Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 23:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Чи рахаста ахӕм уынаффӕ Тиры тыххӕй, паддзахы кады худтӕ-иу чи байуӕрста, йӕ базаргӕнджытӕ-иу барджын хицӕуттӕ кӕмӕн систы, йӕ сӕудӕджертӕ — номджын ӕлдӕрттӕ, уыцы сахары тыххӕй?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 23:8
11 Iomraidhean Croise  

Уый зӕгъы: «Паддзӕхтӕ иууылдӕр мӕ лӕггадгӕнджытӕ не сты, мыййаг?


Уый зон, ӕмӕ ме ’лдары ӕфсады хицӕуттӕн сӕ лӕмӕгъдӕрыл дӕр нӕ фӕуӕлахиз уыдзынӕ, Мысыры бӕхӕфсад куы ’рбакӕнай, уӕд дӕр.


Дӕ исбон дын ратӕлӕт кӕндзысты, байсдзысты дын дӕ базайрӕгтӕ, ракалдзысты дӕ систӕ, фехалдзысты дӕ рӕсугъд хӕдзӕрттӕ, дӕ дуртӕ, дӕ бӕлӕстӕ ӕмӕ дын дӕ сыджыт та денджызы ныккалдзысты.


Арвыл стъалытӕ уый бӕрц нӕй, дӕумӕ сӕудӕджертӕ цас ис, фӕлӕ сӕ базыртӕ айтындздзысты ӕмӕ мӕтыхтау атӕхдзысты.


Тир йӕхицӕн фидӕрттӕ сарӕзта, рыгау ӕм сбирӕ ис ӕвзист, цъыфау — сыгъзӕрин.


нал дын ссудздзысты дӕ рухсгӕнӕнтӕ, нал дӕ хъуысдзӕн усгур лӕппу ӕмӕ чындздзон чызджы хъӕлӕс. Дӕ сӕудӕджертӕ дунейы гуыппырсартӕ уыдысты, дӕ кӕлӕнтӕй ӕппӕт адӕмты асайдтай.


Уый тыххӕй йӕ иунӕг бонмӕ баййафдзысты рынтӕ, мӕлӕт, маст ӕмӕ стонг рӕстӕг, ӕмӕ арты басудздзӕн. Уымӕн ӕмӕ тыхджын у, тӕрхон ын Чи рахаста, уыцы Бардарӕг Хуыцау».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan