10 Таршишы чызг, уӕрӕх цӕугӕдонау ныр дӕ ных фӕстӕмӕ дӕ хӕдзармӕ сараз, уымӕн ӕмӕ наулӕууӕн нал ис.
Уӕздӕтты сӕгад кӕны, хъаруджынты тых скадавар кӕны.
Пыхсбынтӕ ӕмӕ ӕфсиры хуымтӕ бахус уыдзысты Нилы былгӕрӕтты, дымгӕ сӕ ныххӕлиу кӕндзӕни, фӕхӕсдзӕни сӕ дард.
Дунедарӕг Стыр денджызмӕ Йӕ къух систа, денджызгӕрон паддзахӕдтӕ ныууыгъта, Ханааны фидӕрттӕ ныппырх кӕнын кодта.
Дзыназут, Таршишы наутӕ! Уӕ ныфсы мӕсыг ныппырх ис.
Ахӕм уынаффӕ рахаста Уӕларвӕфсады Бардарӕг! Уый фегад кодта сӕрбӕрзонд ӕмӕ цытуарзаг чи у, уыдоны, ӕрныллӕг кодта номджын ӕлдӕртты.
Сионы чызгӕн фесӕфти йӕ фидауц, йӕ уӕздӕттӕ сдзӕгъӕл сты сагтау, ӕмӕ сӕхицӕн хизӕнуат нӕ арынц; сӕ хъару басаст, фӕлӕ лидзынц. О, додой, баййӕфта сӕ цуанон!
Ныр дӕ сӕфты бон куы нынкъуысыдысты денджызгӕрон бӕстӕтӕ, ӕвирхъау тас сыл куы бахӕцыд дӕ сӕфты азармӕ кӕсгӕйӕ“».
паддзӕхтӕн сӕ паддзахы бадӕнтӕ дӕлӕмӕ раппардзынӕн, ӕцӕгӕлӕтты паддзахӕдтӕн сӕ хъару басӕтдзынӕн, хӕстон уӕрдӕттӕ ӕд хӕстонтӕ сфӕлдахдзынӕн, бӕхтӕ ӕмӕ сӕ барджытӕ цагъды фӕуыдзысты, кӕрдтӕ кӕрӕдзимӕ сисдзысты бӕхджынтӕ.
Лӕмӕгъ ма куы уыдыстӕм, уӕд нысангонд ӕмгъуыдыл Чырысти амард тӕригъӕдджынты сӕраппонд.
Саул ӕваст ӕрхауд ӕмӕ зӕххыл адӕргъ ис. Тынг фӕтарсти Самуелы ныхӕстӕй. Стӕй йӕм хъару дӕр нал уыди, уымӕн ӕмӕ уыцы бон ӕмӕ уыцы ӕхсӕв йӕ дзыхмӕ къӕбӕр не схаста.