6 Уымӕ гӕсгӕ ӕлгъыст ӕрцӕудзӕни зӕхх — ӕфхӕрд баййафдзысты йӕ цӕрджытӕ; скуынӕг уыдзысты адӕм, бирӕ сӕ нал баззайдзӕн.
Сахарӕй йӕ размӕ рацыд иудейаг паддзах Йехониа, йӕ мадимӕ, йӕ барджынтимӕ, йе ’фсады хицӕуттимӕ ӕмӕ йӕ иннӕ дӕлдӕртимӕ. Вавилоны паддзахы хицаудзинадыл цыди ӕстӕм аз, Йехониайы уацары куы райста, уӕд.
Ӕрмӕст мӕгуыр адӕмӕй иу къорды бӕрц ныууагъта сӕндонгӕстӕ ӕмӕ хуымгӕнджытӕй.
Йӕхи хъомысджын чи хоны, уый фӕскъауы хуызӕн суыдзӕн, йӕ митӕ та — зынджы стъӕлфӕнау. Ссудздзысты иумӕ, ӕмӕ сӕ ахуыссынгӕнӕг нӕ уыдзӕн.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг ма нӕ цалдӕры удӕгасӕй куы нӕ ныууагътаид, уӕд нӕ Содомы хъысмӕт баййӕфтаид, Гоморрӕйы ӕмбисонд ныл ӕрцыдаид!
Уӕлӕрвты кардӕлвӕстӕй лӕууы Дунедарӕг, тӕрхон кӕнынмӕ ӕрхиздзӕн Едоммӕ, Йӕ азары амӕттаг бакӕнинаг кӕй у, уыцы адӕммӕ.
Уымӕ гӕсгӕ уын Ӕз уӕ сауджынты сӕгад кӕндзынӕн, Йаковы байзӕддаджы Мӕ азары хай бакӕндзынӕн, Израилы ныффидиссаг кӕндзынӕн».
Уымӕ гӕсгӕ, хъӕмп зынджы амӕттаг куыд бавӕййы, хосы мӕкъуылтӕ пиллон арты куыд асудзынц, афтӕ сӕ уидаг амбидзӕн, сӕ дидинвӕлыст рыг фестдзӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон се ’ргом аздӕхтой Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ӕгъдауӕй, ницӕмӕ ӕрдардтой Израилы Уаз Хуыцауы ныхас.
Уӕларвӕфсады Бардарӕджы азар сараудзӕни зӕхх, адӕм арты амӕттаг бауыдзысты, иу сӕ иннӕуыл нал ауӕрддзӕн.
Кӕдмӕ дзыназдзӕн зӕхх, быдырты кӕрдӕг кӕдмӕ хус кӕндзӕн? Зӕххон цӕрджыты аххосӕй сӕфынц цӕрӕгойтӕ ӕмӕ мӕргътӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон дзурынц: «Нӕ фӕндӕгтӕ нын Уый нӕ уыны».
Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, зӕгъы: «Афтӕ кӕй дзурынц, уый тыххӕй Ӕз Мӕ ныхӕстӕ арт фестын кӕндзынӕн дӕ дзыхы, ацы адӕм та фестдзысты сугтӕ, ӕмӕ сӕ уыцы арт аныхъуырдзӕн.
Ӕцӕг ма-иу хъуынтӕй иу чысыл райс ӕмӕ-иу сӕ дӕ фӕччийы бабӕтт.
Хъӕддаг сырдты уыл бафтаудзынӕн, ӕмӕ уӕ ӕнӕ цотӕй ныууадздзысты, уӕ фос уын ныццӕгъддзысты. Афтӕ уӕ скуынӕг кӕндзысты, ӕмӕ уӕ фӕндӕгтыл цӕуӕг нал уыдзӕн.
куынӕ Мӕм хъусат ӕмӕ Мын Мӕ номӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ кад куынӕ кӕнат, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — уӕд уын Ӕз ралгъитдзынӕн уӕ арфӕтӕ, ныридӕгӕн сӕ ’лгъитын, уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ номӕн зӕрдиагӕй кад нӕ кӕнут.
Сымах ӕлгъыст стут бӕлвырд, уымӕн ӕмӕ уӕ адӕм иууылдӕр давынц Мӕнӕй.
Ӕрхӕццӕ уыдзӕн Мӕ Тӕрхоны бон, пиллон калдзӕнис пецау. Уӕд сӕрыстыртӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ хъӕмпы хуызӕн суыдзысты, цы бон ӕрцӕудзӕн, уый сӕ басудздзӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — нӕ сӕ ныууадздзӕнис нӕдӕр уидаг, нӕдӕр къалиутӕ.
Уый фыдӕлты зӕрдӕтӕ аздахдзӕни сӕ байзӕддаджы ’рдӕм, байзӕддаджы зӕрдӕтӕ та — сӕ фыдӕлтӕм, цӕмӕй, куы ’рцӕуон, уӕд зӕхх ӕлгъыстаг ма фӕкӕнон.
Адӕм ын ӕмхъӕлӕсӕй дзуапп радтой: «Йӕ туг махӕн ӕмӕ нӕ зӕнӕгӕн фидинаг фӕуӕд!»
Уынгӕг у, цардмӕ чи кӕны, уыцы кулдуар ӕмӕ нарӕг у фӕндаг; чи сӕ ссары, уыдон бирӕ не сты.
Исайа та Израилы тыххӕй зӕгъы: «Израилы фыртты нымӕц денджызы змисау куы уа, уӕд дӕр сӕ ӕрмӕст чысыл къорд фервӕздзӕн.
Арвы стъалытау сбирӕ уыдзыстут, фӕлӕ уӕ удӕгасӕй, стӕмтӕй уӕлдай, ничи баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, коммӕ нӕ кастыстут.
Ныххӕлиу уӕ кӕндзӕн Дунедарӕг адӕмты ’хсӕн. Армыдзаг ма уыдзыстут, Дунедарӕг уӕ кӕдӕм фӕкӕна, уыцы адӕмты ’хсӕн.
Хуыснӕг куыд фӕзыны, афтӕ уыдзӕни Бардарӕгӕн Йе ’рцыды бон дӕр. Арв фӕцыдӕр уыдзӕн ӕрвнӕрды хуызӕн гыбар-гыбуримӕ, цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон ныппырх уыдзысты ӕмӕ цӕхӕр фестдзысты, зӕхх ӕмӕ йе ’ппӕт хъуыддӕгтӕ дӕр тӕрхонмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзысты.