Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 20:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Денджызгӕрон бӕстӕты адӕмтӕ дзурдзысты: «Мӕнӕ цы ’рцыди, нӕ зӕрдӕ кӕуыл дардтам, уыдоныл, ӕххуысагур кӕмӕ цыдыстӕм, Ассирийы паддзахӕй нӕ фервӕзын кӕнут, зӕгъгӕ! Куыд ма фервӕздзыстӕм ныр?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 20:6
16 Iomraidhean Croise  

Ӕназым чи нӕу, уый дӕр фервӕзын кӕндзӕн, дӕ сыгъдӕджы хатырӕй фервӕздзӕн».


сӕ зӕрдӕдарӕн мӕнг разындзӕн, фыдӕнхъӕл фӕуыдзысты, хуыскъ ададжы цурмӕ куы бахӕццӕ уой, уӕд.


Тӕрхоны бон куы ралӕууа, дардӕй уӕм фыдбылыз куы фӕзына, уӕд чердӕм цы кӕндзыстут, ӕххуысагур кӕмӕ лидздзыстут? Кӕм бафснайдзыстут уӕ бирӕ исбон?


Уым Мӕ раст тӕрхон ӕрӕвӕрдзынӕн барӕн синагау, Мӕ рӕстдзинад та — ауыгъд здыйау». Уе ’мбӕхсӕн — мӕнгдзинад, фӕлӕ йӕ ихуард ныххафдзӕн, доны бын фӕуыдзӕн.


Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта:


О, додой! Ахӕм ӕвирхъау бон никуыма ӕрцыд! Йаковӕн йӕ фыдбылызы рӕстӕг ӕрхӕццӕ кӕны, фӕлӕ фервӕздзӕн.


«Уыцы заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй алкӕмӕн дӕр суыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та — Мӕ адӕм».


О, удхарӕй кӕй амардтой, уыцы зӕхх! Цы кӕндзынӕ ды та? Дӕхи-иу сӕнт сырх ӕмӕ сыгъзӕрин дарӕстӕй сфӕлыстай, сахуырстай-иу дӕ цӕстытӕ. О, дзӕгъӕлы-иу сфӕлыстай дӕхи! Дӕ хӕзгултӕ дыл ӕлгъ кӕнынц, дӕ мӕлӕтмӕ бӕллынц».


Филистимӕгтӕн се сӕфты бон ӕрцӕудзӕн, Тир ӕмӕ Сидоны фӕстаг цӕдисонтӕ бабын уыдзысты. Дунедарӕг ныццӕгъддзӕн филистимӕгты, Кафторы цӕрджытӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны.


Кӕлмытӕ ӕмӕ калмы цот! Тӕрхон ӕмӕ зындонӕй куыд фервӕзынмӕ хъавут?


Уымӕн ӕмӕ адӕм афтӕ куы дзурой: «Алырдыгӕй — сабырад ӕмӕ ӕдасдзинад», уӕд, ӕнхъӕлцау сылгоймагӕн арынафон йӕ тухӕнтӕ куыд ралӕууынц, афтӕ ӕваст сӕ адзал ӕрцӕудзӕн ӕмӕ сын фервӕзыны амал нӕ уыдзӕн.


уӕд мах куыд баззайдзыстӕм ӕнӕфхӕрдӕй, уыцы стыр ирвӕзындзинад куы ницӕмӕ дарӕм, уӕд? Ирвӕзындзинады кой фыццаг Дунедарӕгӕй рацыди, уый фӕстӕ та, Уымӕй йӕ чи фехъуыста, уыдон ӕй махӕн бӕлвырд радзырдтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan