7 Сӕн байсысти, сӕнӕфсиры зӕнг баруади; цинӕй чи ради, уыдон ныр хъӕрзынц.
Сойджын зӕххыл цин ӕмӕ хъӕлдзӕгдзинадӕн фесӕфти сӕ кой дӕр, сӕндӕттӕй цины зарӕг нал хъуысы. Сӕндондартӕ сӕн нал дуцынц сӕ сӕндуцӕнты, кӕрон ӕрцыди цины хъӕртӕн.
Бахус сты Хешбоны сӕндӕттӕ, Сивмайы сӕнӕфсир дӕр афтӕ. Адӕмты барджынтӕ йын йӕ хуыздӕр талатӕ бассӕстой, афтӕмӕй та уыдон кӕддӕр суанг Йазеры онг аххӕссыдысты, дарддӕр та апырх сты ӕдзӕрӕг быдырыл. Уым фӕйнӕрдӕм райрӕзтысты ӕмӕ суанг Мард денджызы фаллаг фарсмӕ бахӕццӕ сты.
Иудейы сахарты ӕмӕ Йерусалимы уынгты цин ӕмӕ бӕрӕгбоны уынӕрӕн Ӕз кӕрон скӕндзынӕн. Усгур ӕмӕ чындзы хъӕлӕстӕ нал хъуысдзысты, ацы зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕн.
Ӕз Мӕ къух сисдзынӕн сӕ ныхмӕ ӕмӕ, кӕмдӕриддӕр цӕрынц, уымыты Ӕз ацы зӕхх федзӕрӕг кӕндзынӕн, хуссары ӕдзӕрӕг быдырӕй суанг Ривлайы онг. Ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“».