3 Бынтондӕр ныггӕныстон ӕмӕ ныххӕлӕттаг уыдзӕн зӕхх, уымӕн ӕмӕ афтӕ загъта Дунедарӕг.
Афтӕ сӕххӕст ис, Дунедарӕг Йеремиайы уылты цы загъта, уый. Зӕхх дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы дӕргъы уыди гӕныстон, афтид, цалынмӕ, Израил цы сабаты азтӕ нӕ бӕрӕг кодта, уыдон нӕ баххӕст сты, уӕдмӕ.
Йе ’хсарджын фатӕхсджытӕй дӕр бирӕтӕ нӕ аирвӕздзысты». Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау.
«Уыцы бон, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — фидар ран цы зӕгӕл ныкъкъуырдӕуыд, уый сызмӕлдзӕн ӕмӕ рахаудзӕн, цыдӕриддӕр ыл ауыгъд уыди, уыдон ныппырх-нызгъӕлӕн уыдзысты». Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг.
Дунедарӕг гӕныстон фӕкӕндзӕни зӕхх, ныззаууат ӕй кӕндзӕн — зӕхх аивдзӕни йӕ хуыз, йӕ цӕрджытӕ ныххӕлиу уыдзысты.
Иу у сӕ хъысмӕт се ’ппӕтӕн дӕр: сауджынтӕ ӕмӕ адӕмӕн, барджынтӕ ӕмӕ дӕлдӕртӕн, ӕхсинтӕ ӕмӕ унӕуттӕн, уӕйгӕнджытӕ ӕмӕ ӕлхӕнджытӕн, цъынды чи дӕтты ӕмӕ хӕс чи дары, уыдонӕн, пайдайы охыл ӕфстау дӕтджытӕ ӕмӕ ӕфстау исджытӕн.
Хъынцъым кӕны, баруади зӕхх, ӕгас дуне ныттар ис ӕмӕ сӕфы; зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн сӕ барджын хицӕуттӕ сӕфынц.
Уымӕн уӕ ныггӕныстон кодтой ӕмӕ бастыгътой, бадут ахӕстӕтты ӕмӕ хъоргъыты, уӕ фыдгулты амӕттаг баистут, ахастой уӕ, ӕмӕ уӕ ничи ссӕрибар кӕны, ничи домы фыдгултӕй, ацы адӕмы фӕстӕмӕ рауадзут, зӕгъгӕ.
Ныззаууат уыдзӕни, налдӕр ӕй ӕхсӕдгӕ кӕндзысты, налдӕр ын йӕ зӕхмӕ зилдзысты. Каконтӕ ӕмӕ сындзыты бынӕй зынгӕ дӕр нал кӕндзӕни. Ӕз бардзырд ратдзынӕн мигътӕн, къӕвда йыл мауал ӕруадзут, зӕгъгӕ».
Ӕз бафарстон: «Кӕдмӕ уыдзӕнис афтӕ?» Дунедарӕг мын дзуапп радта: «Цалынмӕ сахартӕ федзӕрӕг уой, хӕдзӕрттӕ дзӕгъӕлӕй баззайой ӕмӕ зӕхх ныггӕныстон уа, уӕдмӕ.
Байхъусут лӕмбынӕг, сӕрыстыр ма ут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг дзуры.
Уый тыххӕй, Израилы хӕхтӕ, байхъусут Дунедарӕг Хуыцауы ныхасмӕ. Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: уӕ алыварс адӕмты амӕттаг чи баци ӕмӕ уыдонӕн хынджылӕггаг чи сси, уыцы хӕхтӕн, къуыбыртӕн, мӕсчъытӕн, дӕлвӕзтӕн, гӕныстон хӕлддзӕгтӕн ӕмӕ ӕдзӕрӕг сахартӕн
Уыцы бон адӕмӕн хынджылӕггаг суыдзыстут, додой кӕндзыстут ӕмӕ дзурдзыстут: «Ныххӕлӕттаг нӕ кодтой! Мӕ адӕмы исбон мын уӕй кӕнынц! О, додой! Исынц мын мӕ исбон! Уацары нӕ чи райста, уыдонӕн нын байуӕрстой нӕ быдыртӕ!»
Алчи ӕнӕмӕтӕй улӕфдзӕни йӕ сӕнӕфсир ӕмӕ йӕ легъуи бӕласы бын, ничиуал никӕй ӕфтаудзӕни тасы, уымӕн ӕмӕ афтӕ загъта Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
ӕнӕхъӕн бӕстӕйы бынаты сондон, цӕхх ӕмӕ сыгъдон уынгӕйӕ, садзгӕ дӕр кӕм ницыуал кӕндзысты ӕмӕ зайгӕ дӕр кӕм ницыуал ӕркӕндзӕн, раст, Дунедарӕг Йӕ фыр мӕстӕй кӕй бабын кодта, уыцы Содом ӕмӕ Гоморрӕ, Адма ӕмӕ Цевоимы сахартау.
Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъди, ӕмӕ сӕ ӕндӕр бӕстӕм фӕсырдта сӕ зӕххӕй, ныронг дӕр уым сты“.