Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 20:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Уӕд зӕрдӕсаст фӕуыдзысты, Эфиопийыл йӕ зӕрдӕ чи дардта ӕмӕ Мысыры хъомыс бӕрзонд ӕвӕрд кӕмӕ уыд, уыцы адӕмтӕ, ӕмӕ сӕ худинаджы хъӕр айхъуысдзӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 20:5
17 Iomraidhean Croise  

Дӕ зӕрдӕ Мысырыл дарыс, хъӕзы цъӕл зӕнгыл, йӕ къухӕй йыл чи ӕрӕнцой кӕна, уымӕн йӕ къухы чи сныхсдзӕн, ууыл. Ахӕм у фараон, Мысыры паддзах, ныфсджын дзы чидӕриддӕр у, уыдонӕн.


Уӕ зӕрдӕ ма дарут адӕймагыл, йӕ уд йӕ улӕфӕнты кӕмӕн ис, ууыл. Ау, уымӕн исты у йӕ бон?


Фӕлӕ фӕхудинаг уыдзысты ахӕм сӕрылхӕцӕгимӕ, сӕгад уыдзысты Мысыры базыры бын.


Фӕлӕ фӕхудинаг уыдзысты се ’ппӕт дӕр, уымӕн ӕмӕ уыцы бӕстӕйы адӕмӕй нӕдӕр ӕххуыс фендзысты, нӕдӕр — пайда; ӕрмӕст фӕхудинаг ӕмӕ фӕфидиссаг уыдзысты».


Мысырмӕ бынтон дзӕгъӕлы у сӕ каст, ницы дзы рауайдзӕн ӕппындӕр. Уымӕ гӕсгӕ Ӕз Мысыры схуыдтон ӕнӕзмӕлгӕ Рахав.


Додой сӕ къона, Мысырмӕ ӕххуысагур чи цӕуы, се ’нӕнымӕц тохуӕрдӕттыл, сӕ тыхджын бӕхӕфсадыл йӕ зӕрдӕ чи дары, Израилы Уаз Хуыцаумӕ та йе ’ргом чи не здахы, Дунедарӕджы уынаффӕ чи нӕ агуры, уыдонӕн!


Дӕ зӕрдӕ Мысырыл, йӕ къухӕй йыл чи ӕрӕнцой кӕна, уымӕн йӕ къухы чи сныхсдзӕн, уыцы хъӕзы цъӕл зӕнгыл дарыс. Уыйау у фараон, Мысыры паддзах, ныфсджын дзы чидӕриддӕр у, уыдонӕн.


Уый зон, ӕмӕ ме ’лдары ӕфсады хицӕуттӕн сӕ лӕмӕгъдӕрыл дӕр нӕ фӕуӕлахиз уыдзынӕ, Мысыры бӕхӕфсад куы ’рбакӕнай, уӕд дӕр.


Санхерибмӕ фӕхабар чындӕуыд, Эфиопийы паддзах Тирхака йӕ ныхмӕ хӕцынмӕ рацыди, зӕгъгӕ. Иудейаг паддзах уый куы фехъуыста, уӕд иудейаг паддзах Езекиамӕ минӕвӕрттӕ арвыста,


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Адӕймагыл йӕ зӕрдӕ чи дары, ныфсджын дзы чи у ӕмӕ йӕ зӕрдӕ Дунедарӕгӕй дард кӕмӕн у, уый ӕлгъыст у.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Ӕз бафхӕрдзынӕн Нойы цӕрӕг Амоны, стӕй фараоны, Мысыры зӕхх ӕгасӕй дӕр, йӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ йӕ хуыцӕутты, фараоныл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдоны се ’ппӕты дӕр.


Уӕдӕй фӕстӕмӕ сӕ бон нал бауыдзӕн Израилы адӕмӕн мӕнг ныфсытӕ ӕвӕрын. Мӕ адӕм нал фӕрӕдидзысты ӕмӕ сыл нал баууӕнддзысты, цӕмӕй мауал фӕазымджын уой, ӕмӕ уӕд мысырӕгтӕ базондзысты, Ӕз Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн, уый“».


Эфиопийы цӕрджытӕ ӕмӕ мысырӕгты ӕнӕнымӕц ӕфсӕдтӕ йӕм ӕххуысмӕ цыдысты, Пут ӕмӕ Ливийы цӕрджытӕ уыдысты йӕ цӕдисонтӕ.


Эфиопӕгтӕ, сымах дӕр Мӕ карды амӕттаг бауыдзыстут!


Уӕдӕ адӕймаджы ма стаут, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр сымах у:


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan