Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 21:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Рагуац Думайы тыххӕй. Сеирӕй мӕм хъӕр кӕнынц: «Хъалагъур! Ӕхсӕвӕй ма цас ис? Ӕхсӕвӕй ма цас ис?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 21:11
24 Iomraidhean Croise  

Мишма, Дума, Масса,


Йаков йӕ разӕй йе ’фсымӕр Исавмӕ арвыста минӕвӕрттӕ Сеиры зӕхмӕ, Едомы бӕстӕм.


Бафӕдзӕхста сын: «Ме ’лдар Исавӕн-иу зӕгъут, дӕ цагъар Йаков афтӕ зӕгъы: „Ӕз ныронг цардтӕн ӕцӕгӕлон зӕххыл, Лаванмӕ.


Мишма, Дума, Масса, Хадад, Тема,


Фыдбылызты фӕндагыл куы ацӕуон, уӕд мӕ Ды бахиздзынӕ мӕлӕтӕй, мӕ фыдызнӕгты мын ӕрсабыр кӕндзынӕ, Дӕ арм мыл дардзынӕ.


Хъахъхъӕнджытыл амбӕлдтӕн — уыдон зылдысты сахарыл, фарстон сӕ: «Нӕ мын федтат мӕ уарзоны?»


Хъалагъур сын дзуапп дӕтты: «Сӕумӕрайсом у, фӕлӕ ӕхсӕв нӕма фӕци. Кӕд ма уӕ ноджы бафӕрсын фӕнды, уӕд-иу ӕрбацӕут ногӕй ӕмӕ фӕрсгӕ кӕнут».


Дунедарӕг мын бафӕдзӕхста: «Цӕугӕ ӕмӕ хъалагъур сӕвӕр — цы уына, уый-иу хъусын кӕнӕд.


Уый фӕстӕ йӕм паддзах Цедекиа арвыста, ӕмӕ йӕ галуанмӕ ӕрбакодтой. Паддзах ӕй сусӕгӕй бафарста: «Дунедарӕг дын ницы загъта, мыййаг?» Йеремиа йын дзуапп радта: «Загъта: вавилойнаг паддзахы къухмӕ бахаудзынӕ».


Ӕз сын сӕ сӕргъы хъахъхъӕнджыты сӕвӕрдтон ӕмӕ загътон: „Сыкъауадындзы уасынмӕ хъусут!“ Фӕлӕ уыдон дзуапп радтой: „Нӕ хъусдзыстӕм“.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: „Едомӕгтӕ иудейӕгтӕй сӕ маст ӕгӕр ӕгъатырӕй кӕй истой, уымӕй стыр тӕригъӕд сарӕзтой.


Адӕймаджы фырт! Ӕз дӕ Израилы адӕмӕн сӕвӕрдтон хъахъхъӕнӕгӕй, ӕмӕ ды хъусдзынӕ Мӕ ныхас ӕмӕ сӕ рагацау фӕдзӕхсдзынӕ Мӕ номӕй.


Мысыры зӕхх ӕмӕ Едом ӕдзӕрӕг быдыртӕ фестдзысты, уымӕн ӕмӕ уыдон Иудӕйы цӕрджыты хъизӕмарӕй мардтой, сӕ зӕххыл сын ӕнаххос адӕмы туг фӕкалдтой.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Газӕйы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ, уацары кӕй райстой, уыдоны се ’ппӕты дӕр едомӕгты къухтӕм радтой.


Саст ӕрцӕудзӕн Едом, знаджы къухмӕ бахаудзӕн Сеир, Израил та йӕ хъару равдисдзӕн.


семӕ схӕцынӕй, уымӕн ӕмӕ уын сӕ зӕххӕй уылынджы йас дӕр нӕ ратдзынӕн — Сеиры хӕхбӕстӕ Ӕз схай кодтон Исавӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan