Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 21:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Дунедарӕг мын загъта: «Афӕдзы фӕстӕ — нӕдӕр бон раздӕр, нӕдӕр бон фӕстӕдӕр — Кедары кадӕй ницыуал баззайдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 21:16
11 Iomraidhean Croise  

Измаелы фырттӕ — хистӕрӕй кӕстӕрмӕ: Невайот, йӕ зӕнӕджы хистӕр, уый дӕле — Кедар, Адбеел, Мивсам,


Измаелы хистӕр зӕнӕг — Невайот, уый дӕле — Кедар, Адбеел, Мивсам,


Адӕймагӕн нывгонд у цагъары уӕззау куыст цӕрӕнбонты.


Дӕуыл ауды Дунедарӕг, Йӕ дӕлбазыр дӕ бакӕндзӕн, Уый лӕууы дӕ рахизфарс.


О, сау дӕн, уымӕ ма кӕсут — мӕ буар хурмӕ басыгъди. Ме ’фсымӕртӕ мӕм смӕсты сты: сӕ сӕндӕттӕм мын бафӕдзӕхстой зилын — мӕхи сӕндон нӕ бахъахъхъӕдтон!


Ныр та зӕгъы: «Ӕртӕ азы фӕстӕ — нӕдӕр бон раздӕр, нӕдӕр бон фӕстӕдӕр — кадджын Моавыл худинаджы гакк сбаддзӕн. Йӕ бирӕ дзыллӕйӕ ма армыдзаг баззайдзӕн ӕрмӕст».


Зарӕнт Ын ӕдзӕрӕг быдыры сахартӕ, Кедары байзӕддаджы хъӕутӕ, хӕхбӕсты адӕм хӕхты цъуппытӕй!


Ӕрбатӕрдзысты дӕм Кедары бӕстӕй лыстӕг фос, дӕу уыдзысты Невайоты фырытӕ. Мӕ зӕрдӕмӕ сӕ чи фӕцӕуа, уыдоны Мын ӕвӕрдзыстут Мӕ нывондхӕссӕныл, ӕмӕ Ӕз Мӕ Кувӕндон скадджын кӕндзынӕн.


Ацӕут-ма киттимӕгты сакъадӕхтӕм ӕмӕ фенут, басгарут-ма Кедары зӕхх ӕмӕ базонут, цымӕ ацы зӕххыл цы хъуыддӕгтӕ цӕуы, ахӕмтӕ искуы ’рцыди?


Дунедарӕг Кедар ӕмӕ Хацоры паддзахӕдты, Вавилоны паддзах Навуходоносор кӕй басаста, уыдоны тыххӕй афтӕ зӕгъы: — Сыстут ӕмӕ Кедары ныхмӕ схӕцут, ныгуылӕйнаг адӕмы сафтид кӕнут!


Демӕ сӕудӕджер кодтой Арави ӕмӕ Кедары ӕппӕт ӕлдӕрттӕ. Уӕй дын кодтой уӕрыччытӕ, фырытӕ ӕмӕ цӕутӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan