16 ам, зӕгъ, цы агурыс, чи дын, зӕгъ, радта уыцы бар, ӕмӕ ам, уӕлвӕзы, къӕдзӕхыл, дӕхицӕн скӕнай зӕппадз, айнӕджы хуылфы — хӕдзар?
„Мӕ фыд мын ард бахӕрын кодта — афтӕ мын бафӕдзӕхста, куы амӕлон, уӕд-иу мӕ, Ханааны зӕххыл мӕхицӕн цы зӕппадз скодтон, уым бавӕр, зӕгъгӕ. Гъемӕ мын бар ратт, цӕмӕй ацӕуон ӕмӕ мӕ фыды бавӕрон. Уый фӕстӕ ӕрбаздӕхдзынӕн“».
Авессалом йӕ удӕгасӕй Паддзахы дӕлвӕзы йӕхицӕн цырт ныссагъта, уымӕн ӕмӕ афтӕ загъта: «Мӕнӕн фырт нӕй, ӕмӕ мӕ ном уӕлӕуыл нӕ баззайдзӕн». Цырт йӕхи номӕй рахуыдта, ӕмӕ абон дӕр хуыйны Авессаломы цырт.
Йӕхицӕн Давиды сахары цы зӕппадз ӕрцӕттӕ кодта, уым ӕй бавӕрдтой. Йӕ хуыссӕнуат ын алыхуызон хӕрздӕфгӕнӕнтӕй байдзаг кодтой. Йӕ ныгӕнӕн бон ын йӕ номыл басыгътой тынг бирӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ.
ныр сӕ арӕзтытӕ хӕлддзаг кӕмӕн сты, кӕддӕры уыцы паддзӕхтӕ ӕмӕ сӕ уынаффӕгӕнджытимӕ;
Алы адӕмты паддзӕхтӕ кад ӕмӕ цытимӕ хуыссынц, алчи — йӕхи зӕппадзы.
Дӕу та ингӕны нӕ бавӕрдтой, аппӕрстой дӕ хус къалиуау. Мӕрдты ’хсӕн, карды амӕттаг чи баци, уыдоны астӕу хуыссыс; дурастӕрд ингӕны дӕ ныппӕрстой, сӕ къӕхтӕй дын дӕ мард ссӕндынц адӕм.
Дунедарӕг дӕ ардыгӕй фехсдзӕн, богал, алырдыгӕй дӕ ӕрбалвасдзӕн,
Ӕмӕ Мын цы кӕнгӕ у ныр? Мӕ адӕмы Мын акодтой лӕвар, сӕ хицӕуттӕ дзыназынц, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Мын ӕппынӕдзух, ӕрвылбон фауынц Мӕ ном.
Сыстут ӕмӕ цӕугӕут, уымӕн ӕмӕ ацы бӕстӕйы ӕнцойдзинад нал уыдзӕн. Йе ’нӕхуыцау миты тыххӕй йӕ ӕгъатырӕй ныххӕлӕттаг кӕндзысты.
ӕмӕ йӕ бавӕрдта, къӕдзӕхы кӕй скъахта, уыцы ног зӕппадзы. Бахизӕныл бафӕлдӕхта стыр дур ӕмӕ ацыди.