6 Еламаг хӕстонтӕ ӕрбабырсынц ӕд сагъадахътӕ, ӕд тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ ӕд бӕхӕфсад. Киры хӕстонтӕ дӕр сӕ уартытӕ исынц сӕ агъудтӕй.
Симы байзӕддӕгтӕ: Елам, Ассир, Арфахсад, Луд, Арам. Алкӕмӕй дӕр дзы равзӕрди хицӕн адӕмыхатт — йӕхи ӕвзаг ӕмӕ йӕхи зӕххы хайыл цӕрӕг знӕмтимӕ.
Ассирийы паддзах сразы ис йӕ курдиатыл. Дамаскмӕ бабырста ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты Киры сахармӕ акодта, Рецины та амардта.
Уыцы заман куы ралӕууа, уӕд Дунедарӕг ногӕй Йӕ къух ӕрдардзӕн ӕмӕ ссӕрибар кӕндзӕн, Йӕ адӕмӕй ма чи баззайа, уыдоны. Фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзӕн, Йӕ адӕмӕй ма Ассири, Мысыр, Патрос, Куш, Елам, Шинар ӕмӕ Хаматы бӕстӕты, стӕй денджызгӕрон сахарты удӕгасӕй чи баззайа, уыдоны.
Рагуац Моавы тыххӕй. Куыд сафтид ис Ар-Моав — дӕрӕнгонд ӕрцыди иу ӕхсӕвмӕ! Куыд сафтид ис Кир-Моав, бацарӕфтыд иу ӕхсӕвмӕ!
Хуыцау мын фенын кодта тасуадзӕг цӕстылуайӕн: «Уӕйгӕнӕг гадзрахатӕй цӕуы, гӕныстонгӕнӕг стигъы. Бабырсут, еламӕгтӕ! Мидиӕгтӕ, ӕрхъула кӕнут! Ӕз кӕрон скӕндзынӕн адӕмты хъӕрзынӕн».
Дӕ хуыздӕр дӕлвӕзтӕ байдзаг сты тохуӕрдӕттӕй, фыдгулы бӕхӕфсад сахары кулдуары раз ӕрлӕууыд.
Дамаскы кулдуӕрттӕн се ’вдузӕнтӕ ныссӕтдзынӕн. Авены дӕлвӕзы паддзахы бадӕны чи рабадт, уый дӕр, стӕй Бет-Едены паддзахы дӕр фесафдзынӕн. Арамейӕгты Кирмӕ уацары акӕндзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.
Израилӕгтӕ, сымах Мын эфиопӕгтӕй уӕлдай не стут, — зӕгъы Дунедарӕг. — Ӕз израилӕгты ракодтон Мысырӕй, филистимӕгты — Кафторӕй, арамейӕгты — Кирӕй.