7 Дӕ хуыздӕр дӕлвӕзтӕ байдзаг сты тохуӕрдӕттӕй, фыдгулы бӕхӕфсад сахары кулдуары раз ӕрлӕууыд.
Еламаг хӕстонтӕ ӕрбабырсынц ӕд сагъадахътӕ, ӕд тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ ӕд бӕхӕфсад. Киры хӕстонтӕ дӕр сӕ уартытӕ исынц сӕ агъудтӕй.
Иудей ӕнӕхай фӕци йӕ фидӕрттӕй. Уыцы бон ма сымах уӕ ныфс дардтат, Ливайнаг хъӕдӕй фӕлыст галуаны уын цы хотыхтӕ ӕфснайд уыди, уыдоныл.
Ардӕм кӕуылты ӕрбацыд, ууылты аздӕхдзӕни фӕстӕмӕ. Нӕ йын бантысдзӕн ацы сахармӕ бабырсын. Уый зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг!
Ӕз цӕгаты паддзахӕдты адӕмтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр фӕсиддзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — уыдон ӕрбацӕудзысты ӕмӕ сӕ паддзахы къӕлӕтджынтӕ Йерусалимы кулдуары цур, йӕ систы раз ӕмӕ Иудейы алы сахары дӕр ӕрӕвӕрдзысты.
Стӕй йыл ӕрхъула кӕн, йӕ ныхмӕ йын хӕцӕн мӕсыг сараз, сыджытбыру самай, хӕстон асадӕн скӕн йӕ ныхмӕ ӕмӕ йын йӕ алыварс сисфӕлдахӕн сармадзантӕ ӕрӕвӕр.
Уый фӕстӕ райс алгъац ӕмӕ йӕ ӕфсӕн сисау дӕхицӕй дӕ сахары астӕу ӕрӕвӕр, стӕй де ’ргом хӕстӕввонгӕй сахарырдӕм сараз ӕмӕ йыл ӕрхъула кӕн. Уый Израилы адӕмӕн уыдзӕни нысан.