Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 24:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дунедарӕг гӕныстон фӕкӕндзӕни зӕхх, ныззаууат ӕй кӕндзӕн — зӕхх аивдзӕни йӕ хуыз, йӕ цӕрджытӕ ныххӕлиу уыдзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 24:1
45 Iomraidhean Croise  

Йерусалим абардзынӕн, Самари цы ӕмвӕзбарӕн синагӕй барст ӕрцыд ӕмӕ Ахавы галуан цы уырдыгбарӕнӕй барст ӕрцыд, уыдонӕй. Къус куыд ныссӕрфынц ӕмӕ йӕ фӕдӕлгом кӕнынц, афтӕ Ӕз дӕр равдӕлон кӕндзынӕн ӕмӕ сфӕлдахдзынӕн Йерусалимы сахар.


Фӕлӕ ма Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, Дӕ цагъар Моисейӕн кӕй загътай, уыцы ныхас — гадзрахатӕй, дам, куы рацӕуат Мӕныл, уӕд уӕ Ӕз ныххӕлиу кӕндзынӕн адӕмты ’хсӕн; кӕд ӕмӕ Мӕм фӕстӕмӕ раздӕхат ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕ уӕ зӕрдыл дарат ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнат, уӕд та уӕ арвы кӕрӕттӕй дӕр иумӕ ӕрбамбырд кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ Ме ’взӕрст бынатмӕ ӕркӕндзынӕн, цӕмӕй дзы Мӕ ном ӕрцӕра.


Уый дӕтты хӕринаг цӕрӕгойтӕн ӕмӕ халоны ӕххормаг цъиутӕн.


Ӕрцӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Йӕ маст ӕххуырсгӕйӕ, пиллӕттӕ калгӕйӕ, ныууигъдзӕни арв, зӕхх фенкъуысын кӕндзӕн йӕ бынатӕй.


Дард бӕстӕй, арвы кӕронӕй, ӕрбацӕуынц Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ азар, цӕмӕй ӕгас зӕхх бабын кӕной.


Адӕм къӕдзӕхты скъуыдты ӕмӕ зӕххы рыджы бамбӕхсдзысты сӕхи, Дунедарӕджы тасӕй, Йӕ кады стырадмӕ кӕсгӕйӕ, Уый зӕххыл Йӕ азар куы ныххуырса, уӕд.


Зӕхх скъуыдтӕ кӕндзӕн, ӕнкъуысдзӕн ӕмӕ ӕмризӕджы риздзӕн.


Расыг лӕгау дзедзырой кӕндзӕн, ӕнкъуысдзӕни мӕнгӕфсон халагъудау. Йӕ фыдракӕндтӕ йыл сӕ уӕз куы ’руадзой, уӕд афӕлдӕхдзӕн ӕмӕ никуыуал схӕцдзӕн йӕхиуыл.


Бырухгӕд сахар баззайдзӕни дзӕгъӕлӕй, адӕм ныууадздзысты сӕ хӕдзӕрттӕ, сафтид уыдзысты ӕдзӕрӕг быдырау. Ривӕд дзы кӕндзысты родтӕ, зӕххыл хуысдзысты, къалиутӕ ’хсындзысты.


Куыд ӕнӕзонд стут! Дурынгӕнӕгӕн куыд ис ӕлыг схонӕн? Кӕнӕ исты дзаума йе скӕнӕгӕй куыд хъуамӕ зӕгъа, уый мӕ не скодта, зӕгъгӕ? Дурын дурынгӕнӕгӕй куыд хъуамӕ зӕгъа, уый мурдӕр ницы ’мбары, зӕгъгӕ?


Фӕлӕ Ӕз бауынгӕг кӕндзынӕн Ариелы; уый хъӕрздзӕни ӕмӕ дзыназдзӕни, нывондхӕссӕн Мын фестдзӕни!


Йӕ лӕдзӕджы алы цӕфимӕ дӕр айзӕлдзӕни далатӕ ӕмӕ хъисфӕндырты цагъд. Дунедарӕг Ассирийы ныхмӕ схӕцдзӕни Йӕхӕдӕг ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кӕндзӕни.


Фыр адӕргӕй хойут уӕ риутӕ! Кӕут рӕсугъд хуымтӕ ӕмӕ сӕнӕфсиры зад талайыл!


Зӕхх ныххус ис, хъӕрзы. Ливан уӕнтӕхъилӕй баруад, Шарон ӕдзӕрӕг фестад, Башан ӕмӕ Кармелы бӕлӕстӕн сӕ сыфтӕр азгъӕлд.


судздзӕн ӕппынӕдзух, бон дӕр ӕмӕ ӕхсӕв дӕр. Йӕ фӕздӕг калдзӕн ӕнусты, мыггагӕй-мыггагмӕ уыдзӕни ӕдзӕрӕг, лӕджы къах ыл никуыуал ауайдзӕн.


Дунедарӕджы маст ссыгъд ӕппӕт адӕмтӕм, ӕппӕт дзыллӕтӕм. Йӕ азары амӕттаг сӕ бакодта, мӕлӕты тӕрхон сын рахаста.


Сафтид кӕндзынӕн хӕхтӕ ӕмӕ уӕлвӕзтӕ, сӕ зайӕгхал сын бахус кӕндзынӕн, байсысын кӕндзынӕн цӕугӕдӕттӕ, басур кӕндзынӕн цадтӕ.


Ныззаууат уыдзӕни, налдӕр ӕй ӕхсӕдгӕ кӕндзысты, налдӕр ын йӕ зӕхмӕ зилдзысты. Каконтӕ ӕмӕ сындзыты бынӕй зынгӕ дӕр нал кӕндзӕни. Ӕз бардзырд ратдзынӕн мигътӕн, къӕвда йыл мауал ӕруадзут, зӕгъгӕ».


Домбай рацыди тар хъӕдӕй, адӕмты сафӕг араст ис балцы. Цӕмӕй дын дӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕна, уый тыххӕй йӕ цӕрӕнбынат ныууагъта. Дӕ сахартӕ дын ныззыгуым кӕндзӕн, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззайдзӕн.


Уӕд Кареахы фырт Йоханан Мицпайы Гедалиайӕн сусӕгӕй загъта: «Бар ратт, цӕмӕй ӕз ацӕуон ӕмӕ Нетаниайы фырт Измаелы амарон. Ничи йӕ базондзӕн. Цӕмӕн хъӕуы уый ӕруадзын, цӕмӕй дӕ амара ӕмӕ, дӕ алыварс цы иудейӕгтӕ ӕрӕмбырд сты, уыдон фӕстӕмӕ ныххӕлиу уой, стӕй, чи ма дзы аирвӕзт, уыдон дӕр фесӕфой?»


Израил у дзӕгъӕл фысты рӕгъау, домбӕйттӕ йӕ алырдӕмты фӕсырдтой. Раздӕр ӕй хордта Ассирийы паддзах, фӕлӕ йын ацы фӕстаг, Вавилоны паддзах Навуходоносор, йе стджытӕ дӕр бахсыдта.


Вавилоны паддзах Навуходоносор мӕ хордта ӕмӕ ӕхсыдта, афтид мигӕнӕн мӕ сарӕзта! Ныхъуырдта мӕ кӕфхъуындарау, бафсӕсти мӕ, йӕ гуыбын байдзаг кодта мӕнӕй, уый фӕстӕ мӕ фӕстӕмӕ скалдта.


Сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, уыцы адӕмты ’хсӕн сӕ ныххӕлиу кӕндзынӕн, цалынмӕ бынтондӕр сыскъуыйой, уӕдмӕ сӕ кардимӕ сурдзынӕн».


Адӕмарӕх сахартӕ ныггӕныстон уыдзысты, зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“».


Ды-иу афтид аг зынджытыл ныууадз, цӕмӕй ссырхзынг уа йе ’рхуы, атайа йӕ чъизи ӕмӕ ссӕуа йе згӕ.


Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Израилы зӕхх цинӕй куы райа, уӕд дӕу та ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн.


Ӕз дӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн, дӕ алыварс адӕмтӕ ӕмӕ, дӕ цурты чидӕриддӕр цӕуа, уыдон дын дӕ худинаг куыд уыной, афтӕ.


Сӕ иу ӕртыккаг хай сын арты басудз сахары астӕу, йе ’рхъулайы бонтӕ куы фӕуой, уӕд, иннӕ ӕртыккаг хай кардӕй ныллыгтӕ кӕн сахаргӕрӕтты, аннӕ ӕртыккаг хай та дымгӕмӕ ныддар. Ӕз та сӕм фӕсте ӕвзиддзынӕн кардӕй.


Ӕз Мӕ къух сисдзынӕн сӕ ныхмӕ ӕмӕ, кӕмдӕриддӕр цӕрынц, уымыты Ӕз ацы зӕхх федзӕрӕг кӕндзынӕн, хуссары ӕдзӕрӕг быдырӕй суанг Ривлайы онг. Ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“».


Кӕмдӕриддӕр цӕрат, уым уӕ сахартӕ уыдзысты гӕныстон, уӕ кувӕн къуыбыртӕ — афтид, уӕ нывондхӕссӕнтӕ — гӕныстон ӕмӕ пырх, уӕ гуымирытӕ — саст ӕмӕ сӕфт, уӕ будсудзӕн цӕджындзтӕ — къуырд, уӕ хъуыддӕгтӕн сӕ кой дӕр куыннӕуал баззайа, афтӕ.


Ӕрцыди афон, ралӕууыди бон! Ӕлхӕнгӕ чи бакодта, уыдон цин ма кӕнӕнт, уӕй чи акодта, уыдон та ма кӕуӕнт, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Мӕ азары хай бауыдзысты.


Сыкъауадындзӕй ныууасдзысты ӕмӕ, хӕстӕввонгӕй куы ӕрлӕууой, уӕд дӕр хӕстмӕ ничи рацӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Мӕ фыдӕхы хай фӕуыдзысты.


Хӕхтӕ нынкъуысынц, къуылдымтӕ ныззыр-зыр кӕнынц, зӕхх, ӕппӕт дуне ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ нырризынц Йӕ разы.


Сафтид ис, хӕлӕттаг фӕци, гӕныстонмӕ ’рцыди сахар. Адӕмӕн фыр тӕссӕй сӕ зӕрдӕтӕ фегуыппӕг вӕййынц, сӕ уӕрджытӕ сӕхи хойынц кӕрӕдзиуыл, сӕ буӕрттӕн сӕ дыз-дыз цӕуы, сӕ цӕсгӕмттӕ ныффӕлурс сты.


Кардылӕфтыд фӕуыдзысты ӕмӕ фӕцагъды уыдзысты, алы бӕстӕтӕм сӕ уацары фӕкӕндзысты. Муртаттӕгтӕ Йерусалимы сахар сӕ къӕхты бын ссӕнддзысты, цалынмӕ сӕ рӕстӕг фӕуа, уӕдмӕ.


Куынӕ сӕ ссардтой, уӕд Йасоны ӕмӕ ӕфсымӕртӕй цалдӕры лӕгдыхӕй акодтой сахары хицӕуттӕм. Уыдон хъӕр систой: «Ацы адӕм ӕгас дуне сызмӕстой, ныр та ардӕм ӕрбацыдысты.


Зӕххы цъары иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ уӕ ныххӕлиу кӕндзӕн Дунедарӕг дунейы ӕппӕт адӕмты ’хсӕн ӕмӕ, уӕхӕдӕг дӕр кӕмӕн ницы зонут ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн дӕр ӕнӕзонгӕ чи уыдысты, уыцы хуыцӕуттӕн — дуртӕ ӕмӕ бӕлӕстӕн — лӕггад кӕндзыстут.


Бӕргӕ сӕ ныццӕгъдин Ӕз, адӕмы ’хсӕн сӕ кой дӕр нал уаид,


Ныххӕлиу уӕ кӕндзӕн Дунедарӕг адӕмты ’хсӕн. Армыдзаг ма уыдзыстут, Дунедарӕг уӕ кӕдӕм фӕкӕна, уыцы адӕмты ’хсӕн.


Йаковӕй, Хуыцауы ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы цагъарӕй, — ӕцӕгӕлон адӕмты ’хсӕн цы дыууадӕс мыггаджы ныххӕлиу, уыдонмӕ. Фӕрнджын ут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan