Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 24:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Зӕхх фегад кодтой йӕ цӕрджытӕ, сӕ къух систой Хуыцауы ӕгъдауыл, сзыгъуыммӕ Йын кодтой Йӕ уагӕвӕрдтӕ, фехӕлдтой мыггагмӕйы фидыд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 24:5
49 Iomraidhean Croise  

Хуыцауы раз ахӕм нӕу мӕ хӕдзарвӕндаг?! Мыггагмӕйы Фидыд Уый сарӕзта мемӕ, ӕнӕфехалгӕ ӕмӕ ӕнаивгӕ! Исты нӕ кӕнын ӕдзух ӕз уӕлахиз? Исты мӕ алы фӕнд къухы нӕ бафты?


Ӕмӕ уый тыххӕй Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, зӕгъы: «Йерусалимыл ӕмӕ ӕгас Иудейы зӕххыл ахӕм фыдбылыз ныххуырсдзынӕн, ӕмӕ йын йӕ кой чидӕриддӕр фехъуса, уымӕн фыр адӕргӕй йӕ дыууӕ хъусы дӕр ныззардзысты.


Уый уымӕн, ӕмӕ, сӕ фыдӕлтӕ Мысырӕй куы рацыдысты, уӕдӕй нырмӕ Мӕ цӕсты раз ӕнаккаг митӕ кӕнынц».


Фӕлӕ Менассиа Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн сӕ сӕрызонд афтӕ сзыгъуыммӕ кодта, ӕмӕ израилӕгтӕн бынат суӕгъд кӕныны тыххӕй Дунедарӕг цы адӕмты ныццагъта, уыдонӕй фӕфыддӕр сты.


Се знӕгты къухтӕй сӕ фервӕзын кодта, фыдгулты къухтӕй сӕ бахызта.


Кӕй дзырдӕй ӕппӕлын, уыцы Хуыцау мӕ ныфс у, ӕмӕ нӕ тӕрсын: цы мын ракӕндзӕн адӕймаг?


Ассириӕгты арвитдзынӕн ӕнӕхуыцау адӕмы, Мӕ маст кӕмӕ ссыгъди, уыдоны ныхмӕ — уадз ӕмӕ сӕ бастигъой, сафтид сӕ кӕной, уынгты рыгау сӕ бассӕндой.


Ацы адӕм хиваст сты, фӕлывд цот Мын сты, Дунедарӕджы Ӕгъдаумӕ хъусын сӕ нӕ фӕнды.


Фӕндӕгтӕ сафтид сты, цӕуӕг сыл нӕй. Фыдгулты паддзах йӕ ныхас фӕсайдта, гадзрахатӕй ныл рацыд, фидыды ӕвдисӕнтӕ ницӕмӕ ӕрдардта. Нӕ адӕм ӕм нымады дӕр не сты.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Кӕд уын Ӕз уӕ мады арвыстон, уӕд кӕм ис йӕ ахицӕны фыстӕг? Кӕд уӕ Ӕз ауӕй кодтон, уӕд-ма Мын бацамонут, кӕмӕй цы хӕсджын дӕн, цӕмӕй йын сымах ауӕй кӕнон! Уӕдӕмӕ сымах уӕ тӕригъӕдтӕ, уӕ фыдракӕндты тыххӕй уӕйгонд ӕрцыдыстут.


Уымӕ гӕсгӕ сын Дунедарӕг нӕ бацин кӕндзӕни сӕ лӕппутыл, нӕ сын батӕригъӕд кӕндзӕни сӕ сидзӕртӕ ӕмӕ сӕ идӕдзтӕн, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр цӕстфӕлдахджытӕ ӕмӕ фыдгӕнджытӕ сты, сӕ дзыхы ныхас — ӕлгъаг. Фӕлӕ Дунедарӕджы маст ууыл дӕр нӕ басабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни сӕм ноджыдӕр.


Сӕ фыдӕлты Мӕ ныхӕстӕм хъусын нӕ бафӕндыд, ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл адзӕгъӕл сты ӕмӕ сын лӕггад кодтой. Адон дӕр сын фӕзмынц сӕ фыдракӕндтӕ. Израил ӕмӕ Иудӕйы байзӕддӕгтӕ, сӕ фыдӕлтимӕ сын цы фидыд сарӕзтон, уый фехӕлдтой».


Сионмӕ агурдзысты фӕндаг, се ’ргом ӕм раздахдзысты ӕмӕ дзурдзысты: „Ацӕуӕм ӕмӕ Дунедарӕгимӕ, ферохгӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм ӕнусон фидыдӕй баиу уӕм“.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Ӕз дын дӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн: Мӕ сомыйыл Мын дӕхи атигъ кодтай ӕмӕ фехӕлдтай нӕ фидыд.


Фӕлӕ Израилы адӕм ӕдзӕрӕг ран Мӕ ныхмӕ фесты. Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын не ’ххӕст кодтой, Мӕ амындтытыл Мын суӕлӕхох сты, афтӕмӕй та уыдон, чи сӕ ӕххӕст кӕны, уымӕн цард дӕттынц. Фӕчъизи Мын кодтой Мӕ сабӕттӕ, ӕмӕ Ӕз загътон, ӕдзӕрӕг ран сыл Мӕ азар ныххуырсдзынӕн ӕмӕ сӕ бабын кӕндзынӕн, зӕгъгӕ.


Уымӕн ӕмӕ Мын не ’ххӕст кодтой Мӕ амындтытӕ, суӕлӕхох сты Мӕ уагӕвӕрдтыл ӕмӕ фӕчъизи кодтой Мӕ сабӕттӕ. Се ’ргом аздӕхтой, сӕ фыдӕлтӕ кӕмӕ куывтой, уыцы гуымирытӕм.


Ӕз семӕ сараздзынӕн мыггагмӕйы фидыд, ӕмӕ сын уый фарн ӕрхӕсдзӕни. Сбирӕ сӕ кӕндзынӕн ӕмӕ сын сӕ астӕу мыггагмӕ сӕвӕрдзынӕн Мӕ Кувӕндон.


Иууылбӕрзонды ныхмӕ дзурдзӕн, Йӕ сыгъдӕджыты Йын удхарӕй мардзӕн, сфӕнд кӕндзӕн Ӕгъдау ӕмӕ бӕрӕгбӕттӕ аивын. Иу ӕмгъуыдмӕ, дыууӕ ӕмгъуыдмӕ ӕмӕ ӕмгъуыды ӕрдӕгмӕ сыгъдӕджытӕ йӕ къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзысты.


Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ, нӕ хъуыстам; Йӕ лӕггадгӕнджыты, пехуымпарты дзыхӕй нын цы фӕдзӕхстытӕ радта, уыдон не ’ххӕст кодтам.


Мах фӕтӕригъӕдджын ӕмӕ фӕазымджын стӕм Дӕ разы: знӕт ӕмӕ хивӕнд уыдыстӕм, Дӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Дын Дӕ уагӕвӕрдтӕ не ’ххӕст кодтам.


Уыдон та Адамау фехӕлдтой фидыд, сивтой Мыл сӕ зӕрдӕ.


Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын Мӕ амындтытӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнут, ӕмӕ уӕд, цӕрынмӕ уӕ цы зӕхмӕ кӕнын, уый уӕ нӕ раппардзӕн йӕхицӕй.


Сыстут ӕмӕ цӕугӕут, уымӕн ӕмӕ ацы бӕстӕйы ӕнцойдзинад нал уыдзӕн. Йе ’нӕхуыцау миты тыххӕй йӕ ӕгъатырӕй ныххӕлӕттаг кӕндзысты.


Сӕ дыууӕ дӕр Хуыцауы раз растӕй цардысты, ӕнӕаиппӕй ӕххӕст кодтой Хуыцауы ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ.


Афтӕмӕй Йешуруныл хуыз фӕхӕцыд, ӕмӕ зӕвӕтдзӕгъдӕн систа. Снард сты, сӕ цармы нал цыдысты ӕмӕ коммӕ нал кастысты. Сӕхи атигъ кодтой се Скӕнӕг Хуыцауыл, ныууагътой сӕ ирвӕзӕн Къӕдзӕхы.


Загъта: „Ме ’ргом сӕ аздахдзынӕн ӕмӕ, сӕ кӕрон цӕмӕ ӕрцӕудзӕн, уый фендзынӕн. Мӕнгард фӕлтӕр сты уыдон, сӕ хӕс кӕмӕй ферох ис, ахӕм цот.


Мыггагмӕйы фидыд фидаргонд цы Тугӕй ӕрцыд, уый фӕрцы Йӕ фыстӕн стыр Фыййау Чи сси, нӕ уыцы Бардарӕг Йесойы мӕрдтӕй райгасгӕнӕг фӕрнджын Хуыцау


Фыццаг фидыдӕн уыди йӕхи уазлӕггады ӕгъдӕуттӕ, стӕй йӕхи кувӕндон — зӕххон.


Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕдзӕхст куы ницӕмӕ ӕрдарат, уемӕ цӕуыл бафидыдта, уый сӕрты куы ахизат ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ кувын куы райдайат, уӕд уӕ Дунедарӕджы азар басудздзӕн, ӕмӕ рӕхджы бон уӕ кой, уӕ хъӕр дӕр нал уыдзӕни, цы алӕмӕты зӕхх уын балӕвар кодта, ууыл».


Йешуа уыцы бон адӕмимӕ бафидыдта, уым сын, Шехемы сахары, радта Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ амындтытӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan