Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 24:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Далаты цины хъӕр нал хъуысы, цингӕнӕг адӕмы хъӕлӕс бамыр ис, бамынӕг дыууадӕстӕнонты цагъд;

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 24:8
16 Iomraidhean Croise  

Уыцы ӕхсӕв гуырдз ма равзӕрӕд, цины хъӕр ма райхъуысӕд!


Мӕ хъисфӕндыр хъарӕг кӕны, мӕ уадындз дзыназы, кӕуӕгау.


Ӕрзоныг кӕнын Дӕ уаз Кувӕндоны раз ӕмӕ стауын Дӕ ном Дӕ хорзӕх ӕмӕ Дӕ иузӕрдионы тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ Ды ӕппӕтӕй уӕлдӕр систай Дӕ ном ӕмӕ Дӕ ныхас.


Сойджын зӕххыл цин ӕмӕ хъӕлдзӕгдзинадӕн фесӕфти сӕ кой дӕр, сӕндӕттӕй цины зарӕг нал хъуысы. Сӕндондартӕ сӕн нал дуцынц сӕ сӕндуцӕнты, кӕрон ӕрцыди цины хъӕртӕн.


Сӕ бӕрӕгбӕтты — хъисфӕндыртӕ, дыууадӕстӕнонтӕ, далатӕ, уадындзтӕ ӕмӕ сӕн, Дунедарӕг цы аразы, уымӕ та нӕ кӕсынц, Йӕ хъуыддӕгтыл Ын нӕ хъуыды кӕнынц.


Уӕрӕх байгом ис мӕрдтыбӕстӕн йӕ ком — ӕмхуызонӕй аныхъуырдзӕни уӕздӕтты ӕмӕ сау адӕмы, хъӕлӕба ӕмӕ цин чи кодта, ӕппӕт уыдоны.


Уымӕн ӕмӕ афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау: «Уӕ цӕстыты раз, уӕ заманы, Ӕз ацы зӕххыл цин, хъӕлдзӕгдзинад ӕмӕ чындзӕхсӕвы уынӕр бамынӕг кӕндзынӕн.


Цин, хъӕлдзӕгдзинад ӕмӕ чындзӕхсӕвы уынӕр, куыройы хъыррыст нал фехъусдзысты, цырагъы рухс нал фендзысты.


Иудейы сахарты ӕмӕ Йерусалимы уынгты цин ӕмӕ бӕрӕгбоны уынӕрӕн Ӕз кӕрон скӕндзынӕн. Усгур ӕмӕ чындзы хъӕлӕстӕ нал хъуысдзысты, ацы зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕн.


Кулдуары раз нал бадынц нӕ зӕрӕдтӕ, нӕ зарынц лӕппутӕ!


Ӕз дын дӕ зарджыты уынӕр бамынӕг кӕндзынӕн, нал хъуысдзӕни дӕ хъисфӕндырты цагъд дӕр.


Хуыцауы дыргъдоны, Едемы, цардтӕ. Дӕ дарӕстӕ — зынаргъ дуртӕй фӕлыст: лал, топаз, алмаси, хризолит ӕмӕ ониксӕй, стӕй яшмӕйӕ, сапфирӕй, малахитӕй, изумрудӕй. Уыдысты се ’ппӕт дӕр сыгъзӕрин фӕлгӕтты ӕвӕрд ӕмӕ дӕ уӕлӕ ’фтыд; цӕттӕ уыдысты де сфӕлдысты бонмӕ.


Ӕз ын кӕрон скӕндзынӕн йӕ хъӕлдзӕгдзинӕдтӕн, мӕйногтӕ ӕмӕ сабӕттӕн — алы бӕрӕгбонӕн.


Уый тыххӕй уацайрӕгтӕн сӕ разӕй ацӕудзыстут, ӕмӕ уӕ хъал цардӕн кӕрон ӕрцӕудзӕнис.


Нал фехъусдзынӕ фӕндырдзӕгъдджыты ӕмӕ зарӕггӕнджыты, уадындзтӕ ӕмӕ сыкъауадындзтыл цӕгъдджыты; нал дӕм уыдзӕн иу ӕрмдӕсны дӕр, нал дӕ хъуысдзӕн куыройы фыдты уынӕр;


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan