4 Тас бацыди мӕ зӕрдӕйы, ӕмризӕджы ризын. Изӕрмилтӕм-иу зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кастӕн, ныр мыл уыдон дӕр стыр тас ӕфтауынц.
Уыдӕттӕ фехъусгӕйӕ, Адониайы уазджытӕ фыр тӕссӕй сӕ бынӕттӕй фӕгӕппытӕ ластой ӕмӕ алырдӕмты фӕлыгъдысты.
«Суанг ма ӕхсин-паддзах Естер дӕр, — дзырдта Аман, — йӕ фынгмӕ мӕн йеддӕмӕ никӕй фӕхуыдта. Райсом дӕр та йӕм паддзахимӕ хуынд дӕн.
Кӕй дзырдӕй ӕппӕлын, уыцы Хуыцау мӕ ныфс у, ӕмӕ нӕ тӕрсын: цы мын ракӕндзӕн адӕймаг?
Ӕрвылбон мын уыдон фауынц мӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ мӕ ныхӕстӕ, цы фыд мын ракӕной, ууыл сты сӕ хъуыдытӕ.
О зӕрдӕ, зӕрдӕ! Фырвӕллад баци зӕрдӕ фыр рыстӕй, фӕйнӕрдӕм тоны, нал зонын ӕнцой — сыкъауадындзты уасын ӕмӕ тохы хъӕртӕ хъусын.
Куы сызнӕт уой, уӕд сын Ӕз нозт ратдзынӕн, ныррасыг сӕ кӕндзынӕн, цӕмӕй схъӕлдзӕг уой ӕмӕ уый фӕстӕ ӕнусон фынӕй бауой, макуыуал райхъал уой, — зӕгъы Дунедарӕг. —
«Ӕз ын йӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ йӕ куырыхонты, бӕстӕйы зылдты ӕмӕ сахарты хицӕутты, стӕй йӕ хӕстонты ныррасыг кӕндзынӕн, ӕнусон фынӕй бауыдзысты ӕмӕ никуыуал райхъал уыдзысты, — зӕгъы Паддзах, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг».
Паддзах Балтасар, йӕ дӕлбар цы мин ӕлдары уыди, уыдонӕн стыр куывд сарӕзта ӕмӕ семӕ сӕн нуӕзта.
Раст уыцы ӕхсӕв халдейӕгты паддзах Балтасары амардӕуыд,
Уыцы рӕстӕг кӕцӕйдӕр фӕзындысты адӕймаджы къухы ӕнгуылдзтӕ ӕмӕ паддзахы галуаны чъырӕйцагъд къулыл, цырагъдарӕны бакомкоммӕ, фыссын райдыдтой. Балтасар уый куы федта,
Какон сындзытау сыздыхстысты кӕрӕдзиуыл, ныррасыг сты сӕнӕй, хус хъӕмпау басудздзысты!
Боныгон ӕхсӕвмӕ бӕлдзынӕ, ӕхсӕвыгон та — бонмӕ, дӕ зӕрдӕйы цы тас уа ӕмӕ дӕ цӕстӕй цы уынай, уый адӕргӕй.
Цӕргӕс йӕ ахстон куыд хъахъхъӕна, йӕ лӕппынты сӕрмӕ куыд зилдух кӕна, афтӕ йӕ базыртӕ айтыгъта ӕмӕ сӕ фелвӕста ӕмӕ ахаста.