16 О Дунедарӕг! Бӕллӕхы заман Дӕу агурынц адӕм, цӕмӕй сын ахъаз бакӕнай. Куы сӕ бафхӕрыс, уӕд дӕм мынӕг хъӕлӕсӕй фӕкувынц.
Дӕ цагъаримӕ ма ӕрлӕуу тӕрхоны — кӕй бон у сраст кӕнын йӕхи Дӕ разы?
Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн — сӕ хъару, Йӕ ’взӕрстӕн — йӕ ныфсы мӕсыг, йӕ ирвӕзынӕнӕг.
Ӕз бацӕудзынӕн Хуыцауы нывондхӕссӕнмӕ, Хуыцаумӕ — мӕ циндзинады суадонмӕ, стаудзынӕн Дӕ хъисфӕндыры цагъдӕй, о Хуыцау, мӕ Хуыцау!
Ӕнӕхуыцӕуттӕн бацамондзынӕн Дӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ Дӕм тӕригъӕдджынтӕ раздӕхдзысты.
Цы фехъуыстам ӕмӕ цы базыдтам, фыдӕлтӕ нын кӕй радзырдтой,
зӕры бонты дӕр дыргъджын, донджын ӕмӕ райдзастхуыз уыдзысты,
Уыдон ын загътой: «Езекиа афтӕ зӕгъы: ацы бон нӕ Хуыцау бафхӕрдта нӕ тӕригъӕдты тыххӕй. Нӕ фыдох ӕмӕ нӕ худинаджы заман ралӕууыд. Арын афон ӕрхӕццӕ ис, фӕлӕ ныййарынӕн хъару нӕй.
«Мӕ фыд», зӕгъгӕ, бӕласмӕ дзурынц, «ныййарӕг мад» схонынц дур. Се ’ргом нӕ, фӕлӕ Мӕм сӕ чъылдым раздахынц! Бӕллӕхы заман та зӕгъдзысты: «Фӕзын-ма, фервӕзын нӕ кӕн!»
О Ливаны цӕрӕг, нӕзы бӕлӕстыл ахстӕттӕ чи скодта, уый! Дӕ хъизӕмӕртты заман арӕг усау ныхъхъӕрздзынӕ!
Сымах мӕ ӕрцагурдзыстут, ацӕудзыстут ӕмӕ Мӕм скувдзыстут, ӕмӕ уӕ Ӕз фехъусдзынӕн.
Ӕрвылӕхсӕв-иу сыст ӕмӕ дзыназ, — уадз, Дунедарӕг фена, дӕ сау цӕссыг куыд згъалыс, куыд кӕуыс! Дӕ къухтӕ Йӕм лӕгъстӕгӕнгӕйӕ иваз дӕ сабиты сӕраппонд! Уӕ, алы тигътыл ӕххормагӕй куы мӕлынц!
Фӕстӕмӕ раздӕхдзынӕн Мӕ бынатмӕ, цалынмӕ сӕ азым ӕрӕмбарой ӕмӕ Мӕ ӕрцагурой, уӕдмӕ.
Зӕрдиагӕй Мӕм кувыны бӕсты сӕ хуыссӕнуӕтты ӕрдиаг кодтой; къӕбӕр ӕмӕ сӕны тыххӕй ӕрӕмбырд вӕййынц, Мӕнӕй та се ’ргом аздӕхтой.
Бацыдысты адӕм Моисеймӕ ӕмӕ загътой: «Тӕригъӕд ракодтам мах, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ныхмӕ ӕмӕ дӕ ныхмӕ дзырдтам. Скув Дунедарӕгмӕ, цӕмӕй нӕ кӕлмытӕй фервӕзын кӕна». Скуывта Моисей адӕмы тыххӕй,
Кӕй уарзын, уыдонӕн Ӕз бауайдзӕф кӕнын ӕмӕ сӕ бафхӕрын. Уӕдӕ ӕнувыд у ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕн дӕ тӕригъӕдтыл.
Израилӕгтӕ Дунедарӕгӕн загътой: «Тӕригъӕд ракодтам. Цы Дӕ фӕнды, уый нын сараз, ӕрмӕст нӕ ныр фервӕзын кӕн».
Аннӕ йын дзуапп радта: «Нӕ, ме ’лдар, ӕз сӕн дӕр нӕ бануӕзтон ӕмӕ махсымӕ дӕр. Фыр адӕргӕй цы акӕнон, уый нӕ зонын ӕмӕ мӕнӕ Дунедарӕгӕн мӕ риссӕгтӕ дзурын.