн сабырдзинад. Кӕд ассириӕгтӕ нӕ зӕхмӕ ’рбабырсой ӕмӕ нын нӕ сахартӕ ссӕндой, уӕд сын сӕ ныхмӕ авд фыййауы ӕмӕ аст ӕлдары ӕрлӕууын кӕндзыстӕм.


Фарн уын уадзын Мӕ фӕстӕ, Мӕ фарн уын дӕттын. Дуне куыд дӕтты, Ӕз уын ӕй афтӕ нӕ дӕттын. Мацӕуыл тыхсут ӕмӕ мацӕмӕй тӕрсут.


Уыдӕттӕ уын Ӕз уый тыххӕй загътон, цӕмӕй Мемӕ уат ӕмӕ Мӕ фарнӕй схайджын уат. Ацы дунейы хъизӕмӕрттӕ ӕвзардзыстут, фӕлӕ-иу фидар лӕуут: Ӕз фӕуӕлахиз дӕн ацы дунейыл».


Мах сраст стӕм уырнындзинады руаджы, ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырысти бафидауын кодта Хуыцауимӕ.


ӕмӕ, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, Хуыцауы уыцы фарн бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ зонд Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan