Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 23:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 «Райс дыууадӕстӕнон, сахарыл ӕрзил, рохуаты баззайӕг хъахбай! Дӕсны ӕрцӕгъд, зарӕг зарӕджы фӕдыл зар — чи зоны дӕ ӕрымысой!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 23:16
6 Iomraidhean Croise  

Ӕрцӕудзӕнис ахӕм рӕстӕг: ӕвдай азы дӕргъы (иу паддзахы царды ӕмгъуыд) Тирӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Фӕлӕ ӕвдай азы фӕстӕ Тиры хъысмӕт уыдзӕн, хӕтаг сылыл цы зарӕг ис, уыйау:


Ӕвдай азы фӕстӕ Дунедарӕг Тиры сахармӕ ӕркӕсдзӕн, ӕмӕ та сахар йӕ раздӕры ӕфтиаг исдзӕн, уымӕн ӕмӕ та дунейы ӕппӕт паддзахӕдтимӕ ногӕй ӕнӕуаг митыл бафтдзӕн.


Дӕ цӕдисонтӕ дӕ ферох кодтой, нал дӕ агурынц. Знаджы цӕфтӕ дыл ныккалдтон, бафхӕрдтон дӕ ӕгъатырӕй, уымӕн ӕмӕ дӕ фыдракӕндтӕ сбирӕ сты, дӕ тӕригъӕдтӕн нымӕц дӕр нӕй!


Ӕз дын дӕ зарджыты уынӕр бамынӕг кӕндзынӕн, нал хъуысдзӕни дӕ хъисфӕндырты цагъд дӕр.


О, хӕтаг сылгоймаг, рӕсугъд ӕмӕ дӕсны кӕлӕнгӕнӕг! Адӕмты ӕмӕ знӕмты ныууӕй кодтай дӕ хӕтын ӕмӕ дӕ кӕлӕнтӕй. Ӕз уый тыххӕй сыстадтӕн дӕ ныхмӕ, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, —


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan