Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 21:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Хъалагъур сын дзуапп дӕтты: «Сӕумӕрайсом у, фӕлӕ ӕхсӕв нӕма фӕци. Кӕд ма уӕ ноджы бафӕрсын фӕнды, уӕд-иу ӕрбацӕут ногӕй ӕмӕ фӕрсгӕ кӕнут».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 21:12
16 Iomraidhean Croise  

Изӕрӕй сыл фыд азар бафтдзӕн, ӕмӕ сӕ райсоммӕ иу дӕр нал баззайдзӕн. Ахӕм хъысмӕт кӕсы не стигъджытӕм, ахӕм амонд — царӕфтыд нӕ чи кодта, уыдонмӕ.


Рагуац Думайы тыххӕй. Сеирӕй мӕм хъӕр кӕнынц: «Хъалагъур! Ӕхсӕвӕй ма цас ис? Ӕхсӕвӕй ма цас ис?»


Рагуац Аравийы тыххӕй. Аравийы хъӕдты бахсӕвиуат кӕнут, деданӕгты чырӕтӕ!


Ӕнаккаг йӕ хъуыддӕгтӕ ныууадзӕд, хӕлд — йӕ фӕндтӕ. Раздӕхӕнт Дунедарӕгмӕ — ныббардзӕн сын, раздӕхӕнт нӕ Хуыцаумӕ — бирӕбараг у Уый.


Йӕ галты йын иууылдӕр амарут, сӕргӕвдут сӕ! Додойаг фесты! Сӕ азары бон, сӕ тӕрхоны рӕстӕг ралӕууыд!


Зӕгъ сын: „Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — Мӕн нӕ фӕнды, цӕмӕй тӕригъӕдджын амӕла, уый. Мӕн фӕнды, цӕмӕй йӕ фыдвӕндӕгтӕ ныууадза ӕмӕ цӕра. Раздӕхут, уе ’наккаг митӕ ныууадзут! Израилы адӕм, уӕхи цӕмӕн сафут?“


Мӕнӕ ӕрхӕццӕ ис уыцы бон! Ралӕууыд, ӕрцыди уе сӕфт! Тыхгӕнӕджы лӕдзӕг къуыбар ӕфтауы, схъӕлдзинад та дидинӕг калы.


Ӕрцыди афон, ралӕууыди бон! Ӕлхӕнгӕ чи бакодта, уыдон цин ма кӕнӕнт, уӕй чи акодта, уыдон та ма кӕуӕнт, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Мӕ азары хай бауыдзысты.


Авадиайы цӕстылуайӕн. Дунедарӕг Хуыцау Едомы тыххӕй зӕгъы, Дунедарӕгӕй фехъуыстам уац, адӕмтӕм рарвыстӕуыд фӕдисоны: «Сыстут, ӕмӕ Едомы ныхмӕ схӕцӕм!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan