13 Рагуац Аравийы тыххӕй. Аравийы хъӕдты бахсӕвиуат кӕнут, деданӕгты чырӕтӕ!
Кушы фырттӕ: Сева, Хавила, Савта, Раама, Савтеха. Раамайы фырттӕ: Сава ӕмӕ Дедан.
Йокшанӕн райгуырдысты Сава ӕмӕ Дедан. Деданы байзӕддӕгтӕ: ассириӕгтӕ, летушӕгтӕ ӕмӕ леумӕгтӕ.
Уымӕй уӕлдай ма йӕм сыгъзӕрин хӕццӕ кодта йӕ базаргӕнджытӕ ӕмӕ йӕ сӕудӕджерты куыстӕй, стӕй йӕ бӕстыхицӕуттӕй ӕмӕ Аравийы паддзӕхтӕй дӕр.
Авраамӕн йӕ номылус Кетурайӕ рацыди фырттӕ: Зимран, Йокшан, Медан, Мидиан, Ишбак, Шуах. Йокшаны фырттӕ: Сава ӕмӕ Дедан.
Рагуац Вавилоны тыххӕй, Амоцы фырт Исайайӕн Дунедарӕг рагагъоммӕ кӕй раргом кодта, уый.
Никуыуал дзы ничи ӕрцӕрдзӕн, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ дзы нал уыдзӕн цӕрӕг. Араббаг дзы нӕ айтындздзӕни йӕ цатыр, фыййӕуттӕ дзы сӕ фосимӕ асадӕн не скӕндзысты ривӕдафон.
Хъалагъур сын дзуапп дӕтты: «Сӕумӕрайсом у, фӕлӕ ӕхсӕв нӕма фӕци. Кӕд ма уӕ ноджы бафӕрсын фӕнды, уӕд-иу ӕрбацӕут ногӕй ӕмӕ фӕрсгӕ кӕнут».
Деданы цӕрджытӕ, фӕстӕмӕ мауал кӕсут, лидзгӕут ӕмӕ лӕгӕтты бамбӕхсут. Уымӕн ӕмӕ Ӕз Исавӕн фыдбылыз бавзарын кӕндзынӕн, йӕ тӕрхоны рӕстӕг ӕрцыд, ӕмӕ йӕ бафхӕрдзынӕн.
Демӕ базар кодтой Деданы сӕудӕджертӕ дӕр, стӕй денджызгӕрон сахартӕй бирӕтӕ. Ӕрбаластой-иу дын пылыстӕг ӕмӕ сау хъӕдӕрмӕг.
Агар амоны Синайы хох Аравийы — фӕсномыгӕй уый у абоны Йерусалим, уымӕн ӕмӕ йӕ хъӕбултимӕ цагъарады ис.